Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ӕнӕрхӕцгӕ ныхас
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
    • 4 УРОК

      Ӕнӕрхӕцгӕ ныхас

      Цы бакӕнын дӕ хъӕуы?

      Дзырдтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ фӕд-фӕдыл ӕнӕрхӕцгӕйӕ кӕсын ӕмӕ дзурын, ныхасы мидӕг ӕрхӕц-схӕц куыд нӕ кӕнай кӕнӕ ӕгӕр сындӕг куыд нӕ дзурай. Ӕнӕрхӕцгӕ ныхас уый у, ӕмӕ-иу дзырдтыл куы нӕ фӕкӕлай, стӕй уӕд амцӕф-умцӕф ныхас куы нӕ кӕнай.

      Цӕмӕн хъӕуы?

      Ныхасы рацӕуӕг къуыхцытӕгӕнгӕ куы фӕдзуры, уӕд адӕмӕн сӕ хъуыдытӕ вӕййынц ӕндӕр кӕмдӕрты, йӕ ныхӕстӕ йын раст нӕ фембарынц, йӕ ныхасы уӕз нӕ вӕййы.

      ХЪӔРӔЙ куы фӕкӕсыс, уӕд арӕх ферхӕцыс? Кӕнӕ ныхасы куы рацӕуыс, уӕд афтӕ вӕййы, ӕмӕ, цы зӕгъай, уый нал фӕзоныс, дӕ ныхас ныссуйтӕ вӕййы? Кӕд о, уӕд дӕ кусын хъӕуы ӕнӕрхӕцгӕйӕ дзурыныл. Йӕ ныхас ӕнӕрхӕцгӕ кӕмӕн у, уый кӕсгӕ дӕр ӕмӕ дзургӕ дӕр афтӕ фӕкӕны, ӕмӕ дзырдтӕ, хъуыдытӕ кӕрӕдзийы фӕдыл донау фӕуайынц. Ӕцӕг уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ адӕймаг гӕркъӕраг феста, кӕнӕ цы дзуры, ууыл хъуыды дӕр ма кӕна. Нӕ, ахӕм адӕймагӕн йӕ ныхас вӕййы зӕрдӕмӕдзӕугӕ, лӕг ӕм хъусынӕй нӕ фефсӕды. Ӕнӕрхӕцгӕйӕ дзурын — ацы хъуыддаг Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы сӕрмагонд ныхасаг у.

      Адӕймаг къуыхцытӕгӕнгӕ кӕй фӕдзуры, уымӕн алыхуызон аххосӕгтӕ ис. Чи зоны дӕ дӕ хъус лӕмбынӕгдӕр ӕрдарын хъӕуы, дӕлдӕр цы аххосӕгты кой цӕуы, уыдонӕй искӕцымӕ. 1. Адӕймаг ферхӕцы, иннӕтӕн кӕсгӕйӕ ӕнӕзонгӕ дзырдтыл куы фембӕлы, уӕд. 2. Ӕгӕр арӕх кӕй ӕрлӕууы, уымӕ гӕсгӕ ӕрхӕц-схӕц фӕкӕны. 3. Ныхасыл фӕзыны, дзӕбӕх цӕттӕ куы нӕ вӕййы, уӕд уый дӕр. 4. Раныхасы мидӕг хъуыдытӕ кӕрӕдзийы фӕдыл раст ӕвӕрд нӕ вӕййынц. 5. Адӕймагӕн йӕ дзырдты «къӕбиц» хъӕздыг куы нӕ вӕййы, уӕд арӕх нӕ фӕзоны, цы зӕгъа, цавӕр дзырдтӕй спайда кӕна, уый. 6. Ныхас ма гуырымыхъхъ рауайы уый аххосӕй дӕр, ӕмӕ адӕймаджы ӕгӕр бирӕ дзырдтӕ фӕфӕнды тыхджындӕр хъӕлӕсӕй зӕгъын. 7. Ныхас ма рӕсугъд нӕ вӕййы, адӕймаг ӕвзаджы арӕзт, ӕвзаджы ӕгъдӕуттӕ дзӕбӕх кӕй нӕ фӕзоны, уый фыдӕй дӕр.

      Къуыхцытӕгӕнгӕ куы дзурай, уӕд дӕ ныхасмӕхъусджытӕ Паддзахады залӕй, чи зоны, цӕугӕ нӕ акӕной, фӕлӕ сӕ хъуыдытӕ уыдзысты ӕндӕр кӕмдӕр ӕмӕ дӕ ныхӕстӕн сӕ фылдӕр уыдзӕн дзӕгъӕлы, дон хиды бынты куыд ауайа, уый хуызӕн.

      О, фӕлӕ ӕнӕкъуыхцытӕй дзурай, дӕ ныхасы уӕз уа, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дӕ ныхасмӕхъусджытыл дӕлӕмӕ хӕцай кӕнӕ афтӕ дзурай, ӕмӕ сӕхи цы фӕкӕной, уый мауал зоной. Адӕмӕн сӕ хъомылад, сӕ ивгъуыд цард алыхуызон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сӕм афтӕ куы фӕкӕса, ӕмӕ ӕгӕр къӕйныхдзырд кӕныс кӕнӕ дӕ ныхас зӕрдӕйӕ нӕ цӕуы, уӕд зон, ӕмӕ дӕ нысан дӕ къухы кӕй нӕ бафтыд. Ахъуыды ма кӕн, апостол Павел дзурынмӕ куыд дӕсны уыди, фӕлӕ уӕддӕр коринфӕгтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ йӕхи дардта «ӕнӕфӕразгӕ, ӕмӕ стыр тасы бын, ӕмӕ стыр зӕрдӕуынгӕджы», цӕмӕй сын се ’ргом ӕнӕхъуаджы йӕхимӕ ма здӕхтаид (1 Кор. 2:3, НФ).

      Цӕмӕй хъӕуы хи хизын. Бирӕтӕ сӕ ныхасы хъӕуа-нӕхъӕуа фӕзӕгъынц ахӕм уӕлдай дзырдтӕ: «йед у», «зӕгъын», «дам», «чи у, уый». Иннӕтӕ та сӕ ныхас райдайынц: «мӕнӕ», «афтӕ уӕдӕ», кӕнӕ ма сӕ ныхасы фӕкӕнынц ахӕм дзырдтӕ: «уыныс», «кӕсыс» ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Чи зоны, ахӕм дзырдтӕ дӕуӕй дӕр арӕх схауы, дӕхӕдӕг ӕй хатгӕ дӕр нӕ кӕныс, афтӕмӕй. Уымӕ гӕсгӕ искӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй дӕм хъуса ӕмӕ дӕ ахӕм дзырдтӕ куы сирвӕза, уӕд сӕ уый дӕр дӕ фӕстӕ фӕлхат кӕна. Куыд дзурыс, уый дӕ, гӕнӕн ис, стыр дисы бафтауа.

      Иуӕй-иутӕ та афтӕ ахуыр сты, ӕмӕ цы бакӕсынц, цы фӕзӕгъынц, уымӕ цалдӕр хатты фӕстӕмӕ раздӕхынц. Зӕгъӕм, адӕймаг цыдӕр дзуры, фӕлӕ йӕ ныхас ӕрдӕгыл фескъуыдта, ӕмӕ цы загъта, уый фӕстӕмӕ сфӕлхат кодта, кӕнӕ ӕнӕхъӕнӕй, кӕнӕ та йӕ фӕстаг ныхӕстӕ.

      Ис ахӕм адӕймӕгтӕ дӕр, ӕмӕ дзургӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕнынц (нӕдӕр ӕгӕр сындӕг, нӕдӕр ӕгӕр тагъд), фӕлӕ сӕ ныхас иу цӕмӕйдӕр райдайынц ӕмӕ стӕй хъуыдыйады астӕу бынтон ӕндӕр хъуыдымӕ ахизынц. Ома дзырдтӕ дзургӕ ӕнӕкъуыхцыйӕ кӕнынц, фӕлӕ иу хъуыдыйӕ иннӕмӕ рагӕпп-багӕпп кӕй фӕкӕнынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ ныхас рӕсугъд нӕ вӕййы.

      Цы ис саразӕн? Кӕд дын дзургӕ-дзурын арӕх дзырдтӕ нал фӕфаг кӕны, уӕд дӕ хъӕуы дӕ дзырдты «къӕбиц» фӕхъӕздыгдӕр кӕнын. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ иннӕ литературӕ кӕсгӕйӕ дӕ хъус дар ӕнӕзонгӕ дзырдтӕм. Цы амонынц, уымӕй-иу, ӕвзаг хорз чи зоны, ахӕм искӕй афӕрс кӕнӕ та-иу сӕ дзырдуаты фен ӕмӕ-иу сӕ стӕй бахъуыды кӕн.

      Арӕхдӕр кӕс хъӕрӕй — уый дын стыр ахъаз фӕуыдзӕн. Зынкӕсӕн дзырдтӕ-иу дзы куы уа, уӕд-иу сӕ цалдӕр хатты хъӕрӕй зӕгъ.

      Цӕмӕй кӕсгӕ-кӕсын ӕрхӕц-схӕц ма кӕнай, уый тыххӕй хъуамӕ хорз ӕмбарай, хъуыдыйады мидӕг дзырдтӕ кӕрӕдзийыл куыд баст сты, уый дӕр. Фыссӕджы цы зӕгъын фӕнды, уый раст радӕттынӕн иугай дзырдтӕ нӕ фӕхъӕуы кӕсын, фӕлӕ хъуыды ӕвдисӕг дзырдбӕстытӕ иумӕ. Уымӕ гӕсгӕ дӕ хъус дар ахӕм дзырдты къордтӕм. Кӕд дӕ фӕнды, уӕд дӕ бон у, ӕмӕ сӕ тексты мидӕг искуыд нысан дӕр фӕкӕнай. Дӕ хӕс ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ дзырдтӕ раст бакӕсай, фӕлӕ ма хъуыдытӕ дӕр бӕлвырдӕй радӕттын. Афтӕ радгай равзар абзацы хъуыдыйӕдтӕй алкӕцыдӕр. Архай хъуыдыты хал ӕрцахсыныл. Уый фӕстӕ абзац хъӕрӕй бакӕс. Уыцы абзацыл кус уӕдмӕ, цалынмӕ йӕ бынтон ӕнӕрхӕцгӕйӕ ӕмӕ ӕнӕ уӕлдай ӕрлӕудтытӕй нӕ кӕсай. Ӕмӕ афтӕ иннӕ абзацтӕ дӕр.

      Ныр та бацархай тагъддӕр кӕсын. Иугӕр, хъуыдыйады мидӕг дзырдтӕ куыд баст сты, уый хатыс, уӕд иу ӕркастӕн иу дзырд нӕ уындзынӕ, фӕлӕ ма йӕ фӕстӕ цы дзырдтӕ ис, уыдон дӕр, ӕмӕ-иу хъуыды уайтагъд ацахсдзынӕ. Ӕмӕ уӕд кӕсдзынӕ бирӕ хуыздӕр ӕмӕ аивдӕр.

      Тынг хорз фӕлтӕрӕн у, рагацау ма бацӕттӕ кӕнын, афтӕмӕй кӕсын дӕр. Зӕгъӕм, хъӕрӕй-иу бакӕс «Алы бон дӕр ӕвзар Фыстытӕ»-й стих ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы хъуыдытӕ. Алы дзырд дӕр хицӕнӕй ма кӕс, фӕлӕ ахуыр кӕн дӕ цӕст дзырдты къордтыл, ома ӕнӕхъӕн хъуыдытыл хӕссын.

      Искӕимӕ ныхасгӕнгӕйӕ-иу, цы зӕгъинаг дӕ, ууыл развӕлгъау ахъуыды кӕн, ӕмӕ уӕд ӕрхӕц-схӕц нӕ кӕндзынӕ. Афтӕ кӕн алы бон дӕр, кӕимӕфӕнды дӕ ма уа ныхасаг. Ахъуыды-иу кӕн, цавӕр хъуыдытӕ дӕ фӕнды зӕгъын, фыццаг уал цы зӕгъдзынӕ, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ райдай ныхас кӕнын. Тагъд ма кӕн. Цалынмӕ дӕ хъуыды кӕронмӕ зӕгъай, уӕдмӕ-иу ма ӕрлӕуу, иу хъуыдыйӕ иннӕмӕ ма «гӕпп кӕн». Дзур цыбыр ӕмӕ хуымӕтӕг хъуыдыйӕдтӕй, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн.

      Цы зӕгъын дӕ фӕнды, уый куы зонай, уӕд дзырдтӕ де ’взагыл сӕхигъӕдӕй уайдзысты. Ӕнӕуи ныхасы ууыл никуы фӕхъуыды кӕнӕм, ныр та цавӕр дзырд зӕгъон, зӕгъгӕ. Уӕдӕ-иу истӕмӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ дӕхицӕн сбӕлвырд кӕн, цы хъуыдытӕ зӕгъинаг дӕ, уыдон, дзырдтыл та хъуыды кӕн дзургӕ-дзурын. Цы зӕгъын дӕ фӕнды, сӕйраджыдӕр ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дзырдтӕ сӕхӕдӕг гуырдзысты ӕмӕ дӕ ныхас цӕудзӕн зӕрдӕйӕ. Фӕлӕ уый зон, ӕмӕ куыддӕр хъуыдыты бӕсты дзырдтыл райдайай хъуыды кӕнын, афтӕ дын ӕнӕферхӕцгӕ нӕй. Дӕхиуыл ӕвӕллайгӕйӕ кус, ӕмӕ рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ дӕ ныхас донау уайдзӕн,— уымӕй та бирӕ аразгӕ у куыд дзургӕ ныхасы, афтӕ кӕсыны хъуыддаджы дӕр.

      Иегъовӕ Моисейӕн куы бахӕс кодта, цӕмӕй йын йӕ фӕндон Израилы адӕмӕн ӕмӕ Египеты фараонӕн фехъусын кӕна, уӕд Моисеймӕ афтӕ каст, ӕмӕ уыцы хӕс сӕххӕст кӕнын йӕ бон нӕ бауыдзӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ дзурынмӕ рӕвдз нӕ уыд; ныхас кӕй фӕрцы рӕзы, уыцы уӕнгтӕй йын кӕцыдӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыди хъыгдард (Рац. 4:10; 6:12). Моисей бирӕ ӕфсӕнттӕ фӕкодта, фӕлӕ дзы Хуыцауы цӕсты иу дӕр аккаг ӕфсон нӕ разынд. Иегъовӕ Моисейӕн канд Аароны нӕ арвыста йемӕ, уый дзурдзӕн дӕ бӕсты, зӕгъгӕ, фӕлӕ ма йын йӕхи дӕр скодта дзурынхъом. Ӕмӕ Моисей Хуыцауы номӕй, мыййаг, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ дзырдта куыд иу кӕнӕ къорд адӕймаджы раз, афтӕ ӕгас адӕмы раз дӕр, ӕмӕ-иу йӕ ныхас зӕрдӕйы ахызти (Дык. з. 1:1—3; 5:1; 29:2; 31:1, 2, 30; 33:1). Кӕд, дӕуӕй кӕнгӕ цы у, уый ӕнӕзивӕгӕй аразыс, ӕмӕ уыимӕ алцӕмӕй дӕр дӕ ныфс Иегъовӕйыл ӕвӕрыс, уӕд ды дӕр дӕ ныхасӕй бӕрзонд кӕндзынӕ Хуыцауы ном.

      КЪӔЗӔНӔГ КУЫ УАЙ, УӔД ЦЫ ИС САРАЗӔН

      Адӕймаг къӕзӕнӕг бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй вӕййы. Стӕй уымӕй фервӕзынӕн иуӕн цы баххуыс кӕны, уый арӕх иннӕмӕн бынтондӕр ницы феххуыс вӕййы. Фӕлӕ дӕ кӕд фӕнды, ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уай, уӕд ӕвӕллайгӕйӕ кус дӕхиуыл.

      Кӕд афтӕ вӕййы, ӕмӕ дӕ ӕмбырды дзуапп раттыны хъуыдыйӕ дӕр тас бацӕуы, ӕмӕ цы акӕнай, уый нал фӕзоныс, уӕд кув Иегъовӕмӕ, кур дзы ӕххуыс (Фил. 4:6, 7). Хъуыды кӕн, дӕ дзуаппӕй Иегъовӕйы кӕй кадджын кӕныс ӕмӕ иннӕтӕн кӕй ӕххуыс кӕныс, ууыл. Уый ныфс дӕ ма уӕд, ӕмӕ дӕ къӕзӕнӕг йӕхигъӕдӕй ӕрбайсӕфдзӕн. Уый бӕсты хъуыды кӕн, ӕххуыс дын цы у, ууыл. Иегъовӕ дӕ йӕ хорзӕхӕй цух куыд нӕ уадзы ӕмӕ ӕфсымӕртӕ де ’нцой куыд лӕууынц, уый уынгӕйӕ дӕ тыхыл тых ӕфтдзӕн ӕмӕ дӕ ноджы фылдӕр аразын фӕнддзӕн.

      Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы дын ис диссаджы фадат, цӕмӕй сфӕлтӕрай адӕмы раз ныхас кӕнын. Дӕхӕдӕг дӕр дис кӕндзынӕ, зӕрдӕхӕлар, дӕ хорзмӕ бӕллӕг адӕмы гыццыл къорды раз ныхас кӕнын дын куыд хорз уайдзӕн, ууыл. Ӕмӕ уый фӕрцы уыдзынӕ ныфсджындӕр, ӕнцондӕр дын уыдзӕн дзурын ӕндӕр уавӕрты дӕр.

      Ныхасы рацӕуын дӕ куы хъӕуа, уӕд дӕхи дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн. Дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уӕнт, цы дзурдзынӕ, ууыл. Дзур зӕрдӕбынӕй. Зӕгъгӕ, дзургӕ-дзурын ферхӕцыдтӕ, уӕд бацархай, цӕмӕй дӕ хъӕлӕс зыр-зыр кӕнын ма райдайа ӕмӕ ма стыхсай. Дӕ цӕсгомы нуӕрттӕ ма ныхъхъӕбӕр кӕн. Дзур цыбыр хъуыдыйӕдтӕй. Дӕхи хиз, цӕмӕй-иу дӕ ма сирвӕза «гъым», «а-а», «ы-ы» ӕмӕ ӕндӕр ахӕмтӕ.

      Къӕзӕнӕг чи у, уыдонӕй иуӕй-иутӕ, цы дзырдтыл ферхӕцынц, уыдон фӕзонынц ӕмӕ сӕ стӕй сӕхи фӕхизынц, ӕндӕр, се ’мнысан дзырдтӕй сӕ баивынц. Иннӕтӕ та, зындзурӕн сын чи у, уыцы мыртыл фӕкусынц: цалынмӕ сӕ ӕнӕрхӕцгӕйӕ нӕ дзурой, уӕдмӕ сӕ фӕфӕлхат кӕнынц.

      Искӕимӕ ныхасгӕнгӕйӕ куы фӕкъуыхцы уай, уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ ууыл хъуамӕ дӕ ныхас фӕуай. Кӕимӕ ныхас кӕныс, уымӕн ацамон, къӕзӕнӕг мӕ ӕрцахста ӕмӕ мӕ цалынмӕ суадза, уӕдмӕ уал ды дзур, зӕгъгӕ. Рагацау дӕхимӕ фыстӕй дар, арӕхдӕр дӕ цы фӕхъӕуы дзурын, уый, ӕмӕ кӕд ӕппын ницы гӕнӕн уа, уӕд ын ӕй равдис кӕнӕ та дӕ цы зӕгъын фӕнды, уый йын уыцы тӕккӕ гӕххӕттыл афысс.

      ЦЫ ИС САРАЗӔН

      • Журналтӕ ӕмӕ чингуытӕ кӕсгӕйӕ нысан кӕн ног дзырдтӕ, цы амонынц, уый-иу базон ӕмӕ сӕ стӕй дӕ ныхасы мидӕг пайда кӕн.

      • Алы бон дӕр 5—10 минуты бӕрц хъӕрӕй кӕс.

      • Цыдӕр бакӕсын-иу дын куы бахӕс кӕной, уӕд-иу ӕй биноныг бацӕттӕ кӕн. Дӕ хъус уӕлдай лӕмбынӕг дар, иумӕйаг хъуыды хӕссӕг дзырдты къордтӕм. Архай хъуыдыты хал ӕрцахсыныл.

      • Ӕнӕуи кӕимӕфӕнды ӕмӕ цӕуылфӕнды ма ныхас кӕнай, цы зӕгъын дӕ фӕнды, ууыл-иу раздӕр ахъуыды кӕн ӕмӕ-иу ӕй уый фӕстӕ зӕгъ; цалынмӕ дӕ хъуыды кӕронмӕ нӕ зӕгъай, уӕдмӕ-иу ма ӕрлӕуу.

      ФӔЛТӔРӔН Лӕмбынӕг ӕркӕс Лукайы 1:5—25, алы хъуыдыйад дӕр дзы бӕстон равзар, цӕуыл дзы цӕуы дзырд, уый дзӕбӕх куыд ӕмбарай. Ӕнӕзонгӕ дзырдтӕ фен дзырдуаты. Цы нӕмттӕ дзы ис, уыдон хъӕрӕй бакӕс. Уый фӕстӕ хъуыдыйад хъӕрӕй ӕмӕ ӕнӕрӕдыдӕй бакӕс. Куы ницыуал дӕ дзы къуылымпы кӕна, уӕд рахиз иннӕ хъуыдыйадмӕ, ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Фӕстагмӕ скуыддзаг ӕнӕхъӕнӕй бакӕс. Бакӕс та йӕ ноджыдӕр, ӕрмӕст ныр иу гыццыл тагъддӕр. Ӕртыккаг хатт та йӕ афтӕ бакӕс, ӕмӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ тагъддӕр кӕм хъӕуы, уым дӕ каст ноджы тагъддӕр куыд фӕкӕнай (ӕрмӕст афтӕ тагъд нӕ, ӕмӕ де ’взаг дӕ дзыхы мауал арӕхса).

  • Дзургӕ-дзурын кӕм ӕмӕ цас фӕлӕууын хъӕуы
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
    • 5 УРОК

      Дзургӕ-дзурын кӕм ӕмӕ цас фӕлӕууын хъӕуы

      Цы бакӕнын дӕ хъӕуы?

      Кӕм хъӕуа, уым дӕ ныхас фӕуром ӕмӕ цалдӕр уысмы ӕнӕдзургӕйӕ алӕуу. Кӕмдӕрты ӕрлӕууын фӕхъӕуы хӕрз гыццыл — иу уысмы бӕрц. Дзургӕ-дзурын фӕлӕууын уӕд уыдзӕн раст, кӕд ӕмӕ ныхасы мидисмӕ гӕсгӕ ӕцӕгдӕр хъӕуа уый саразын.

      Цӕмӕн хъӕуы?

      Адӕймаг дзургӕ-дзурын, кӕм хъӕуа, уым иу гыццыл фӕлӕууын куы нӕ зона, уӕд йӕ ныхас ӕнцонӕмбарӕн нӕ уыдзӕн. Ӕрлӕууын фӕхъӕуы ныхасмӕхъусджыты ӕргом ахсджиаг хъуыдытӕм аздахынӕн.

      НЫХАСЫ рацӕугӕйӕ уа ӕви ӕнӕуи искӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ,— кӕм хъӕуы, уым фӕлӕууын тынг ахсджиаг у. Уый куы нӕ уа, уӕд дӕ ныхасмӕхъусджытӕ бӕлвырдӕй ницы бамбардзысты, афтӕ сӕм кӕсдзӕн, цыма цыдӕртӕ дыгъал-дыгъул кӕныс. Кӕм хъӕуы, уым-иу куы фӕлӕууай, уӕд та дӕ ныхас уыдзӕн бӕлвырд ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн. Афтӕ ма уый фӕрцы адӕм хуыздӕр бахъуыды кӕндзысты сӕйраг хъуыдытӕ.

      Фӕлӕ фӕлӕууын кӕм хъӕуы, уый куыд ис базонӕн? Стӕй кӕм цас хъӕуы фӕлӕууын?

      Фӕлӕууын хъӕуы ӕрхӕцӕн нысӕнттыл. Фыст ӕвзаджы ӕрхӕцӕн нысӕнттӕй бирӕ аразгӕ у. Ӕрхӕцӕн нысӕнттӕй базонӕн вӕййы, хъуыдыйад кӕй фӕци кӕнӕ фарстон кӕй у. Иуӕй-иу ӕвзӕгты ӕрхӕцӕн нысӕнттӕй хицӕн кӕнынц комкоммӕ ныхас. Уымӕй уӕлдай, ӕрхӕцӕн нысӕнттӕ амонынц, хъуыдыйады иу хай иннӕимӕ куыд баст у, уый. Адӕймаг йӕхинымӕр куы фӕкӕсы, уӕд ӕрхӕцӕн нысӕнттӕ уынгӕ фӕкӕны. Фӕлӕ иннӕтӕн хъӕрӕй куы кӕса, уӕд, кӕсинаг ӕрмӕджы ӕрхӕцӕн нысӕнттӕ цы амонынц, уый йӕ равдисын хъӕудзӕн хъӕлӕсы уагӕй (уый тыххӕй бӕстондӕр дзырдӕуы 1-аг урочы, «Раст кӕс»). Кӕсӕг ӕрхӕцӕн нысӕнттӕм йӕ хъус куы нӕ дара, уӕд цы кӕсы, уый иннӕтӕ зынӕй ӕмбардзысты, йе та, гӕнӕн ис, ӕмӕ йын йӕ хъуыды раст ма бамбарой.

      Ӕрхӕцӕн нысӕнттӕй дарддӕр ма ӕрлӕууын фӕхъӕуы, хъуыдыйады мидӕг хъуыдытӕ куыд баст сты, уымӕ гӕсгӕ дӕр. Иу зындгонд музыкант афтӕ загъта: «Пианинойыл иннӕтӕ цы цӕгъдынц, ӕз дӕр уый цӕгъдын. Ӕрмӕст ме ’нтысты сусӕгдзинад уый мидӕг ис, ӕмӕ иу зӕлӕй иннӕ зӕлы ’хсӕн кӕй фӕлӕууын». Афтӕ у адӕймаджы ныхас дӕр. Цыфӕнды хорз цӕттӕ раныхас дӕр бирӕ рӕсугъддӕр ӕмӕ ахадгӕдӕр уыдзӕн, кӕм хъӕуы, уым-иу куы фӕлӕууай, уӕд.

      Иннӕтӕн кӕсынмӕ куы цӕттӕ кӕнай дӕхи, уӕд кӕсинаг ӕрмӕджы дӕхицӕн ӕххуысӕн скӕн нысӕнттӕ. Гыццыл дӕ кӕм хъӕуа фӕлӕууын, уым гыццыл хахх ӕркӕн, фылдӕр кӕм хъӕуа, уым та — дыууӕ хаххы. Кӕд кӕцыдӕр дзырдбӕстытӕ раст нӕ кӕсыс ӕмӕ арӕх, кӕм нӕ хъӕуы, уым ӕрлӕууыс, уӕд гӕххӕттыл кърандасӕй баиу кӕн, иумӕ бакӕсын кӕй хъӕуы, уыцы дзырдтӕ иууылдӕр. Уый фӕстӕ дзырдбаст ӕнӕрхӕцгӕйӕ бакӕс. Афтӕ кӕнынц ныхасы дӕснытӕй бирӕтӕ.

      Ӕнӕуи ныхасы нӕ иу гыццыл дӕр ӕрлӕууын кӕм фӕхъӕуы, уым, хъуыды дӕр нӕ акӕнӕм, афтӕмӕй фӕлӕууӕм, уымӕн ӕмӕ цы зӕгъинаг стӕм, уый фӕзонӕм. Фӕлӕ адӕймаг хъӕуа-нӕхъӕуа алы цалдӕр минуты фӕстӕ фӕлӕууын ахуыр куы вӕййы, уӕд йӕ ныхас зын ӕмбарӕн вӕййы ӕмӕ дзы тых нӕ вӕййы. Уыцы ахуырӕй куыд фервӕзӕн ис, ууыл дзырд цӕуы 4-ӕм урочы, «Ӕнӕрхӕцгӕ ныхас», зӕгъгӕ.

      Ӕрлӕууын — ног хъуыдымӕ хизгӕйӕ. Дӕ ныхасы сӕйраг хъуыдытӕй иу куы райхалай ӕмӕ дӕ иннӕмӕ ахизын куы фӕнда, уӕд-иу гыццыл ӕрлӕуу. Уый фӕрцы дӕ ныхасмӕхъусджытӕ ахъуыды кӕндзысты, цы фехъуыстой, ууыл, фӕхатдзысты, дӕ ныхас гыццыл ӕндӕрырдӕм кӕй фӕзилдзӕн, ӕмӕ хуыздӕр бамбардзысты, дарддӕр цы дзурдзынӕ, уый. Шофыры тигъыл фӕзилгӕйӕ сындӕгдӕр цӕуын куыд хъӕуы, афтӕ хъӕуы дӕу дӕр иу хъуыдыйӕ иннӕмӕ хизгӕйӕ гыццыл ӕнӕдзургӕйӕ алӕууын.

      Хатт ныхасгӕнджытӕм ӕрмӕг ӕгӕр бирӕ кӕй вӕййы, уымӕ гӕсгӕ афтӕ тынг фӕтагъд кӕнынц, ӕмӕ иу хъуыдыйӕ иннӕмӕ хизгӕйӕ нӕ фӕлӕууынц. Иуӕй-иутӕн та сӕ бӕллӕх уый мидӕг ис, ӕмӕ ӕнӕуи дӕр тагъд-тагъд фӕдзурынц. Чи зоны, кӕм цӕрынц, уым адӕм иууылдӕр тагъд дзураг сты, фӕлӕ афтӕмӕй искӕмӕн исты бацамонын зын уыдзӕн. Кӕд ахсджиаг хъуыды зӕгъинаг дӕ ӕмӕ дӕ фӕнды, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ йӕ ӕнӕмӕнг бахъуыды кӕной, уӕд йӕ бамбарын кӕнынӕн фаг рӕстӕг рахицӕн кӕн. Уый зон, ӕмӕ дзургӕ-дзурын иу уысм фӕлӕууын куы нӕ зонай, уӕд дын адӕм дӕ хъуыдытӕ дзӕбӕх нӕ бамбардзысты.

      Кӕд дӕ пъланмӕ гӕсгӕ хъӕуы ныхас кӕнын, уӕд ӕрмӕг афтӕ равӕр, иу сӕйраг хъуыды кӕм фӕци ӕмӕ иннӕ кӕм райдыдта, уый бӕрӕг куыд уа. Кӕд дын, ӕнӕхъӕнӕй дӕр фыст чи у, ахӕм раныхас бахӕс кӕной, уӕд та, иу сӕйраг хъуыды иннӕмӕ кӕм хизы, уыцы бынӕттӕ фӕнысан кӕн.

      Кӕд ӕрхӕцӕн нысӕнттыл гыццыл йедтӕмӕ нӕ фӕлӕууӕм, уӕд ног хъуыдымӕ хизгӕйӕ та — фылдӕр. Ӕцӕг афтӕ бирӕ нӕ, ӕмӕ дӕ ныхас тыххӕй дзурӕгау рауайа. Кӕннод дӕ ныхасмӕхъусджытӕм афтӕ фӕкӕсдзӕн, цыма цӕттӕ нӕ дӕ ӕмӕ ӕппынӕдзух, цы зӕгъай, ууыл хъуыды кӕныс.

      Ӕрлӕууын — хъуыды фӕтыхджындӕр кӕнынӕн. Адӕймаг арӕх фӕлӕууы, тӕккӕ ахсджиагдӕр хъуыды зӕгъын кӕнӕ йӕ фарст раттын куы фӕфӕнды, уӕд: кӕнӕ йӕ хӕдразмӕ, кӕнӕ та йӕ хӕдфӕстӕ. Кӕд ахсджиаг хъуыды зӕгъыны размӕ ӕрлӕууа, уӕд уымӕй йӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕты цырен кӕны цымыдис — уӕдӕ дарддӕр цы зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ; кӕд уыцы хъуыды зӕгъыны фӕстӕ фӕлӕууа, уӕд та сын фадат дӕтты, цы фехъуыстой, ууыл ахъуыды кӕнынӕн. Куыд уынӕм, афтӕмӕй дзы алы ӕрлӕудӕн дӕр йӕхи нысан ис. Уӕдӕ ахъуыды кӕн, дӕуӕн дзы хуыздӕр кӕцы уыдзӕн. Ӕцӕг дӕ зӕрдыл дар,— хъуыды фӕтыхджындӕр кӕнынӕн фӕлӕууын хъӕуы ӕрмӕстдӕр тӕккӕ ахсджиагдӕр хъуыдытыл, науӕд сӕ тых нӕ уыдзӕн.

      Йесо Назареты ӕмбырдгӕнӕны Фыстытӕй адӕмы раз хъӕрӕй куы касти, уӕд тынг хорз равдыста, ӕрлӕууын кӕм ӕмӕ куыд хъӕуы, уый. Фыццаг уал Исайы пехуымпарады тыхтонӕй бакаст, зӕхмӕ йе ’рцыды сӕр цы уыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ уыцы пехуымпарад куыд сӕххӕст, уый цалынмӕ бамбарын кодта, уӕдмӕ уал тыхтон фӕстӕмӕ батыхта, лӕггадгӕнӕгмӕ йӕ радта ӕмӕ ӕрбадт. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ, ӕмбырдгӕнӕны адӕм иууылдӕр уымӕ куы ныккастысты, уӕд загъта: «Ныр сӕххӕст ацы фыст, кӕй фехъуыстат сымах» (Лук. 4:16—21).

      Ӕрлӕууын ӕнӕнхъӕлӕджы куы бахъӕуа. Хатт нӕ нӕ ныхас фескъуынын бахъӕуы, цыдӕр нӕ кӕй фӕхъыгдары, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, уацамынды адӕймагимӕ ныхасгӕнгӕйӕ нӕ бахъыгдары машинӕты хъӕр кӕнӕ сывӕллоны кӕуын, ӕмӕ нӕ ӕрлӕууын бахъӕуы. Ӕмбырды залы куы уа цыдӕр хъӕлӕба, уӕд та дӕ хъӕлӕсы уаг фӕбӕрзонддӕр кӕн ӕмӕ дарддӕр дзур. Фӕлӕ хъӕлӕба ӕгӕр куы стынг уа, уӕд хуыздӕр уыдзӕн ӕрлӕууын (ныхасмӕхъусджытӕ дӕм уӕддӕр нӕ хъусынц). Уӕдӕ, кӕм хъӕуа, уым фӕлӕууын куы зонай, уӕд дӕ цы хорз хъуыдытӕ зӕгъын фӕнды, уыдонӕй ныхасмӕхъусджытӕ ницы ауадздзысты.

      Ӕрлӕууын — ныхасмӕхъусджытӕн ахъуыды кӕнын ӕмӕ сӕ хъуыды зӕгъыны фадат раттынӕн. Кӕд дӕ ныхас афтӕ арӕзт нӕу, ӕмӕ дзы дӕ ныхасмӕхъусджытӕ сӕ хъуыдытӕ дзурой, уӕддӕр-иу сӕ бауадз сӕхимидӕг дзуапп раттын. Цӕвиттон, ахъуыды кӕнын сӕ кӕуыл хъӕуы, ахӕм фарст сӕм куы раттай, фӕлӕ цалдӕр уысмы ӕнӕдзургӕйӕ куы нӕ алӕууай, уӕд уыцы фарст йӕ нысаныл нӕ сӕмбӕлдзӕн.

      Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕлӕууын канд сценӕйӕ дзургӕйӕ нӕ фӕхъӕуы, фӕлӕ уацамынды дӕр. Ис ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ бынтондӕр ӕнӕрлӕугӕйӕ дзурынц. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд уыцы хъуыддаджы дӕхиуыл бакус. Уый фӕрцы дын адӕмимӕ ныхас кӕнын дӕр хуыздӕр уайдзӕн ӕмӕ хъусын кӕнын дӕр. Ныхасы ӕнӕдзургӕйӕ алӕууынӕн куыд стыр нысаниуӕг ис, уый тыххӕй иу чидӕр хорз загъта, зӕгъгӕ, уый ӕргом ӕгасӕй дӕр здахы сӕйраг хъуыдымӕ ӕмӕ йӕ тыхджындӕр кӕны, хъусты та улӕфын бауадзы.

      Ныхас у хъуыдытӕн дыууӕрдӕм фӕндаг. Искӕй ныхасмӕ ды куыд ӕхсызгонӕй байхъусай, уый дӕр дӕм афтӕ хъусдзӕн. Ӕмӕ цӕмӕй адӕймаг йӕ хъуыды зӕгъа, уый тыххӕй та дӕу хъӕуы цалдӕр уысмы ӕнӕдзургӕйӕ алӕууын.

      Уацамынды ныхас хуыздӕр рауайы, канд нӕхӕдӕг куы нӕ фӕдзурӕм, уӕд. Бирӕтӕ фӕхатыдысты, адӕймагимӕ хорз уӕд кӕй аныхас кӕнынц, салам раттыны фӕстӕ уайтагъд хъуыддагмӕ куы рахизынц ӕмӕ йӕ стӕй куы бафӕрсынц, ды та куыд хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ адӕймагӕн йӕ хъуыды зӕгъыны фадат раттынц, ӕмӕ цы загъта, уый тыххӕй йын раарфӕ кӕнынц. Ӕмӕ дарддӕр дӕр ныхас иууыл сӕхимӕ нӕ исынц. Уыдон ӕмбарынц, адӕймаг хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый куы зоной, уӕд ын сӕ бон хуыздӕр кӕй уыдзӕн баххуыс кӕнын (Ӕмб. 20:5).

      Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ нӕ фарстытӕн дзуапп дӕттын алкӕй нӕ фӕнддзӕн. Афтӕ уыди Йесойы хабар дӕр, фӕлӕ-иу уӕддӕр уый йӕ ныхмӕлӕуджытӕн дӕр фаг рӕстӕг радта сӕ хъуыды зӕгъынӕн (Маркы 3:1—5). Адӕймаджы дзурын куы бауадзӕм, уӕд ӕй разӕнгард кӕнӕм хъуыды кӕнынмӕ ӕмӕ нын афтӕмӕй, гӕнӕн ис, раргом кӕна, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Ӕмӕ хъусын кӕнгӕйӕ нӕ хӕстӕй иу растдӕр уый у: царды ахсджиаг фарстаты тыххӕй Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уый бамбарынӕн сын баххуыс кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ уый фӕдыл алкӕйдӕр хъӕуы хатдзӕгтӕ скӕнын (Дзут. 4:12).

      Уӕдӕ, уацамынды искӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ фӕлӕууын кӕм хъӕуы, уый зонын стыр дӕсныдзинад у. Адӕймаг уымӕ хорз куы арӕхса, уӕд йӕ бон уыдзӕн цыфӕнды хъуыды дӕр бӕлвырдӕй радӕттын ӕмӕ йӕм чи хъуса, уыдонӕн йӕ бахъуыды кӕнынӕн баххуыс кӕнын.

      ЦЫ ДЫН ФӔАХЪАЗ УЫДЗӔН

      • Хъӕрӕй кӕсгӕйӕ ӕрхӕцӕн нысӕнттӕ ма рох кӕн.

      • Дӕ хъус дар, ӕцӕг дзырдарӕхст чи у, уыдон дзургӕ-дзурын кӕм ӕмӕ цас фӕлӕууынц, уымӕ.

      • Дӕ ныхасмӕхъусджытӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ бахъуыды кӕной, ахӕм хъуыды куы зӕгъай, уӕд ӕрлӕуу, афтӕмӕй сӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр бахъардзӕн.

      • Дӕ ныхасӕмбалы разӕнгард кӕн йӕ хъуыдытӕ дзурынмӕ ӕмӕ, цы зӕгъдзӕн, уымӕ лӕмбынӕг хъус. Бауадз-иу ӕй йӕ хъуыды кӕронмӕ зӕгъын.

      ФӔЛТӔРӔН Хъӕрӕй бакӕс Маркы 9:1—13; ӕрхӕцӕн нысӕнттыл-иу фӕлӕуу, цы амонынц, уымӕ гӕсгӕ. Ӕрмӕст дын афтӕ ма рауайӕд, ӕмӕ тыхкаст кӕныс. Ацы скъуыддзагыл бӕстон куы бакусай, уӕд хорз уаид, куыд кӕсыс, уымӕ исчи куы байхъусид, ӕмӕ дӕ фӕлӕууын кӕм хъӕуы, уый дын куы зӕгъид.

  • Хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕр
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
    • 6 УРОК

      Хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕр

      Цы бакӕнын дӕ хъӕуы?

      Дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытыл цавд афтӕ ӕвӕр, цы дзурыс, уый ныхасмӕхъусджытӕ ӕнцонӕй куыд ӕмбарой.

      Цӕмӕн хъӕуы?

      Ныхасгӕнӕг хъӕугӕ дзырдтыл цавд куы ӕвӕра, уӕд ӕм адӕм хъусдзысты цымыдисӕй, цы дзура, ууыл разы кӕндзысты ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕ агайдзӕн.

      АДӔМЫ раз ныхасы рацӕугӕйӕ кӕнӕ исты хъӕрӕй кӕсгӕйӕ дӕу ӕрмӕст дзырдтӕ иууылдӕр сыгъдӕг дзурын нӕ хъӕуы. Дӕ хӕс ма у сӕйраг дзырдтӕ ӕмӕ ахсджиаг дзырдбӕстытыл цавд ӕвӕрын дӕр, ома сӕ афтӕ дзурын, цы зӕгъинаг дӕ, уый дӕ ныхасмӕхъусджытӕ хорз куыд бамбарой.

      Дзырдтыл цавд ӕвӕрын уый нӕу, ӕмӕ кӕцыфӕнды дзырд дӕр, йе та ӕгӕр бирӕ дзырдтӕ зӕгъай хъӕрдӕр. Цавд ӕвӕрын хъӕуы хъӕугӕ дзырдтыл. Цы дзырдтыл нӕ хъӕуы, уыдоныл куы ӕвӕрай цавд, уӕд дӕ дӕ ныхасмӕхъусджытӕ дзӕбӕх не ’мбардзысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ хъуыдытӕ уыдзысты ӕндӕр цӕуылдӕрты. Дӕ ныхас хъӕздыг, мидисджын куы уа, фӕлӕ цавд, кӕм нӕ хъӕуа, уым куы ӕвӕрай, уӕд, цы дзурыс, уый адӕмы зӕрдӕйыл нӕ сӕмбӕлдзӕн.

      Дзырды стырдӕр тых бавӕрынӕн алыхуызон мадзӕлттӕ ис, ӕмӕ сӕ арӕх пайда кӕнынц се ’ппӕтӕй дӕр иумӕ. Зӕгъӕм: хъӕрдӕр дзурын, ӕнкъарӕнтӕ тыхджындӕр равдисын, сындӕгдӕр ӕмӕ бӕлвырддӕр дзурын, хъӕугӕ дзырдбаст зӕгъыны размӕ кӕнӕ йӕ фӕстӕ (йе та йӕ разӕй дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр) иу гыццыл фӕлӕууын кӕнӕ, цы дзурыс, уый ма къухамындтӕй, уӕнгтӕ ӕмӕ цӕсгомы змӕлдӕй дӕр равдисын. Кӕцыдӕр ӕвзӕгты дзырды стырдӕр тых бавӕрынӕн фӕхъӕуы хъӕлӕс фӕбӕрзонддӕр кӕнӕ фӕныллӕгдӕр кӕнын. Дӕ раныхасы ацы мадзӕлттӕй хуыздӕр кӕцытӕ уыдзысты, уый, дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн ӕмӕ йӕ кӕмӕн дзурдзынӕ, уымӕй аразгӕ у.

      Адӕмы ӕргом аздахын тынгдӕр цӕмӕ хъӕуы, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ дӕ зӕрдыл дар: 1) хъуыдыйады мидӕг стырдӕр тых бавӕрын цы дзырды хъӕуы, уый бамбарынӕн канд уыцы хъуыдыйадмӕ нӕ хъӕуы кӕсын, фӕлӕ кӕцӕй ист у, уымӕ ӕнӕхъӕнӕй. 2) Хъӕлӕс фӕтыхджындӕр кӕнӕн ис, ног хъуыдымӕ хизгӕйӕ (гӕнӕн ис, уый уа сӕйраг хъуыды кӕнӕ та хъуыдыты халы ӕндӕр фӕзилӕн). Афтӕ ма хъӕлӕс фӕтыхджындӕр кӕнгӕйӕ равдисӕн ис, дӕ хъуыдыты хал балхынцъ кӕнынмӕ кӕй хъавыс, уый дӕр. 3) Хъӕугӕ дзырдтӕ кӕнӕ хъуыдыты стырдӕр тых бавӕргӕйӕ ныхасгӕнӕг ӕвдисы, цӕй кой кӕны, уый йын йӕхи зӕрдӕ куыд агайы. 4) Хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕргӕйӕ, адӕмӕн ӕххуыс кӕныс дӕ ныхасы ахсджиагдӕр хъуыдытӕ бахъуыды кӕнынӕн.

      Цӕмӕй адӕймаг цавд хъӕугӕ дзырдтыл ӕвӕра, уый тыххӕй хъуамӕ хорз ӕмбара, цы кӕсдзӕн кӕнӕ цӕуыл дзурдзӕн, уый. Уымӕй дарддӕр ӕй хъуамӕ тынг фӕнда, чи йӕм хъуса, уыдон ӕй сӕ зӕрдӕмӕ куы айсиккой. Ездрӕйы рӕстӕджы Хуыцауы адӕмӕн зонд куыд амындӕуыд, уый тыххӕй Неемийы 8:8 ахӕм ныхӕстӕ кӕсӕм: «Дарддӕр дӕр хъӕрӕй кастысты чиныгӕй, ӕцӕг Хуыцауы закъонӕй, йӕ нысаниуӕг ын амыдтой ӕмӕ йын йӕ хъуыды хӕлдтой ӕмӕ дарддӕр дӕр, цы кастысты, уый ӕмбарын кодтой». Куыд уынӕм, афтӕмӕй, Хуыцауы Закъон чи касти ӕмӕ йӕ чи амыдта, уыдон хорз ӕмбӕрстой, адӕмӕн кӕй хъуыди баххуыс кӕнын, цы фехъуыстой, уый бамбарынӕн, йӕ бахъуыды кӕнынӕн ӕмӕ дзы царды спайда кӕнынӕн.

      Цавд хъӕугӕ дзырдтыл ӕвӕрын ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы. Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн ӕнӕуи ныхасы зын нӕ вӕййы, цы хъуыды кӕнынц, уый зӕгъын. Фӕлӕ кӕйдӕр ныхӕстӕ куы фӕкӕсынц, уӕд сын зын вӕййы, цавд цы дзырдтыл кӕнӕ дзырдбӕстытыл хъӕуы сӕвӕрын, уый рахатын. Уӕдӕ фыццаджы-фыццаг хъӕуы кӕсинаг ӕрмӕг хорз ӕмбарын, ӕмӕ йыл уый тыххӕй та хъӕуы бӕстон бакусын. Уымӕ гӕсгӕ дын ӕмбырды кӕсын куы бахӕс кӕной, уӕд дӕ хъарутӕ ма бавгъау кӕн, дӕхи дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн.

      Ис ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ цавд хъӕугӕ дзырдтыл нӕ февӕрынц, фӕлӕ алы цалдӕр уысмы фӕстӕ дӕр сӕ хъӕлӕс фӕтыхджындӕр кӕнынц. Иннӕтӕ та тыхджындӕр хъӕлӕсӕй фӕзӕгъынц ӕххуысгӕнӕг дзырдтӕ, зӕгъӕм, разӕвӕрдтӕ ӕмӕ бӕттӕгтӕ. Цавд хъуыды фӕбӕлвырддӕр кӕнынӕн куы ницы ахъаз уа, уӕд адӕммӕ афтӕ фӕкӕсы, цыма ныхасы рацӕуӕг аразгӕ ныхас кӕны, ӕмӕ сын хъусын зын вӕййы.

      Хъӕугӕ дзырдтӕм хъусджыты ӕргом тынгдӕр раздахыны охыл иуӕй-иутӕ та хъӕрӕй райдайынц дзурын, фӕлӕ уӕд адӕммӕ афтӕ фӕкӕсы, цыма сӕм хыл кӕнынц. Ӕмӕ уый та зиан йедтӕмӕ пайда нӕ хӕссы. Адӕймаг дзырдтыл цавд куыд ӕвӕры, уый аразгӕ куы уайа, уӕд ӕм чи хъуса, уыдонмӕ афтӕ кӕсдзӕн, цыма сыл ӕнӕрвӕссон кӕны. Уый бӕсты семӕ фӕлмӕн ныхас кӕн ӕмӕ, цы дзурыс, уый Сыгъдӕг Фыстадыл кӕй ӕнцайы ӕмӕ раст кӕй у, уый фенынӕн сын ӕххуыс кӕн — уӕд дӕ ныхас ахадгӕдӕр уыдзӕн.

      Цы дын баххуыс кӕндзӕн цавд хъӕугӕ дзырдтыл ӕвӕрынӕн. Адӕймаг хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕрын кӕй нӕ зоны, уый арӕх йӕхӕдӕг нӕ фӕхаты. Хъуамӕ йын уый тыххӕй исчи зӕгъа. Кӕд уыцы хъуыддаджы дӕу дӕр хъӕуы дӕхиуыл бакусын, уӕд дын Скъолайы цӕстдарӕг баххуыс кӕндзӕн. Уӕдӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕфсӕрмы ма кӕн, дзырдарӕхст чи у, ахӕм ӕфсымӕры бафӕрсын. Зӕгъ ын, куыд кӕсыс кӕнӕ куыд дзурыс, уымӕ байхъуса ӕмӕ дын зӕгъа, цӕуыл дӕ хъӕуы бакусын.

      Чи дын ӕххуыс кӕна, уыцы ӕфсымӕр уал дын фыццаг, гӕнӕн ис, бауынаффӕ кӕна «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй иу статья райсын ӕмӕ йыл бакусын. Уый фӕстӕ дын зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ дзы алы хъуыдыйад дӕр равзар ӕмӕ дзы ссар, йӕ мидис ӕнцон бамбарӕн куыд уа, уый тыххӕй тыхджындӕр хъӕлӕсӕй цы дзырдтӕ кӕнӕ дзырдбӕстытӕ хъӕуы бакӕсын, уыдон. Чи зоны дын дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна, стырдӕр тых бавӕрын кӕй хъӕуы зулаив фыст дзырдты. Ма дӕ рох кӕнӕд, хъуыдыйады мидӕг дзырдтӕ кӕрӕдзийыл баст кӕй сты, уый дӕр. Фылдӕр хатт ӕргом аздахын фӕхъӕуы иу хицӕн дзырдмӕ нӕ, фӕлӕ дзырдты къордмӕ.

      Дарддӕр та дын, гӕнӕн ис, бауынаффӕ кӕна иу хъуыдыйадмӕ нӕ, фӕлӕ ӕнӕхъӕн скъуыддзагмӕ ӕркӕсын. Цы у абзацы сӕйраг хъуыды? Куыд хъуамӕ фӕзына уый, алы хицӕн хъуыдыйады дӕр тыхджындӕр хъӕлӕсӕй цы зӕгъдзынӕ, ууыл? Ӕркӕс статьяйы номмӕ ӕмӕ, уыцы абзац цы дӕлсӕргонды ис, уымӕ. Уыдон хынцгӕйӕ та цавӕр дзырдты хъӕуы стырдӕр тых бавӕрын? Адӕттӕ иууылдӕр хъуыдыйаг сты. Фӕлӕ цавд ӕгӕр бирӕ дзырдтыл ӕвӕрын дӕр хорз нӕу, ӕмӕ уымӕ дӕ хъус дар.

      Дӕхи ныхӕстӕй дӕ хъӕудзӕн дзурын ӕви дӕ исты бакӕсын хъӕудзӕн,— уынаффӕдӕттӕг ӕфсымӕр дӕ, гӕнӕн ис, баразӕнгард кӕна, цӕмӕй, цавд цы дзырдтыл сӕвӕрдзынӕ, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ ма дӕ зӕрдыл дарай ноджы иу цыдӕр: хъуыдытӕ кӕрӕдзийы фӕдыл куыд цӕуынц, уый. Хъуамӕ уынай, хъуыдыты хал кӕм фӕуд кӕны кӕнӕ иу сӕйраг хъуыды иннӕмӕ кӕм хизы, уый. Дӕ ныхасмӕхъусджытӕн стыр ӕххуыс бакӕндзынӕ, ахӕм бынӕттӕм ӕргом уӕлдай тынгдӕр куы здахай, уӕд. Ӕмӕ уый тыххӕй та цавд ӕвӕрын хъӕуы ахӕм ныхӕстыл: фыццаджы-фыццаг, дыккаг уый ӕмӕ, уымӕй дарддӕр, ӕппынфӕстаг, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы ӕ. ӕнд.

      Уынаффӕтӕ дын чи дӕтта, уый ма дын, гӕнӕн ис, дӕ хъус ӕрдара, кӕцыдӕр хъуыдытӕ уӕлдай зӕрдиагӕй кӕй хъӕуы зӕгъын, уымӕ дӕр. Ӕмӕ уӕд та цавд сӕвӕрын хъӕуы ахӕм дзырдтыл: ӕцӕг, ӕнӕмӕнг, ницы хуызы, уый гӕнӕн нӕй, хъӕуы ӕмӕ алкӕддӕр. Афтӕ куы бакӕнай, уӕд дӕ ныхас адӕмы зӕрдӕ тынгдӕр бацагайдзӕн. Ууыл бӕстондӕр дзырд цӕудзӕн 11-ӕм урочы, «Зӕрдӕйы хъарм ӕмӕ иннӕ ӕнкъарӕнтӕ».

      Цавд хъӕугӕ дзырдтыл ӕвӕрынӕн ма дын фӕахъаз уыдзӕн ноджыдӕр иу уынаффӕ: ӕппынӕдзухдӕр дӕ зӕрдыл дар, ныхасмӕхъусджыты зонды дӕ кӕй фӕнды ныффидар кӕнын, уыцы сӕйраг хъуыдытӕ. Ацы уынаффӕйӕ иннӕтӕн кӕсгӕйӕ куыд ис спайда кӕнӕн, ууыл ныхас цӕуы 7-ӕм урочы — «Сӕйраг хъуыдытӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй кӕс», ныхасы рацӕугӕйӕ дзы куыд пайда кӕнын хъӕуы, ууыл та — 37-ӕм урочы, «Сӕйраг хъуыдытӕ бӕрӕг куыд уой, ууыл архай», зӕгъгӕ.

      Кӕд дӕ хуыздӕр хъусын кӕнын фӕнды, уӕд дӕ хъус лӕмбынӕгдӕр дар, Библийы стихтӕ куыд фӕкӕсыс, уымӕ. Алы хатт дӕр-иу дӕхи бафӕрс: адӕймагӕн мӕ ацы стих цӕмӕн фӕнды бакӕсын? Ахуыргӕнӕг уӕвгӕйӕ дӕ хӕс уый нӕу, ӕмӕ ӕнӕуи алы дзырд дӕр раст бакӕсай; фаг нӕу текст аив бакӕсын дӕр. Кӕд адӕймагӕн йӕ фарстӕн дзуапп дӕттыс кӕнӕ йын Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй кӕцыдӕр амоныс, уӕд стырдӕр тых бавӕрын хъӕуы, ныхас цӕуыл у, уый стихы мидӕг бӕлвырдӕй чи ӕвдисы, уыцы дзырдтӕ кӕнӕ дзырдбӕстыты. Науӕд ын стих цӕмӕн бакастӕ, уый нӕ бамбардзӕн.

      Хъӕугӕ дзырдтӕ кӕнӕ дзырдбӕстытыл цавд ӕвӕргӕйӕ сӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй зӕгъын фӕхъӕуы, фӕлӕ ӕвӕлтӕрд ныхасгӕнджытӕн уыцы цавд арӕх ӕгӕр тыхджын фӕвӕййы. Раст, истӕуыл цӕгъдын ахуыр кӕнын чи райдайы, уый куыд фӕцӕгъды, афтӕ. Фӕлӕ ахуыргӕнинаг йӕхиуыл куыд куса, афтӕ йын зӕлтӕ донау ивылдзысты ӕмӕ сӕ уайдзӕн алӕмӕты рӕсугъд цагъд.

      Ныр зоныс, хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕрын цы у, уый. Дарддӕр та ахуыр кӕн, фӕлтӕрд ныхасгӕнджытӕм кӕсгӕйӕ. Дӕхӕдӕг ӕй фендзынӕ, хъӕугӕ дзырдты стырдӕр тых ӕвӕргӕйӕ ныхас куыд тынг фӕхъӕздыгдӕр вӕййы, уый. Фендзынӕ, хъуыды ирддӕрӕй равдисынӕн хуыздӕр кӕй у хъӕугӕ дзырдтыл цавд алыхуызӕтты ӕвӕрын. Хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕрын куы зонай, уӕд уый хорзӕрдӕм тынг фӕзындзӕн дӕ ныхасыл дӕр ӕмӕ дӕ касты хъӕдыл дӕр.

      Хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕрын уӕлӕнгай хъуыддаг нӕу; куыд тагъддӕр ыл акусай ӕмӕ дарддӕр куыд ацӕуай, ууыл ма хъуыды кӕн. Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ ӕцӕг дзырдарӕхст суай, уӕд кус ӕмӕ кус дӕхиуыл, цалынмӕ дын дӕ ныхасы хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕрын йӕхигъӕдӕй нӕ уайа, уӕдмӕ.

      КУЫД ИС УУЫЛ САХУЫР КӔНӔН

      • Хъуыдыйӕдты мидӕг агур сӕйраг дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ. Дӕ зӕрдыл дар, скъуыддзаг ӕнӕхъӕнӕй цӕуыл дзуры, уый.

      • Дӕ хъӕлӕс-иу фӕтыхджындӕр кӕн, 1) ӕндӕр хъуыдымӕ куы хизай ӕмӕ 2) цы дзурыс, уымӕ дӕ дӕ зӕрдӕйы ахаст равдисын куы фӕнда, уӕд.

      • Библийӕ кӕсгӕйӕ цавд ӕвӕр, стих цӕмӕн ӕрхастай, уый ӕвдисӕг дзырдтыл.

      ФӔЛТӔРӔНТӔ 1. Равзар, уацамынды арӕх кӕй ӕрхӕссыс, дыууӕ ахӕм стихы. Ахъуыды кӕн, уыцы стихтӕй алкӕцыдӕр цӕмӕн ӕрхӕссыс, цы дӕ дзы фӕфӕнды адӕймагӕн зӕгъын. Уый фӕстӕ сӕ хъӕрӕй бакӕс, ӕмӕ кӕсгӕ-кӕсын стырдӕр тых бавӕр, дӕ ныхасы сӕйраг хъуыдытӕ бӕлвырдӕй кӕм зынынц, уыцы дзырдтӕ кӕнӕ дзырдбӕстыты. 2. Лӕмбынӕг бакӕс Дзуттытӕм 1:1—14. Ахъуыды кӕн, ацы сӕры сӕйраг хъуыды бӕлвырдӕй равдисынӕн цавд цӕмӕн хъӕуы сӕвӕрын мӕнӕ ахӕм дзырдтыл: «пехуымпартӕ» (1 ст.), «Фырт» (2 ст.) ӕмӕ «зӕдтӕ» (4 ӕмӕ 5 ст.). Уыцы сӕр хъӕрӕй кӕсгӕйӕ цавд афтӕ ӕвӕр, хъуыдыты хал бӕрӕг куыд уа.

  • Сӕйраг хъуыдытӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй кӕс
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
    • 7 УРОК

      Сӕйраг хъуыдытӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй кӕс

      Цы бакӕнын дӕ хъӕуы?

      Хъӕрӕй кӕсгӕйӕ ӕргом здах канд хицӕн хъуыдыйӕдты сӕйраг хъуыдымӕ нӕ, фӕлӕ ӕгас ӕрмӕджы дӕр сӕйраг цы хъуыдытӕ сты, уыдонмӕ.

      Цӕмӕн хъӕуы?

      Сӕйраг хъуыдытӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй куы кӕсай, уӕд цы кӕсыс, уый адӕм хуыздӕр бахъуыды кӕндзысты.

      КӔСЫНМӔ хорз чи арӕхсы, уый ӕрмӕст хицӕн хъуыдыйад кӕнӕ, хъуыдыйад кӕм ис, ӕрмӕст уыцы абзац нӕ фӕуыны. Кӕсгӕ-кӕсын ӕппынӕдзух йӕ хъуыдыйы дары, ӕнӕхъӕн ӕрмӕджы сӕйраг цы хъуыдытӕ сты, уыдон. Уымӕй аразгӕ у, кӕсгӕ-кӕсын тыхджындӕр хъӕлӕсӕй цы зӕгъдзӕн, уый.

      Ӕнӕ уымӕй ныхас уыдзӕн иугъӕдон. Нӕдӕр дзы фӕз уыдзӕн, нӕдӕр къуылдым. Ӕмӕ йӕ каст куы фӕуа, уӕд ӕм чи хъуыста, уыдонӕн дзы бӕлвырд-бӕрӕгӕй сӕ бон ницы уыдзӕн ӕрхъуыды кӕнын.

      Сӕйраг хъуыдытӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй кӕсыныл куы архайай, уӕд дын Библи хъӕрӕй кӕсын дӕр бӕрӕг хуыздӕр уайдзӕн. Уый дын стыр ахъаз уыдзӕн Библи искӕимӕ ахуыр кӕнгӕйӕ кӕнӕ фембӕлдты ӕрмӕг кӕсгӕйӕ дӕр. Сӕйраг хъуыдытӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй кӕсын зонын уӕлдайдӕр хъӕуы, зӕгъӕм, конгрессы ӕнӕхъӕнӕй фыст раныхас кӕмӕн вӕййы, уыдоны.

      Куыд ис сӕйраг хъуыдытӕ ссарӕн ӕмӕ сӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй бакӕсӕн. Скъолайы дын, гӕнӕн ис, бахӕс кӕной Библийӕ скъуыддзаг бакӕсын. Цавӕр хъуыдытӕ дзы хъӕуы тыхджындӕр хъӕлӕсӕй бакӕсын? Кӕд уыцы скъуыддзаджы цавӕрдӕр сӕйраг хъуыды ис кӕнӕ дзы цыдӕр ахсджиаг цауы кой цӕуы, уӕд тыхджындӕр хъӕлӕсӕй бакӕсын хъӕуы растдӕр уый.

      Уыцы скъуыддзаг ӕмдзӕвгӕ уа, ӕмбисонд уа ӕви ӕнӕуи радзырд,— ныхасмӕхъусджытӕн ӕцӕг пайда уӕд фӕуыдзӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ йӕ куы бакӕсай (2 Тим. 3:16, 17). Уый тыххӕй хъуамӕ хорз ӕмбарай кӕсинаг ӕрмӕг дӕр ӕмӕ, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ чи сты, уый дӕр зонай.

      Библи искӕимӕ куы ахуыр кӕнай кӕнӕ ӕмбырды куы кӕсай хъӕрӕй, уӕд та дзы цавӕр хъуыдытӕ хъӕудзӕн тыхджындӕр хъӕлӕсӕй зӕгъын? Сӕйраг хъуыдытӕ, ома абзацмӕ фарстытӕн дзуапп чи дӕтта, уыцы хъуыдытӕ. Афтӕ ма, ставдӕй фыст сӕргондимӕ комкоммӕ цы хъуыдытӕ баст сты, уыдон.

      Ӕмбырды ныхасимӕ чи рацӕуы, уыдоны сӕ ныхас кӕрӕй-кӕронмӕ гӕххӕттыл фыссын ӕмӕ йӕ уырдыгӕй кӕсын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ конгрессты раныхӕстӕ кӕмӕн вӕййы, уыдонӕн хаттӕй-хатт бахӕс кӕнынц ӕнӕхъӕнӕй фыст раныхӕстӕ. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ ӕппӕт конгрессты дӕр адӕм хъуамӕ фехъусой уыцы иу хъуыдытӕ ӕмӕ хъуамӕ ӕмхуызон загъд ӕрцӕуой. Цӕмӕй ахӕм раныхасы ныхасгӕнӕджы сӕйраг хъуыдытӕ тыхджындӕрӕй загъд уой, уый тыххӕй фыццаджыдӕр хъӕуы ӕрмӕг бӕстон равзарын. Цы сты раныхасы сӕйраг хъуыдытӕ? Ныхасы рацӕуӕг сӕ иннӕ хъуыдытимӕ хъуамӕ ма хӕццӕ кӕна. Сӕйраг хъуыдытӕ уыдон не сты, йӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи фӕцыди. Уыдон сты ӕгас ӕрмӕгӕн дӕр йӕ рахӕцӕн — тӕккӕ ахсджиагдӕр хъуыдытӕ. Хатт сӕйраг хъуыды загъд вӕййы дыууӕ ныхасӕй, ӕмӕ йӕ фӕстӕ та вӕййы цавӕрдӕр цау кӕнӕ къорд бӕлвырдгӕнӕны. Фӕлӕ арӕхдӕр фыццаг вӕййы бӕлвырдгӕнӕнтӕ, уый фӕстӕ та, цы хатдзӕг сӕ скӕнӕн ис, уый — зӕрдӕ чи агайы, ахӕм арф хъуыдытӕ. Ныхасгӕнӕг уыцы ахсджиаг хъуыдытӕ куы сбӕлвырд кӕна, уӕд сӕ йӕ бон у тексты фӕнысан кӕнын. Уыдон бирӕ нӕ вӕййынц, иууыл фылдӕр — цыппар-фондз. Уый фӕстӕ хъуамӕ раныхас ӕнӕхъӕнӕй дӕр афтӕ бакӕса, адӕм уыцы хъуыдытӕ ӕнцонӕй куыд рахатой. Уыдон сты раныхасӕн йӕ «астӕумагъз», ӕхсызгонӕй дзы цы хъӕуы бахъуыды кӕнын, уый. Ӕмӕ ныхасгӕнӕг уыцы хъуыдытӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй куы бакӕса, уӕд сӕ адӕм хуыздӕр бахъуыды кӕндзысты. Уый хъуамӕ уа йӕ нысан.

      Сӕйраг хъуыдытӕ, иннӕ хъуыдыты ’хсӕн бӕрӕг куыд уой, афтӕ бакӕсынӕн алыхуызон мадзӕлттӕ ис. Зӕгъӕм, ис сӕ зӕрдӕбындӕрӕй зӕгъӕн, хъӕлӕсы уагӕй ӕнкъарӕнтӕ тынгдӕр равдисӕн, йе та каст фӕсындӕгдӕр кӕнӕн, къухамындтӕ, уӕнгты змӕлдӕй йӕ равдисӕн ӕмӕ а. д.

      ЦЫ ХЪӔУЫ ЗӔРДЫЛ ДАРЫН

      • Дзӕбӕх ахъуыды кӕн кӕсинаг ӕрмӕгыл. Сбӕрӕг кӕн, йӕ рахӕцӕн цы сӕйраг хъуыдытӕ сты, уыдон, ӕмӕ сӕ фӕнысан кӕн.

      • Цӕмӕй сӕйраг хъуыдытӕ бӕрӕг уой, уый тыххӕй сӕ бакӕс зӕрдӕбынӕй, йе та сындӕгдӕр, кӕнӕ де ’нкъарӕнтӕ дӕ хъӕлӕсы уагӕй тынгдӕр равдис.

      ФӔЛТӔРӔН «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыргӕнӕн статьяйӕ равзар фондз абзацы. Алы абзацы дӕр дзы фарстытӕн дзуаппытӕ ссар ӕмӕ сӕ бахахх кӕн. Стӕй уыцы абзацтӕ хъӕрӕй афтӕ бакӕс, ӕмӕ дӕм чи хъуса, уымӕн ӕнцон фӕхатӕн уа, дзуапп кӕм ис, уый.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын