Библийы чиныг 52 – 1 Фессалоникӕгтӕм
Ныффыста йӕ: Павел
Кӕм ӕрцыд фыст: Коринфы
Фыст фӕцис: н. э. 50 азмӕ ӕв.
НӔ ЭРӔЙЫ 50 азы апостол Павел йӕ дыккаг уацамындон балцы рӕстӕг уыд македойнаг горӕт Фессалоникӕйы ӕмӕ дзы сарӕзта чырыстон ӕмбырд. Уымӕй афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ Павел Силуанимӕ (Хъуыддӕгты чиныджы Силӕ) ӕмӕ Тимофеимӕ уыд Коринфы ӕмӕ сфӕнд кодта фессалоникӕгтӕм йӕ фыццаг фыстӕг ныффыссын, цӕмӕй сӕ ныфс бауагътаид ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад бафидар кодтаид. Ӕвӕццӕгӕн, уый уыди н. э. 50 азы кӕрон. Матфейы Евангелийӕ фӕстӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Павелы фыстӕджытӕй Библимӕ фыццаг хаст ӕрцыд ацы фыстӕг.
2 Фессалоникӕгтӕм фыццаг фыстӕгыл ӕууӕндӕн кӕй ис ӕмӕ раст кӕй у, уымӕн ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Павел йӕхи хоны йӕ ныффыссӕг ӕмӕ ацы фыстӕг баст у Хуыцауы Ныхасы иннӕ хаимӕ (1 Фес. 1:1; 2:18). Ацы фыстӕджы кой ис Фыстыты рагон каталогтӕй бирӕты, уыимӕ Мураторийы скъуыддзаджы дӕр. 1 Фессалоникӕгтӕм фыстӕгӕй скъуыддзӕгтӕ хастой кӕнӕ йӕ кой кодтой рагон аргъуаны фысджытӕ, уыимӕ Ириней дӕр (н. э. 2 ӕнус). Честер Биттийы папирусы №2 (P46) (фыст ӕрцыд н. э. 200 азмӕ ӕввахс) ис 1 Фессалоникӕгтӕм фыстӕг. Ӕндӕр папирусты та (P30) (фыст ӕрцыдысты н. э. 3 ӕнусы) ис 1 ӕмӕ 2 Фессалоникӕгтӕм фыстӕджытӕй скъуыддзӕгтӕ, абон сты Генты, Бельгийыa.
3 Фессалоникӕйы ӕмбырды цыбыр историмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд бамбардзыстӕм, Павел афтӕ тынг цӕмӕн тыхсти уыцы горӕты ӕфсымӕртыл. Куыддӕр ӕмбырд фӕзынд, афтӕ сӕ карзӕй ӕфхӕрын райдыдтой. Хъуыддӕгты 17 сӕры Лука фыссы, Павел ӕмӕ Силӕ кӕй ӕрцыдысты Фессалоникӕмӕ, «дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕн» кӕм уыд, уырдӕм. Уым ӕртӕ сабаты Павел хъусын кодта ӕмӕ ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Павел Фессалоникӕйы бирӕ рӕстӕг баззад, уымӕн ӕмӕ уым райдыдта кусын, ӕмӕ ноджы ахсджиагдӕр та – бындур ӕрӕвӕрдта чырыстон ӕмбырдӕн (Ап. хъ. 17:1; 1 Фес. 2:9; 1:6, 7).
4 Хъуыддӕгты 17:4–7 ирдӕй ӕвдыст цӕуы, Павелы уацамынд фессалоникӕгтыл куыд бандӕвта, уый. Павелмӕ бирӕтӕ кӕй хъуыстой, уымӕ гӕсгӕ дзуттӕгтӕ адӕмы ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ ӕнӕхъӕн горӕт сызмӕстой. Уыдон бабырстой Иасоны хӕдзармӕ, Павелы ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕрты горӕты хицӕутты размӕ ракодтой ӕмӕ хъӕр кодтой: «Уыцы адӕм сызмӕстой ӕгас дуне, ӕмӕ ныр ардӕм дӕр ӕрхӕццӕ сты, ӕмӕ сӕ Иасон суазӕг кодта. Адон се ’ппӕт дӕр цӕуынц кесӕры закъӕтты ныхмӕ ӕмӕ дзурынц, зӕгъгӕ, ис ӕндӕр паддзах, Йесо». Иасон ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕрты бахъуыд ӕхца бафидын, цӕмӕй сӕ рауагътаиккой. Павел ӕмӕ Силӕ, ӕфсымӕртыл ӕмӕ сӕхи ӕдасдзинадыл хъуыды кӕнгӕйӕ, ӕхсӕвы Веримӕ ацыдысты. Фӕлӕ куыдфӕды ма уыдаид, Фессалоникӕйы ӕмбырд арӕзт ӕрцыд.
5 Дзуттӕгтӕ Павелы Верийы дӕр уӕгъд нӕ уагътой ӕмӕ йӕ бахъуыд ацӕуын Афинтӕм, Грецимӕ. Фӕлӕ Павелы тынг фӕндыд базонын, уыцы карз ӕфхӕрды рӕстӕг йӕ фессалоникаг ӕфсымӕртӕ куыд уыдысты, уый. Дыууӕ хатты сӕм хъавыд ацӕуын, фӕлӕ та-иу ӕй «Сайтан бакъуылымпы кодта» (1 Фес. 2:17, 18). Уыцы ног ӕмбырдыл тынг кӕй тыхст ӕмӕ сын сӕ зындзинӕдтӕ хорз кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ сӕм Павел арвыста Тимофейы, цӕмӕй ӕфсымӕрты ныфс бауагътаид ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад бафидар кодтаид. Тимофей хорз хабӕрттимӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд Павел тынг цин кодта, стыр фӕлварӕнты рӕстӕг ӕфсымӕртӕ фидар кӕй фӕлӕууыдысты, ууыл. Афтӕмӕй фессалоникӕгтӕ Македони ӕмӕ Ахайы уырнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр систы фӕзминаг (1:6–8; 3:1–7). Иузӕрдион кӕй уыдысты, уый тыххӕй Павел бузныг уыд Йегъовӕ Хуыцауӕй, фӕлӕ ма ӕмбӕрста, дарддӕр дӕр сӕ разамынд ӕмӕ уынаффӕ кӕй хъуыд, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидардӕр кодтаид. Уымӕ гӕсгӕ Тимофей ӕмӕ Силуанимӕ Коринфы куы уыд, уӕд фессалоникӕгтӕм ныффыста йӕ фыццаг фыстӕг.
ЦЫ ПАЙДА У
13 Ацы фыстӕгӕй хорз зыны, Павел ӕфсымӕртыл куыд тынг тыхст, уый. Уыцы хъуыддаджы йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ кӕимӕ лӕггад кодта, уыдон дӕр сты фӕзминаг. Уыдон афтӕ тынг уарзтой ӕфсымӕрты, ӕмӕ сын ӕрмӕст Хуыцауы хорз хабар нӕ хъусын кодтой, фӕлӕ ма цӕттӕ уыдысты сӕ удтӕ раттынмӕ дӕр. Ӕмбырды цӕстдарджытӕ, сымах дӕр уе ’мбырды хоты ӕмӕ ’фсымӕрты афтӕ зӕрдиагӕй уарзут! Ахӕм уарзондзинад иннӕты дӕр разӕнгард кӕндзӕн кӕрӕдзи уарзынмӕ. Павел загъта: «Ӕмӕ уын нӕ Хицау ахӕм арфӕ ракӕнӕд, мах уӕ куыд уарзӕм, афтӕ сымах дӕр уӕ кӕрӕдзийы, стӕй алкӕйдӕр ноджы тынгдӕр, ноджы зӕрдиагдӕрӕй куыд уарзат». Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ахӕм уарзондзинад кӕй ис, уымӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Афтӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ бафидар вӕййынц, цӕмӕй «нӕ Хуыцау, нӕ Фыды раз алцӕмӕй дӕр сыгъдӕг уӕм, нӕ Хицау Йесо йе ’ппӕт сыгъдӕджытимӕ куы ’рцӕуа, уӕд». Уый фӕрцы чырыстӕттӕ дард лӕууынц ацы хӕлд ӕмӕ ӕнӕгъдау дунейӕ, ӕмӕ сӕ бон у сыгъдӕгӕй ӕмӕ ӕнаиппӕй цӕрын, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын (3:12, 13; 2:8; 4:1–8).
14 Ацы фыстӕг тынг хорз ӕвдисы, чырыстон ӕмбырды уӕзданӕй ӕмӕ фӕлмӕнӕй уынаффӕ дӕттӕн куыд ис, уый. Кӕд фессалоникаг ӕфсымӕртӕ зӕрдиагӕй архайдтой ӕмӕ ӕнувыд уыдысты, уӕддӕр сӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгты хъуыд бараст кӕнын. Фӕлӕ-иу сӕ Павел раппӕлыд сӕ хорз миниуджыты тыххӕй. Зӕгъӕм, куы сӕ фӕдзӕхста, ӕнӕгъдаудзинадӕй уӕхи хизут, зӕгъгӕ, уӕд уал сӕ фыццаг раппӕлыд, Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕныны тыххӕй алцыдӕр кӕй арӕзтой, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ сӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй афтӕ кӕной «ноджы зӕрдиагдӕрӕй» ӕмӕ сӕ алчидӕр архайа йӕ буар сыгъдӕг ӕмӕ кадджын куыд уа, ууыл. Ӕфсымӕрты кӕй уарзынц, уый тыххӕй сӕ куы раппӕлыд, уӕд та сын загъта, цӕмӕй сӕ уарзондзинад «ноджы тыхджындӕр» кӕна, алчидӕр сӕ йӕхи хъуыддаг араза ӕмӕ хӕдӕфсармӕй цӕра адӕмы ’хсӕн. Павел ӕфсымӕртӕн фӕлмӕнӕй бауынаффӕ кодта, цӕмӕй «сӕ кӕрӕдзийӕн дӕр ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хорз цы у, алкӕддӕр ууыл архайой» (4:1–7, 9–12; 5:15).
15 Павел цыппар хатты ныффыста Йесо Чырыстийы «ӕрцыды» тыххӕй. Фессалоникӕйы ӕрӕджы чырыстон чи сси, уыдоны, ӕвӕццӕгӕн, ацы ахуырады тыххӕй фылдӕр базонын фӕндыд. Павел уыцы горӕты хъӕбатырӕй хъусын кодта, Хуыцауы Паддзахады бартӕ Чырыстийы къухы кӕй сты, уый тыххӕй. Уый бӕрӕг у, йӕ ныхмӕ ӕмӕ йе ’мбӕлтты ныхмӕ цы дзырдтой, уымӕй: «Адон се ’ппӕт дӕр цӕуынц кесӕры закъӕтты ныхмӕ ӕмӕ дзурынц, зӕгъгӕ, ис ӕндӕр паддзах, Йесо» (Ап. хъ. 17:7; 1 Фес. 2:19; 3:13; 4:15; 5:23). Фессалоникаг ӕфсымӕртӕ сӕ ныфс дардтой уыцы Паддзахадыл ӕмӕ ӕууӕндыдысты Хуыцауыл ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕстысты «уӕлӕрвтӕй йӕ Фырты ’рцыдмӕ, ома мӕрдтӕй кӕй райгас кодта ӕмӕ мах ӕрцӕуинаг тӕрхоны азарӕй чи ирвӕзын кӕны, уыцы Йесомӕ». Афтӕ абон дӕр, йӕ ныфс Хуыцауы Паддзахадыл чи дары, уыдон се ’ппӕт дӕр хъуамӕ лӕмбынӕг хъусой 1 Фессалоникӕгтӕм фыстӕджы цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ. Уӕд сӕ уарзондзинад уыдзӕн ноджы тынгдӕр, сӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕндзысты ӕмӕ алцӕмӕй сыгъдӕг уыдзысты, цӕмӕй сӕ, «йӕ кадмӕ чи ӕрхуыдта, уыцы Хуыцауы раз куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрой» (1 Фес. 1:8, 10; 3:12, 13; 2:12).
[Фиппаинаг]
a «The Text of the New Testament», by Kurt and Barbara Aland, translated by E. F. Rhodes, 1987, p. 97, 99.