Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 хай. Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
    • ФАРСТАТӔ, ДОНАРГЪУЫД РАЙСЫН КӔЙ ФӔНДЫ, УЫДОНӔН

      1 хай. Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи кӕй ахуыр кодтай, уый фӕрцы рӕстдзинад базыдтай. Уый руаджы Хуыцаумӕ баввахс дӕ ӕмӕ дын фӕзынд ныфс, фидӕны Хуыцауы Паддзахады дӕлбар зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзынӕ ӕмӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕй уыдзынӕ, уымӕй. Ды Хуыцауы Ныхасыл фидарӕй баууӕндыдтӕ, ӕмӕ ӕмбырдтӕм кӕй цӕуыс, уый фӕрцы ныр дӕр хайджын дӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Дӕхи цӕстӕй уыныс, Йегъовӕ абон йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, уый (Зах. 8:23).

      Уӕдӕ кӕд ныр дӕхи донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ кӕныс, уӕд хорз уаид, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ демӕ Библийы сӕйраг ахуырӕдтыл куы аныхас кӕниккой (Дзут. 6:1–3). Йегъовӕ дын дарддӕр дӕр арфӕ кӕнӕд, цӕмӕй йӕ ноджы хуыздӕр базонай ӕмӕ дӕ схайджын кӕнӕд, зӕрдӕ нын цы хӕрзиуӕгӕй бавӕрдта, уымӕй! (Иоан. 17:3).

      1. Донаргъуыд райсын дӕ цӕмӕн фӕнды?

      2. Чи у Йегъовӕ?

      • «Йегъовӕ... у иунӕг ӕцӕг Хуыцау уӕлейӕ арвыл ӕмӕ бынӕй зӕххыл. Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй» (Дык. з. 4:39).

      • «Ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды... дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн» (Пс. 83:18).

      3. Хуыцаумӕ йӕ номӕй дзурын ахсджиагыл цӕмӕн нымайыс?

      • «Кувгӕ та кӕнут афтӕ: „Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном“» (Матф. 6:9).

      • «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн» (Ром. 10:13).

      4. Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый Библи цавӕр ныхӕстӕй ӕмбарын кӕны?

      • «Ӕххуысгӕнӕг мын у Йегъовӕ, арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг» (Пс. 121:2).

      • «Нӕ уӕларвон Фыд» (Матф. 6:9).

      • «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоан. 4:8).

      5. Дӕ бон цы у Йегъовӕ Хуыцауӕн раттын?

      • «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (Мар. 12:30).

      • «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн» (Лук. 4:8).

      6. Йегъовӕйыл иузӕрдион уай, уый дӕ цӕмӕн фӕнды?

      • «Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын» (Ӕмб. 27:11).

      7. Кӕмӕ фӕкувыс ӕмӕ кӕй номӕй фӕкувыс?

      • «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: мӕ Фыдӕй цыфӕнды ма ракурат мӕ номӕй [Йесойы номӕй],– ратдзӕн уын ӕй» (Иоан. 16:23).

      8. Дӕ бон цӕй тыххӕй у Хуыцаумӕ кувын?

      • «Кувгӕ та кӕнут афтӕ: „Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр. Ратт нын къӕбӕр абоны фаг. Ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ, мах дӕр, нӕ тӕригъӕды чи бацӕуы, уыдонӕн куыд ныххатыр кӕнӕм, афтӕ. Ма нӕ баппар фӕлварӕны ӕмӕ нӕ Фыдбылызӕй фервӕзын кӕн“» (Матф. 6:9–13).

      • «Мах ӕй фидарӕй зонӕм, ӕмӕ Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм,– хъусы нӕ» (1 Иоан. 5:14).

      9. Йегъовӕ адӕймаджы куывдтытӕ, гӕнӕн ис, цӕй тыххӕй ма хъуса?

      • «Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзӕн... фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй» (Мих. 3:4).

      • «Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ зӕрдиаг куывдтытӕм. Ӕвзӕрдзинад чи аразы, уыдонӕн та Йегъовӕ сӕ ныхмӕ у» (1 Пет. 3:12).

      10. Чи у Йесо Чырысти?

      • «Симон Петр ын дзуапп радта: „Ды дӕ Чырысти – удӕгас Хуыцауы Фырт“» (Матф. 16:16).

      11. Йесо зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд?

      • «Адӕймаджы Фырт... уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матф. 20:28).

      • «Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лук. 4:43).

      12. Дӕ бон куыд у равдисын, Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй дӕ?

      • «Уый амард се ’ппӕты тыххӕй дӕр, цӕмӕй, чи цӕры, уыдон сӕхицӕн мауал цӕрой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй чи амард ӕмӕ чи райгас, уымӕн» (2 Кор. 5:15).

      13. Чырыстимӕ цавӕр бартӕ ис?

      • «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр» (Матф. 28:18).

      • «Хуыцау [ӕй] ноджы уӕлдӕр сӕвӕрдта ӕмӕ йын нӕ бавгъау кодта, ӕппӕт иннӕ нӕмттӕй уӕлдӕр чи у, ахӕм ном» (Фил. 2:9).

      14. Уырны дӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет, Йесо кӕй сӕвӕрдта, уыцы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» кӕй у?

      • «Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакодта, цӕмӕй сын хӕринаг афоныл дӕтта?» (Матф. 24:45).

      15. Сыгъдӕг тых удгоймаг у?

      • «Ӕмӕ йын зӕд загъта: „Иунӕг Стыр Хуыцау дыл йӕ сыгъдӕг тых ӕруадздзӕн ӕмӕ дӕ йӕ хъаруйы фӕрцы йӕ дӕлбазыр бакӕндзӕн. Гъе уый тыххӕй, цы лӕппу дын райгуыра, уый хондзысты Хуыцауӕй ӕрвыст, Хуыцауы Фырт“» (Лук. 1:35).

      • «Ӕмӕ кӕд сымах, тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ, уӕ цотӕн хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг тых, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Лук. 11:13).

      16. Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй куыд пайда кӕны?

      • «Йегъовӕйы ныхасӕй фӕзынд арв, йӕ комытӕфӕй – цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон» (Пс. 33:6).

      • «Хуыцауы сыгъдӕг тых [уыл] куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8).

      • «Фыстады иу пехуымпар-ныхас дӕр кӕйдӕр хъуыдытӕм гӕсгӕ... нӕу, уымӕн ӕмӕ пехуымпар-ныхас адӕймаджы фӕндонмӕ гӕсгӕ загъд никуы уыд, фӕлӕ адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ» (2 Пет. 1:20, 21).

      17. Цы у Хуыцауы Паддзахад?

      • «Уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад. Уыцы паддзахад ӕндӕр адӕмы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн. Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм» (Дан. 2:44).

      18. Хуыцауы Паддзахады фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ?

      • «Ныссӕрфдзӕн [сын] сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Рарг. 21:4).

      19. Кӕцӕй йӕ зоныс, адӕм Хуыцауы Паддзахады арфӕдзинӕдтӕй тагъд рӕстӕджы кӕй схайджын уыдзысты?

      • «Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ [йӕм] хибарӕй бацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: „Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ, стӕй, кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?“ Йесо сын дзуапп радта: „...Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ. Стӕй куы иу ран, куы иннӕ ран адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг ӕмӕ уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ. Ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон“» (Матф. 24:3, 4, 7, 14).

      • «Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг. Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг, хиппӕлой, сӕрбӕрзонд, Хуыцауы фаудзысты, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты, хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты, уыдзысты мӕнгард, бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн, уыдзысты зындзырд, иннӕты фыдкой кӕндзысты, хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарздзысты, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты, Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ, сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауӕн кувӕг адӕм сты, фӕлӕ сӕ цардӕй та уый бӕрӕг нӕ уыдзӕн» (2 Тим. 3:1–5).

      20. Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы архайын ахсджиагыл кӕй нымайыс, уый куыд ӕвдисыс?

      • «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад» (Матф. 6:33).

      • «Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: „Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд, йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕуӕд“» (Матф. 16:24).

      21. Чи сты Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ?

      • «Сымахӕн уӕ фыд Хӕйрӕг у... Уый йӕхи фӕндагыл куы слӕууыд, уӕд дӕр уыди лӕгмар» (Иоан. 8:44).

      • «Стыр залиаг калм, Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи хуыйны, зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр чи сайы, уыцы рагон калм, зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд. Йемӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты йӕ зӕдтӕ дӕр» (Рарг. 12:9).

      22. Хӕйрӕг Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнджыты цавӕр хъуыддаджы фӕаххосджын кодта?

      • «Сылгоймаг калмӕн дзуапп радта: „Цӕхӕрадоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдоны дыргътӕй нын ис хӕрӕн. Фӕлӕ цӕхӕрадоны астӕу цы бӕлас ис, уымӕй нын Хуыцау афтӕ загъта: „Ма дзы бахӕрут, ӕвналгӕ дӕр ӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут“. Ӕмӕ йын уӕд калм загъта: „Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый“» (Райд. 3:2–5).

      • «Сайтан... Йегъовӕйӕн загъта: „Царм цармы тыххӕй. Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн“» (Иов 2:4).

      23. Дӕ бон куыд у ӕвдисын, Хӕйрӕджы ныхӕстӕ мӕнг кӕй сты?

      • «[Хуыцауӕн] лӕггад кӕн... дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ уӕд» (1 Аз. 28:9).

      • «Цалынмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!» (Иов 27:5).

      24. Адӕм цӕмӕн мӕлынц?

      • «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ром. 5:12).

      25. Мӕрдтӕ цы уавӕры сты?

      • «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц» (Еккл. 9:5).

      26. Чи амард, уыдонӕн цавӕр ныфс ис?

      • «Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыд. 24:15).

      27. Йесо Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон цал уыдзысты?

      • «Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон: мӕнӕ Сионы хохыл лӕууы Уӕрыкк, йемӕ та – сӕдӕ цыппор цыппар мины, йӕ ном ӕмӕ йӕ Фыды ном сӕ ныхтыл фыст кӕмӕн у, уыдон» (Рарг. 14:1).

  • 2 хай. Чырыстон цард
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
    • ФАРСТАТӔ, ДОНАРГЪУЫД РАЙСЫН КӔЙ ФӔНДЫ, УЫДОНӔН

      2 хай. Чырыстон цард

      Библи ахуыр кӕнгӕйӕ базыдтай, Йегъовӕ дӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ цард йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аразай. Цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ дӕ, ӕвӕццӕгӕн, бахъуыд дӕ уаг ӕмӕ де ’гъдауы цыдӕртӕ фӕивын, стӕй цардмӕ дӕр ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтай. Ӕмӕ Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрыс, уымӕ гӕсгӕ ныр дӕ бон у хорз хабар хъусынгӕнӕгӕй лӕггад кӕнын.

      Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон дын баххуыс кӕндзысты Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ дӕ зӕрдыл дарынӕн. Стӕй дын дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзысты, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, Хуыцау райгонд кӕмӕй у, ахӕм лӕггадгӕнӕг уай. Ацы хайы фӕрцы хуыздӕр бамбардзынӕ, куыд ахсджиаг у алцыдӕр сыгъдӕг цӕсгомӕй аразын ӕмӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йегъовӕйӕн кад хӕссын (2 Кор. 1:12; 1 Тим. 1:19; 1 Пет. 3:16, 21).

      Библи ахуыр кӕнгӕйӕ ныронг цы базыдтай, уый фӕрцы дӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бафӕндыд, цӕмӕй дӕхи Йегъовӕйы дӕлбар бакӕнай ӕмӕ йӕ организацимӕ ӕрбаиу уай. Дӕлдӕр цы фарстатӕ ӕмӕ Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдоны фӕрцы фендзынӕ, ӕмбырды ӕмӕ бинонты ’хсӕн Йегъовӕйы ӕвӕрд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ архайын цы нысан кӕны, уый хорз ӕмбарыс ӕви нӕ. Стӕй ахъуыды кӕндзынӕ, политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсай, ууыл дӕр. Ацы фарстаты фӕрцы тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ, Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд ахуыр кӕны ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад куыд фидар кӕны, уымӕн. Зӕгъӕм, тынгдӕр бузныг уыдзынӕ ӕмбырды фембӕлдты тыххӕй, ӕмӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, иу фембӕлд дӕр нӕ цух кӕндзынӕ, стӕй дзы архайгӕ дӕр кӕндзынӕ.

      Уымӕй уӕлдай, ацы хайы дзырд цӕудзӕн, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕдзухдӕр хъусын кӕнын куыд ахсджиаг у, ууыл. Афтӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у ӕмӕ адӕмы фервӕзын кӕнынӕн цы аразы, уый тыххӕй базонынӕн (Матф. 24:14; 28:19, 20). Ӕппынфӕстаг, ноджыдӕр ма иу хатт лӕмбынӕг ахъуыды кӕндзынӕ, дӕхи Йегъовӕ Хуыцауӕн кӕй нывонд кӕныс ӕмӕ донаргъуыд кӕй исыс, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕй, ууыл. Зон ӕй: Йегъовӕ дын цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уымӕн кӕй аргъ кӕныс, уый йын тынг ӕхсызгон у.

      1. Хуыцау бинонты цардӕн цавӕр ӕгъдау сфидар кодта? Библимӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕныны бар кӕд ис?

      • «Ау, нӕ кастыстут, райдианы сӕ чи сфӕлдыста, уый сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй кӕй сфӕлдыста, ӕмӕ кӕй загъта: „Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар“? Гъемӕ дыууӕ нал сты, фӕлӕ – иу буар. Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд. Йӕ усмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны» (Матф. 19:4–6, 9).

      2. Лӕг ӕмӕ усы цард чи кӕны, уыдоны хицауады закъонмӕ гӕсгӕ сӕ къухтӕ ӕрфыссын цӕмӕн хъӕуы? Кӕд дын цардӕмбал ис, уӕд уӕ къухтӕ ӕрфыстат?

      • «Амӕй фӕстӕмӕ дӕр сын сӕ зӕрдыл лӕууын кӕн, цӕмӕй хицауӕдтӕм ӕмӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдонмӕ хъусой ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсой» (Тит. 3:1).

      • «Йӕ бинонты цард уӕ алкӕй цӕсты дӕр уӕд кадджын ӕмӕ уӕ хуыссӕнуат ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ, хӕтгӕ чи кӕны ӕмӕ йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдонӕн Хуыцау кӕндзӕн тӕрхон» (Дзут. 13:4).

      3. Бинонты ’хсӕн дын цавӕр хӕстӕ ис?

      • «Мӕ хъӕбул, хъус дӕ фыды зондамындмӕ ӕмӕ дын дӕ мад цы закъон амоны, уый ма рох кӕн» (Ӕмб. 1:8).

      • «Лӕг у усӕн йӕ сӕрыхицау, Чырысти ӕмбырды, йӕ буары, сӕр куыд у, афтӕ. Лӕгтӕ, уӕ устыты алкӕддӕр уарзут, Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта... афтӕ» (Еф. 5:23, 25).

      • «Фыдӕлтӕ, сымах та уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, фӕлӕ сӕ хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут» (Еф. 6:4).

      • «Сывӕллӕттӕ, алы хъуыддаджы дӕр уӕ ныййарджытӕм хъусут, уымӕн ӕмӕ уый цӕуы нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ» (Кол. 3:20).

      • «Устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут» (1 Пет. 3:1).

      4. Цардӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм?

      • «[Хуыцау] алкӕмӕн дӕр йӕхӕдӕг дӕтты цард дӕр, улӕфт дӕр ӕмӕ алцыдӕр. Мах уый фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ стӕм» (Хъуыд. 17:25, 28).

      5. Раст цӕуылнӕ у искӕй цард байсын, уыимӕ, чи нӕма райгуырд, ахӕм сывӕллоны цард дӕр?

      • «Лӕгтӕ куы хыл кӕной ӕмӕ сывӕрджын сылгоймаджы куы ныццӕвой ӕмӕ... исчи куы амӕла, уӕд... хъуамӕ фыст ӕрцӕуа уды тыххӕй уд» (Рац. 21:22, 23).

      • «Ды мӕ федтай, гуырдз йеддӕмӕ куы ницыма уыдтӕн, уӕд. Дӕ чиныджы фыст уыди, ме уӕнгтӕ иууылдӕр кӕд фӕзындысты, уыцы бонты тыххӕй, кӕд ӕмӕ дзы иу дӕр нӕма уыди, уӕддӕр» (Пс. 139:16).

      • «Йегъовӕ... уыны йе сӕфт... ӕнаххос туг чи калы, ахӕм къухтӕй» (Ӕмб. 6:16, 17).

      6. Хуыцау туджы тыххӕй цы бафӕдзӕхста?

      • «Уӕхи хизут... тугӕй, хӕдмӕл фосы дзидзайӕ» (Хъуыд. 15:29).

      7. Нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм?

      • «Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:34, 35).

      8. Адӕймаг мӕлгӕ дӕр кӕмӕй акӕны, ахӕм хӕцгӕ низӕй рынчын чи у, ахӕм адӕймаг хъуамӕ иннӕтыл йӕ низ ма бахӕцын кӕна. а) Ахӕм адӕймаг иннӕтӕн хъӕбыстӕ ӕмӕ пъатӕ цӕуылнӕ хъуамӕ кӕна? б) Исчи йӕ сӕхимӕ уазӕгуаты куы нӕ фӕхона, уӕд цӕуылнӕ хъуамӕ фӕхъыг уа? в) Кӕд адӕймагӕн тӕссаг уыд, хӕцгӕ низӕй фӕрынчын уа, уымӕй, уӕд, цалынмӕ искӕимӕ ӕмбӕлын райдайа, уӕдмӕ туджы анализ цӕмӕн хъуамӕ ратта? г) Хӕцгӕ низӕй рынчын чи у, ахӕм адӕймаг, цалынмӕ донаргъуыд нӕ райса, уӕдмӕ йӕ низы тыххӕй ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты советы координаторӕн цӕмӕн хъуамӕ зӕгъа?

      • «Макӕмӕй мацы хӕс дарут. Ис уыл ӕрмӕстдӕр иу хӕс – кӕрӕдзи уарзын... ...„Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“. Чи уарзы, уый иннӕмӕн ӕвзӕрдзинад нӕ аразы» (Ром. 13:8–10).

      • «Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр» (Фил. 2:4).

      9. Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕн хатыр кӕнӕм?

      • «Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат» (Кол. 3:13).

      10. Де ’фсымӕр дӕ фыдкой куы кӕна кӕнӕ дыл сайдӕй куы рацӕуа, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай?

      • «Де ’фсымӕр тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд ӕм бацу ӕмӕ йын йӕ рӕдыд хибарӕй зӕгъ. Кӕд дӕм байхъуса, уӕд ссардтай де ’фсымӕры. Кӕд дӕм нӕ байхъуса, уӕд демӕ акӕн ноджыдӕр иу кӕнӕ дыууӕ адӕймаджы, цӕмӕй алы хъуыддаг дӕр сбӕлвырд уа дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ. Кӕд уыдонмӕ дӕр нӕ байхъуса, уӕд та зӕгъ ӕмбырдӕн. Ӕмӕ ӕмбырдмӕ дӕр куы нӕ байхъуса, уӕд та дын иннӕ адӕмӕй ӕмӕ хъалонисджытӕй уӕлдай ма уӕд» (Матф. 18:15–17).

      11. Йегъовӕ ацы тӕригъӕдтӕм цы цӕстӕй кӕсы?

      ▪ Хӕтындзинад, ӕнӕгъдау митӕ

      ▪ Хуыцаумӕ иконӕты руаджы кувын

      ▪ Гомосексуализм

      ▪ Давын

      ▪ Ӕхцайыл хъазын

      ▪ Фыднозт кӕнын

      • «Уӕхи ма сайут. Нӕдӕр хӕтаг адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ; нӕдӕр, йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдон; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтӕ хӕлд митӕ цы нӕлгоймӕгтимӕ кӕнынц, уыдон; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕ; нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр зыд адӕймӕгтӕ, нӕдӕр расыггӕнджытӕ; нӕдӕр, иннӕты чи ӕлгъиты ӕмӕ адӕмы чи стигъы, уыдон – Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты» (1 Кор. 6:9, 10).

      12. Хӕтындзинадмӕ хауы, адӕймаг, закъонмӕ гӕсгӕ йӕ цардӕмбал чи нӕу, уыимӕ ӕмуат куы ӕрцӕуы кӕнӕ ӕндӕр ӕнӕгъдау митӕ куы фӕкӕны, уый. Ды фидарӕй аскъуыддзаг кодтай, ахӕм хъуыддӕгтӕй дӕхи кӕй хиздзынӕ?

      • «Хӕтындзинадӕй дард лидзут» (1 Кор. 6:18).

      13. Нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм, туг кӕуыл сахуыр вӕййы кӕнӕ зонд кӕмӕй ныкъкъуырма вӕййы, ахӕм препараттӕй (дзырд нӕ цӕуы, дохтыр кӕй рафыссы, ахӕмтыл)?

      • «Уӕ буӕрттӕ раттут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывондӕн – лӕггад ын кӕнут, арф хъуыды кӕнут, афтӕмӕй. Ӕмӕ ацы дуне мауал фӕзмут, фӕлӕ уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут, цӕмӕй-иу бамбарат, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (Ром. 12:1, 2).

      14. Хӕйрӕджытимӕ баст чи сты ӕмӕ нӕ Хуыцау кӕмӕй фӕдзӕхсы, уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?

      • «Уе ’хсӕн хъуамӕ ма уа ахӕм адӕймаг... дӕсны чи фӕрсы, кӕлӕнтӕ чи кӕны, нысӕнттӕ чи халы, хинтӕ чи кӕны ӕмӕ, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, уыдонмӕ чи цӕуы, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ чи дзуры кӕнӕ мӕрдты чи фӕрсы» (Дык. з. 18:10, 11).

      15. Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, ахӕм адӕймаджы ногӕй Йегъовӕйы хорзӕх ссарын куы фӕнда, уӕд ӕвӕстиатӕй цы хъуамӕ сараза?

      • «Мӕ тӕригъӕд [дын] раргом кодтон, нӕ басусӕг кодтон мӕ рӕдыд. Ӕз загътон: „Йегъовӕйӕн мӕ тӕригъӕдтӕ раргом кӕндзынӕн“» (Пс. 32:5).

      • «Исчи уӕ рынчын у? Уӕд фӕдзурӕд ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм, ӕмӕ йын уыдон скувӕнт ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы номӕй сойӕ байсӕрдӕнт. Ӕмӕ уырнындзинадӕй райгуыргӕ куывды фӕрцы рынчын сдзӕбӕх уыдзӕн, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн. Ӕмӕ кӕд исты тӕригъӕдтӕ ракодта, уӕд ын уыдон дӕр хатыргонд ӕрцӕудзысты» (Иак. 5:14, 15).

      16. Де ’мчырыстон, стыр тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый куы базонай, уӕд цы хъуамӕ саразай?

      • «Исчи искӕй ӕвзӕрдзинад аразгӕ куы фена, уыцы хъуыддагӕн ӕвдисӕн куы уа кӕнӕ уый тыххӕй исты куы зона ӕмӕ, адӕмы ӕлгъыст фехъусгӕйӕ, цы зоны, уый куы нӕ зӕгъа, уӕд ракодта тӕригъӕд, ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ дзуапп ратта» (Лев. 5:1).

      17. Хо кӕнӕ ӕфсымӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй нал у, уый тыххӕй ӕмбырды куы фехъусын кӕной, уӕд нӕхи йемӕ куыд хъуамӕ дарӕм?

      • «Иумӕйагӕй [уын] мацыуал уӕд, ӕфсымӕр уӕвгӕйӕ, хӕтаг кӕнӕ зыд адӕймаг чи у, кӕнӕ мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, кӕнӕ иннӕты чи ӕфхӕры, кӕнӕ расыггӕнаг чи у, кӕнӕ адӕмы чи стигъы, уыимӕ. Ахӕмимӕ иу фынгыл дӕр ма бадут» (1 Кор. 5:11).

      • «Исчи уӕм куы ’рцӕуа ӕмӕ уӕм ацы ахуырад куы не ’рхӕсса, уӕд ӕй уӕ хӕдзармӕ дӕр ма бауадзут ӕмӕ йын салам дӕр ма дӕттут» (2 Иоан. 10).

      18. Де ’ввахс ӕмбӕлттӕ, Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм адӕймӕгтӕ цӕмӕн хъуамӕ уой?

      • «Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕны, уый та фыдбылызы бахаудзӕн» (Ӕмб. 13:20).

      • «Ма рӕдийут. Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Кор. 15:33).

      19. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты цӕуылнӕ архайынц?

      • «Ӕз [Йесо] куыд нӕ дӕн ацы дунейӕ, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты» (Иоан. 17:16).

      20. Хицауады коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсай?

      • «Алы адӕймаг дӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй чи нӕу, ахӕм хицаудзинад нӕй. Хицӕуттӕн цы бартӕ ис, уыдон сын Хуыцауӕй лӕвӕрд сты» (Ром. 13:1).

      21. Хицауады закъон Хуыцауы закъоны ныхмӕ куы уа, уӕд куыд бакӕндзынӕ?

      • «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыд. 5:29).

      22. Куыст ӕвзаргӕйӕ дын цавӕр стихтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дын ацы дунеимӕ иумӕйагӕй мацы уа?

      • «Иу адӕм иннӕ адӕммӕ хъама нал сисдзӕн ӕмӕ хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты» (Мих. 4:3).

      • «Рацӕут дзы [Стыр Вавилонӕй], мӕ адӕм, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтӕ сымахыл дӕр ма уой ӕмӕ уыл йӕ бӕллӕхтӕ ма ’рцӕуой» (Рарг. 18:4).

      23. Дӕхи куыд ирхӕфсдзынӕ ӕмӕ дӕ рӕстӕг куыд ӕрвитдзынӕ? Дӕхи цавӕр ирхӕфсӕнтӕй хиздзынӕ?

      • «Йегъовӕ... фыддзинад чи уарзы, уымӕй... йе сӕфт уыны» (Пс. 11:5).

      • «Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут, хорз цы у, ууыл та фидар хӕцут» (Ром. 12:9).

      • «Цыдӕриддӕр у ӕцӕг, цыдӕриддӕр у ахсджиаг, цыдӕриддӕр у раст, цыдӕриддӕр у сыгъдӕг, цыдӕриддӕр у уарзинаг, хорз цӕмӕйдӕриддӕр фӕзӕгъынц, цыдӕриддӕр у хӕрзӕгъдау ӕмӕ раппӕлинаг,– уыдӕттыл хъуыды кӕнут ӕдзухдӕр» (Фил. 4:8).

      24. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иннӕ динтимӕ Хуыцауӕн цӕуылнӕ лӕггад кӕнынц?

      • «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ „Йегъовӕйы фынгӕй дӕр хӕрат“ ӕмӕ хӕйрӕджыты фынгӕй дӕр» (1 Кор. 10:21).

      • «„Уӕхи [сӕ] фӕхицӕн кӕнут,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ, чъизи цы у, ахӕмӕй мацӕмӕуал ӕвналут“, „ӕмӕ уӕ ӕз ме уазӕг бакӕндзынӕн“» (2 Кор. 6:17).

      25. Цавӕрдӕр бӕрӕгбон бӕрӕг кӕндзынӕ ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн дын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты?

      • «Райдыдтой иннӕ адӕмтимӕ хӕццӕ кӕнын ӕмӕ сын сӕ хъуыддӕгтыл ахуыр кӕнын. Куывтой сын сӕ мӕнгхуыцӕуттӕн, ӕмӕ сын уыдон систы къӕппӕг» (Пс. 106:35, 36).

      • «Мӕрдтӕ... ӕппындӕр ницы зонынц» (Еккл. 9:5).

      • «Ӕз куыд нӕ дӕн ацы дунейӕ, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты» (Иоан. 17:16).

      • «Фаг уын у, раздӕр ацы дунейы адӕмы зондмӕ гӕсгӕ кӕй цардыстут, уый: хӕлд митӕ кодтат, уе ’нӕфсарм монцты фӕдыл цыдыстут, нозтӕй бӕрц нӕ зыдтат, ӕнӕуаг цӕл-минас кодтат, фыднозт кодтат ӕмӕ кодтат нӕфӕтчиаг хъуыддаг – мӕнгхуыцӕуттӕн куывтат» (1 Пет. 4:3).

      26. Библийы цӕвиттонтӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты, гуырӕнбонтӕ бӕрӕг кӕндзынӕ ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн?

      • «Ӕртыккаг бон фараонӕн уыди йӕ гуырӕнбон, ӕмӕ скодта куывд, фӕхуыдта йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр. Ӕмӕ сӕндарты хистӕры ӕмӕ дзулгӕнджыты хистӕры йӕ лӕггадгӕнджыты размӕ ӕрбакӕнын кодта. Гъемӕ сӕндарты хистӕры фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕрдта... Дзулгӕнджыты хистӕры та ӕрцауыгъта» (Райд. 40:20–22).

      • «Иродӕн йӕ гуырӕнбон куы уыди, уӕд уым кафыд Иродиадӕйы чызг. Йӕ кафт Ироды зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ йын расомы кодта, цыдӕриддӕр мӕ ракурай, уый дын ратдзынӕн, зӕгъгӕ. Уӕд чызг йӕ мады ардыдӕй загъта: „Тӕбӕгъыл мын Аргъауӕг Иоанны сӕр ӕрбахӕсс“. Ӕмӕ йӕ адӕмы арвыста, ӕмӕ ахӕстоны Иоаннӕн йӕ сӕр акъуырдтой» (Матф. 14:6–8, 10).

      27. Цӕмӕн дӕ фӕнды хистӕр нӕлгоймӕгты разамындмӕ хъусын?

      • «Разамынд уын чи дӕтты, уыдон ӕдзухдӕр сымахыл тыхсынц, уымӕн ӕмӕ сӕ сымах тыххӕй дзуапп раттын хъӕудзӕн. Ӕмӕ сӕм уӕдӕ хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут, цӕмӕй уыцы хъуыддаг ӕвӕндонӕй ма кӕной, фӕлӕ зӕрдиагӕй. Ӕвӕндонӕй йӕ куы кӕной, уӕд уый сымахӕн хорз нӕу» (Дзут. 13:17).

      28. Дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕ дӕр ахсджиагыл цӕмӕн нымайут ӕдзухдӕр рӕстӕг хицӕн кӕнын, цӕмӕй Библи кӕсат ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнат?

      • «Уыцы адӕймагӕн циндзинад хӕссы Йегъовӕйы закъон, ӕмӕ йын йӕ закъон ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕсы сабыр хъӕлӕсӕй. Уый уыдзӕн доны был сагъд бӕласы хуызӕн, йӕ афоныл дыргъ чи дӕтты ӕмӕ йӕ сыфтӕр кӕмӕн нӕ хус кӕны. Цыфӕнды ма араза – алцыдӕр ын бантысдзӕн» (Пс. 1:2, 3).

      29. Ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ дзы архайын цӕмӕн уарзыс?

      • «Ӕз дӕ ном фехъусын кӕндзынӕн ме ’фсымӕртӕн. Ӕмбырды астӕу дӕ кадджын кӕндзынӕн» (Пс. 22:22).

      • «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» (Дзут. 10:24, 25).

      30. Йесо нын цавӕр ахсджиаг хъуыддаг бахӕс кодта?

      • «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд... ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын» (Матф. 28:19, 20).

      31. Цӕмӕй нӕ Йегъовӕ райгонд уа, уый тыххӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн кӕнӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕнынӕн мысайнӕгтӕ цавӕр зӕрдӕйы уагимӕ хъуамӕ дӕттӕм?

      • «Кад кӕн Йегъовӕйӕн – дӕтт ын, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый» (Ӕмб. 3:9).

      • «Уӕдӕ алчидӕр кӕнӕд, йӕхицӕн куыд загъта, афтӕ – мацы кӕнӕд ӕвӕндонӕй кӕнӕ тыххӕй кӕнӕгау, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы» (2 Кор. 9:7).

      32. Чырыстӕттӕ, гӕнӕн ис, цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлой?

      • «Амондджын сты, рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдон, уымӕн ӕмӕ уыдоны у уӕларвон паддзахад. Амондджын уыдзыстут, мӕн тыххӕй уын адӕм куы фидистӕ кӕной, уӕ фӕдыл куы зилой ӕмӕ уыл алы ӕвзӕртӕ куы мысой. Уӕ зӕрдӕ райӕд ӕмӕ цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕм уӕлӕрвты ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хӕрзиуӕг,– афтӕ ӕфхӕрдтой, уӕ размӕ цы пехуымпартӕ уыд, уыдоны дӕр» (Матф. 5:10–12).

      33. Донаргъуыд райсай ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суай, уый стыр кад цӕмӕн у?

      • «Дӕ ныхас мын свӕййы цины хос, мӕ зӕрдӕ мын цинӕй байдзаг кӕны, уымӕн ӕмӕ ӕз хӕссын дӕ ном... Хуыцау Йегъовӕ» (Йер. 15:16).

  • Донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уыдонимӕ кӕронбӕттӕн фембӕлд
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
    • ФАРСТАТӔ, ДОНАРГЪУЫД РАЙСЫН КӔЙ ФӔНДЫ, УЫДОНӔН

      Донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уыдонимӕ кӕронбӕттӕн фембӕлд

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ донаргъуыд фӕдӕттынц конгрессты, ӕмӕ дзы уый фӕдыл вӕййы раныхас. Ӕфсымӕр уыцы раныхасы кӕрон фӕзӕгъы, цӕмӕй, донаргъуыд чи исы, уыдон сыстой ӕмӕ хъӕрӕй дзуапп раттой дыууӕ фарстайӕн:

      1. Дӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтай, дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтай ӕмӕ, Хуыцау адӕмы Йесо Чырыстийы фӕрцы кӕй ирвӕзын кӕны, ууыл баууӕндыдтӕ?

      2. Ӕмбарыс ӕй, донаргъуыд куы райсай, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй суыдзынӕ ӕмӕ Йегъовӕйы организацийы кӕй лӕггад кӕндзынӕ?

      Донаргъуыд чи исы, уыдон ацы фарстатӕн разыйы дзуапп куы раттынц, уӕд уымӕй ӕргом равдисынц, Чырысти йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, ууыл кӕй ӕууӕндынц ӕмӕ сӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой (Ром. 10:9, 10). Уымӕ гӕсгӕ, донаргъуыд чи иса, уый уал хъуамӕ скува ӕмӕ ацы фарстатыл рагацау ахъуыды кӕна, цӕмӕй уый фӕстӕ фидарӕй дзуапп ратта.

      Йегъовӕмӕ скуывтай ӕмӕ йын дзырд радтай, ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй лӕггад кӕндзынӕ ӕмӕ дын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын царды ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй уыдзӕн, ӕмӕ йын афтӕмӕй дӕхи снывонд кодтай?

      Иу хатт ма ахъуыды кӕн: ӕцӕгдӕр дӕ фӕнды, куыддӕр фадат фӕзына, афтӕ донаргъуыд райсын?

      Донаргъуыд цавӕр уӕлӕдарӕсы ӕмбӕлы райсын? (1 Тим. 2:9, 10; Иоан. 15:19; Фил. 1:10).

      Нӕ дарӕсӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, «хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ» кӕй стӕм. Афтӕмӕй ӕвдисдзыстӕм, «Хуыцауыл иузӕрдион» кӕй стӕм. Уымӕ гӕсгӕ, донаргъуыд чи исдзӕн, уыдон, ӕгӕр гом чи у, ахӕм найӕн дарӕс, йе та, алыхуызон фыстытӕ кӕнӕ нывтӕ кӕуыл ис, ахӕм дарӕс не скӕндзысты. Хъуамӕ-иу скӕной аив, сыгъдӕг, зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ, уыцы уавӕры чи сфидаудзӕн, ахӕм дарӕс.

      Донаргъуыд исгӕйӕ адӕймаг йӕхи куыд хъуамӕ дара? (Лук. 3:21, 22).

      Ацы хъуыддаджы чырыстӕттӕн фӕзминаг у, Йесо донаргъуыд исгӕйӕ йӕхи куыд дардта, уый. Йесо ӕмбӕрста, донаргъуыд ахсджиаг къахдзӕф кӕй у, ӕмӕ уый бӕрӕг уыд йӕ зӕрдӕйы уагӕй дӕр ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Уымӕ гӕсгӕ, раст нӕ уаид, донаргъуыд кӕм дӕтдзысты, уым, чи не ’мбӕлы, ахӕм хъазӕн ныхӕстӕ кӕнын, ленчытӕ кӕнын, хъазын кӕнӕ ӕндӕр ахӕм митӕй уыцы хъуыддаджы кад дӕлӕмӕ кӕнын. Донаргъуыд чи райса, уый хъуамӕ йӕхи афтӕ дӕр ма дара, цыма ерысы рамбылдта. Донаргъуыд райсын цины хъуыддаг у, фӕлӕ цин кӕнынӕн дӕр уаг ӕмӕ ӕгъдау ис.

      Ӕмбырдтӕм ӕдзух куы цӕуай ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл дӕхи куы бӕттай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уымӕ гӕсгӕ цӕрынӕн?

      Ахсджиаг цӕмӕн у донаргъуыды фӕстӕ дӕр Библи хорз пъланмӕ гӕсгӕ иртасын ӕмӕ ӕдзух уацамынды цӕуын?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын