-
Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
-
-
6 СӔР
Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
1–3. Мӕлӕты тыххӕй адӕммӕ цавӕр фарстатӕ фӕзыны ӕмӕ иуӕй-иу динтӕ уыцы фарстатӕн цавӕр дзуаппытӕ дӕттынц?
БИБЛИ нын зӕрдӕ ӕвӕры, ахӕм рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ «нал уыдзӕн... мӕлӕт» (Раргомад 21:4). 5-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Чырыстийы нывонды фӕрцы нӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын. Фӕлӕ нырма адӕм мӕлынц (Екклесиаст 9:5). Уӕдӕ нӕ хъӕуы ахӕм ахсджиаг фарстайӕн дзуапп базонын: адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
2 Ацы фарстайӕн дзуапп базонын адӕймагӕн уӕлдай ахсджиаг вӕййы, йӕ хиуӕттӕй кӕнӕ йе ’мбӕлттӕй исчи куы амӕлы, уӕд. Чи зоны, фӕхъуыды кӕны: «Цымӕ ныр кӕм ис? Уыны мӕ? Йӕ бон мын баххуыс кӕнын у? Искуы ма йӕ фендзынӕн?»
3 Ацы фарстатӕн динтӕ алыхуызон дзуаппытӕ дӕттынц. Иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, хорз адӕм уӕлӕрвтӕм ацӕуынц, ӕвзӕр адӕм та, дам, зындоны арты фӕсудзынц. Иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд фӕцӕры, йӕ хиуӕттӕй чи амард, уыдонимӕ. Чидӕртӕ та хъуыды кӕнынц, чи амӕлы, уый ногӕй, ӕндӕр буары кӕй райгуыры.
4. Мӕлӕты тыххӕй динтӕ цы ахуырӕдтыл хӕст сты, уыдон ӕмхуызон цӕмӕй сты?
4 Мӕлӕты тыххӕй алыхуызон динтӕ цы ахуырӕдтыл хӕст сты, уыдон кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц. Фӕлӕ, зӕгъӕн ис, иууылдӕр иу цӕмӕйдӕр ӕмхуызон сты: адӕймаг куы амӕлы, уӕд, дам, дзы цыдӕр цӕргӕйӕ баззайы. Цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у?
АДӔЙМАГ КУЫ АМӔЛЫ, УӔД ЦЫ ФӔВӔЙЙЫ?
5, 6. Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
5 Йегъовӕ зоны, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы, уый. Уый нын раргом кодта, адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ цард кӕй фӕвӕййы. Уӕдӕ, чи амӕлы, уымӕй цӕргӕйӕ ницыуал баззайыa. Мард уынгӕ дӕр нал фӕкӕны ӕмӕ хъусгӕ дӕр, стӕй хъуыды кӕнын дӕр йӕ бон нал вӕййы.
6 Паддзах Соломон ныффыста: «Мӕрдтӕ... ӕппындӕр ницы зонынц». Сӕ бон нӕу нӕдӕр уарзын, нӕдӕр искӕмӕ фыдзӕрдӕ дарын, ӕмӕ «ингӕны... нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр зонындзинӕдтӕ, нӕдӕр зонд». (Бакӕс Екклесиаст 9:5, 6, 10.) Псаломы 146:4 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, дам, чи амӕлы, уымӕн «йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр» фесӕфынц.
ЙЕСО МӔЛӔТЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ЗАГЪТА?
Йегъовӕ адӕмы сфӕлдыста зӕххыл ӕнустӕм цӕрынӕн
7. Йесо мӕлӕты тыххӕй цы загъта?
7 Йесойӕн йе ’ввахс ӕмбал Лазӕр куы амард, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Не ’мбал Лазӕр бафынӕй». Фӕлӕ уыдон Йесойы ныхӕстӕ афтӕ бамбӕрстой, ӕмӕ Лазӕр ӕнӕуи йӕ фӕллад уадзы. Ӕмӕ сын уӕд Йесо комкоммӕ загъта: «Лазӕр амард» (Иоанны 11:11–14). Йесо мӕлӕт абарста, адӕймаг фынӕй куыд кӕна, уыимӕ. Афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ Лазӕр уӕлӕрвты ис кӕнӕ, йӕ хиуӕттӕй чи амард, уыдонимӕ ис. Стӕй афтӕ дӕр нӕ загъта, зӕгъгӕ, зындоны хъизӕмар кӕны кӕнӕ ногӕй, ӕндӕр буары райгуырд. Лазӕр цыма тарф фынӕй баци, афтӕ уыд. Ӕндӕр стихты дӕр мӕлӕт барст цӕуы, адӕймаг тарф фынӕй куыд кӕна, уыимӕ. Стефаны дуртӕй куы фӕхостой, уый тыххӕй Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «амард [комкоммӕ «бафынӕй», фиппаинаг]» (Хъуыддӕгтӕ 7:60). Апостол Павел дӕр ныффыста, чырыстӕттӕй чидӕртӕ кӕй «амард [комкоммӕ «бафынӕй», фиппаинаг]» (1 Коринфӕгтӕм 15:6).
8. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцау адӕмы афтӕ кӕй не сфӕлдыста, цӕмӕй мӕлой?
8 Цымӕ Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ хъуамӕ ӕппынфӕстаг амардаиккой? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕнустӕм ӕнӕнизӕй цардаиккой. Уый адӕмы афтӕ скодта, ӕмӕ сӕ фӕнды ӕнустӕм цӕрын (Екклесиаст 3:11). Иу ныййарӕджы дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕ базӕронд уой ӕмӕ амӕлой. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис Йегъовӕйӕ дӕр – нӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй зӕронд кӕнӕм ӕмӕ мӕлӕм. Фӕлӕ кӕд адӕмы ӕнустӕм цӕрынӕн сфӕлдыста, уӕд цӕмӕн мӕлынц?
АДӔМ ЦӔМӔН МӔЛЫНЦ?
9. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн цы фӕдзӕхст радта, уый зынӕххӕстгӕнӕн схонӕн цӕуылнӕ ис?
9 Едемы цӕхӕрадоны Йегъовӕ Адамӕн загъта: «Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Фӕлӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр. Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Райдиан 2:9, 16, 17). Уыцы бӕлвырд фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын зын нӕ уыд. Йегъовӕйӕн бар уыд, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕйӕн дзырдтаид, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Йегъовӕмӕ куы хъуыстаиккой, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдаид, сӕ хицауыл ӕй кӕй нымайынц. Стӕй ма афтӕмӕй равдыстаиккой, цы сын радта, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй дзы бузныг кӕй сты.
10, 11. а) Хӕйрӕгӕн куыд бантыст афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтаиккой? б) Адам ӕмӕ Евӕ цы сарӕзтой, уымӕн ныххатыр кӕнӕн цӕуылнӕ уыд?
10 Хъыгагӕн, Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕмӕ нӕ байхъуыстой. Хӕйрӕг Евӕйы бафарста: «Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ?» Евӕ йын дзуапп радта: «Цӕхӕрадоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдоны дыргътӕй нын ис хӕрӕн. Фӕлӕ цӕхӕрадоны астӕу цы бӕлас ис, уымӕй нын Хуыцау афтӕ загъта: „Ма дзы бахӕрут, ӕвналгӕ дӕр ӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут“» (Райдиан 3:1–3).
11 Уӕд ын Хӕйрӕг загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый» (Райдиан 3:4–6). Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй Евӕ хъуыды кодтаид, цыма йӕхи бон у ӕвзарын, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Стӕй ма йын загъта, Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ куы нӕ байхъуса, уӕд кӕй нӕ амӕлдзӕн. Ӕмӕ уый мӕнг ныхас уыд. Гъемӕ Евӕ дӕр бӕласы дыргътӕй бахордта ӕмӕ дзы стӕй йӕ лӕгӕн дӕр радта. Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ зыдтой, уыцы бӕласӕй сын хӕрӕн кӕй нӕй. Ӕмӕ йын йӕ дыргътӕй куы бахордтой, уӕд ахызтысты, зынӕххӕстгӕнӕн чи нӕ уыд, уыцы бӕлвырд фӕдзӕхсты сӕрты. Афтӕмӕй равдыстой, сӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды кӕй ницӕмӕ дарынц. Цы сарӕзтой, уымӕн ныххатыр кӕнӕн нӕ уыд!
12. Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы коммӕ кӕй нӕ бакастысты, уый раст цӕуылнӕ уыд?
12 Нӕ рагфыдӕлтӕ се Сфӕлдисӕджы ныхасы сӕрты кӕй ахызтысты, уым хорзӕй ӕппындӕр ницы уыд. Куыд дӕм фӕкӕсид, сывӕллӕттӕ куы фӕхъомыл кӕнис, ӕмӕ стӕй дӕ ныхмӕ куы рацӕуиккой ӕмӕ, сӕхи цы фӕнды, ӕрмӕстдӕр уый куы аразиккой? Зын дын нӕ уаид?
Адам уыд сыджытӕй конд ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхт
13. Йегъовӕ Адамӕн афтӕ кӕй загъта, «фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ», зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?
13 Адам ӕмӕ Евӕ сӕ ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй ӕнустӕм цӕрыны фадатӕй ӕнӕхай фесты. Йегъовӕ Адамӕн загъта: «Сыджыт дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ». (Бакӕс Райдиан 3:19.) Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Адам хъуамӕ фӕстӕмӕ сыджыт суыдаид, цыма йӕ Йегъовӕ ӕппындӕр никуы сфӕлдыста, афтӕ (Райдиан 2:7). Уӕдӕ Адам куы амард, уӕд никуыуал уыд.
14. Адӕм цӕмӕн мӕлынц?
14 Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ куы байхъуыстаиккой, уӕд ма абон дӕр цардаиккой. Фӕлӕ йӕ коммӕ кӕй нӕ бакастысты, уымӕй тӕригъӕд ракодтой, ӕмӕ ӕппынфӕстаг амардысты. Тӕригъӕд у уӕззау низы хуызӕн, ӕмӕ уыцы «низ» нӕ туджы рахастам нӕ рагфыдӕлтӕй. Адӕм иууылдӕр райгуырынц тӕригъӕдджынтӕй, ӕмӕ мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй кӕнынц (Ромӕгтӕм 5:12). Фӕлӕ Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй ӕндӕр фӕнд ис. Уый никуы фӕндыд, цӕмӕй адӕм мӕлой. Библи мӕлӕт хоны «знаг» (1 Коринфӕгтӕм 15:26).
РӔСТДЗИНАД АДӔЙМАДЖЫ СӔРИБАР КӔНЫ
15. Библи мӕлӕты тыххӕй цы дзуры, адӕймаг уый куы базоны, уӕд цӕмӕй ссӕрибар вӕййы?
15 Библи мӕлӕты тыххӕй цы дзуры, адӕймаг уый куы базоны, уӕд ссӕрибар вӕййы бирӕ рӕдыд хъуыдытӕй. Библийы фыст ис, мардӕн йӕ бон кӕй нӕу нӕдӕр рыст ӕмбарын, нӕдӕр истӕуыл маст кӕнын. Махӕн нӕ бон нӕу семӕ ныхас кӕнын, уыдонӕн та – махимӕ. Нӕ бон нӕу, ӕмӕ сын истӕмӕй баххуыс кӕнӕм, ӕмӕ нын уыдон дӕр ницӕмӕй баххуыс кӕндзысты. Сӕ бон нӕу, ӕмӕ нын исты зиан ӕрхӕссой, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ тӕрсын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ иуӕй-иу динтӕ амонынц, адӕймаг куы амӕлы, уӕд, дам, йӕ уд цӕргӕйӕ баззайы. Ӕмӕ, дам, цӕмӕй мардӕн баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй, дам, хъуамӕ ӕхца бафидӕм дины разамонджытӕн, зӕгъӕм, сауджынӕн. Фӕлӕ, мӕлӕт цы у, уый куы зонӕм, уӕд нӕ уыдӕттӕй асайӕн нӕ уыдзӕн.
16. Бирӕ динты ахуырӕдтӕм гӕсгӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
16 Хӕйрӕг мӕнг динтӕй пайда кӕны, цӕмӕй нӕ баууӕндын кӕна, адӕймаг йӕ мӕлӕты фӕстӕ дӕр цӕргӕ кӕй кӕны. Зӕгъӕм, кӕцыдӕр динты ахуырӕдтӕм гӕсгӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд ма дзы цыдӕр кӕмдӕр фӕцӕры. Мӕлӕт цы у, уый дӕуӕн дӕр дӕ дин афтӕ ӕмбарын кӕны? Ӕви йӕ Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕ? Мӕнг ахуырӕдты фӕрцы Хӕйрӕг адӕмы зонд зыгъуыммӕ кӕны, цӕмӕй Йегъовӕ Хуыцауы ма базоной.
17. Адӕм зындоны арты судзынц, зӕгъгӕ, уыцы ахуырад Йегъовӕйы куыд ӕгад кӕны?
17 Бирӕ динтӕ мӕрдты тыххӕй цы амонынц, уымӕй адӕймаджы хъуын арц сбады. Зӕгъӕм, дзурынц, ӕвзӕр адӕм, дам, ӕнустӕм судздзысты зындоны арты. Уыцы мӕнг ахуырад Йегъовӕйы ӕгад кӕны. Йегъовӕ никуы бауагътаид, цӕмӕй адӕм афтӕ хъизӕмар кӕной! (Бакӕс 1 Иоанны 4:8.) Куыд дӕм фӕкӕсид, сывӕллон коммӕ куы нӕ кӕсид, ӕмӕ йын уый тыххӕй йӕ фыд кӕнӕ йӕ мад йӕ къухтӕ арты куы судзид? Ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кӕнис, уый адӕймаг дӕр нӕу, зӕгъгӕ. Йӕ кой дӕр дын, ӕвӕццӕгӕн, ӕнад уаид. Ӕмӕ Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕмӕ раст ахӕм зӕрдӕ дарӕм!
18. Мӕрдтӕй тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы?
18 Ӕндӕр динты ахуырӕдтӕм гӕсгӕ та адӕймаг йӕ мӕлӕты фӕстӕ фӕцӕры мӕрдты бӕсты, йӕ хиуӕттӕй чи амард, уыдонимӕ. Уымӕ гӕсгӕ, дам, хъуамӕ мӕрдтӕн кад кӕнӕм, суанг ма сӕ тӕрсгӕ дӕр кӕнӕм, цӕмӕй, дам, нын ӕххуыс кӕной ӕмӕ нын зиан ма хӕссой. Ӕмӕ уый бирӕты уырны. Уыдон мӕрдтӕй тӕрсынц, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нӕ кувынц, фӕлӕ мӕрдтӕн табу кӕнынц. Рох дӕ ма уӕд, мӕрдтӕ кӕй ницы ӕмбарынц, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ тӕрсын нӕ хъӕуы. Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг. Уый у ӕцӕг Хуыцау, ӕмӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн кувӕм ӕмӕ уымӕн табу кӕнӕм (Раргомад 4:11).
19. Мӕлӕт цы у, уый бӕлвырдӕй кӕй зонӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны?
19 Мӕлӕт цы у, уый бӕлвырдӕй кӕй зонӕм, уый фӕрцы мӕнг динты ахуырӕдтыл не ’ууӕндӕм, стӕй мӕлӕтӕй нӕ тӕрсӕм. Уый ма нын ӕххуыс кӕны Йегъовӕйы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕ бамбарынӕн дӕр, зӕгъӕм, чи амард, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн, уый.
20. Иннӕ сӕрӕй дзуапп цавӕр фарстайӕн базондзыстӕм?
20 Раджы заманты Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Иов бафарста: «Адӕймаг куы амӕла, уӕд ма ногӕй цӕрдзӕн?» (Иов 14:14). Цымӕ ӕцӕгдӕр уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ, чи амард, уый ногӕй цӕра? Ацы фарстайӕн Библийы ис цымыдисаг дзуапп. Ӕмӕ уыцы дзуапп базондзыстӕм иннӕ сӕрӕй.
a Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ уд цӕргӕйӕ баззайы. Фӕлӕ Библи афтӕ нӕ зӕгъы. Кӕс 17-ӕм ӕмӕ 18-ӕм уӕлӕмхасӕнтӕ.
-
-
Чи амард, уыдон райгас уыдзысты!Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
-
-
7 СӔР
Чи амард, уыдон райгас уыдзысты!
1–3. Не ’ппӕт дӕр цы уавӕры стӕм ӕмӕ нӕ Йегъовӕ куыд ссӕрибар кӕндзӕн?
ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн: ды кӕй нӕ сарӕзтай, уыцы фыдракӕнды тыххӕй дӕ цӕрӕнбонтӕм ахӕстоны сбадын кодтой. Искуы ссӕрибар уыдзынӕ, уый ныфс дӕ ӕппындӕр нӕй. Дӕ бон аивын ницы у. Фӕлӕ дӕ ныфс бынтондӕр куы асаст, уӕд базыдтай, иу адӕймагӕн йӕ бон кӕй у, цӕмӕй дӕ ссӕрибар кӕна. Уый дын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй дын баххуыс кӕндзӕн, уымӕй. Уӕд ма дӕ цинӕн кӕрон уыдзӕн?!
2 Мах не ’ппӕт дӕр стӕм мӕлӕты ахӕсты. Ӕмӕ цыфӕнды ма аразӕм, уӕддӕр дзы фервӕзӕн нӕй. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у адӕмы мӕлӕты ахӕстӕй ссӕрибар кӕнын. Ӕмӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта: «Сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт» (1 Коринфӕгтӕм 15:26).
3 Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ мӕлӕт куы фесафа ӕмӕ мӕлӕтӕй куы нал тӕрсай, уӕд дӕ риуыдзаг куыд сулӕфдзынӕ! Фӕлӕ Йегъовӕ ӕрмӕст уый нӕ сараздзӕн. Уый ма, чи амард, уыдоны дӕр райгас кӕндзӕн. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, ногӕй кӕй цӕрдзысты (Исай 26:19).
ЗЫНАРГЪ НЫН ЧИ У, УЫДОНӔЙ ИСЧИ КУЫ АМӔЛЫ
4. а) Нӕ бинонтӕй кӕнӕ не ’мбӕлттӕй исчи куы амӕла, уӕд нын удӕнцой цы ’рхӕсдзӕн? б) Йесойы ӕввахс ӕмбӕлттӕ чи уыдысты?
4 Нӕ бинонтӕй кӕнӕ не ’мбӕлттӕй исчи куы амӕлы, уӕд уыцы рыст ӕмӕ маст сфӕразын тынг зын вӕййы. Нӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕйуал фӕкӕлы. Нӕ бон ницы вӕййы саразын, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздахӕм. Фӕлӕ Библийы цы фыст ис, уый нын хӕссы ӕцӕг удӕнцой. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4.) Ӕркӕсӕм-ма иу хабармӕ. Уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы тынг кӕй фӕнды, чи нын амард, уыдоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздахын. Йесо зӕххыл куы цард, уӕд-иу арӕх абӕрӕг кодта йе ’мбал Лазӕры ӕмӕ йӕ хоты, Марфӕ ӕмӕ Марийӕйы. Се ’ртӕ дӕр уыдысты йӕ хорз ӕмбӕлттӕ. Библийы фыст ис: «Йесо бирӕ уарзта Марфӕйы, Марфӕйӕн йӕ хойы ӕмӕ Лазӕры» (Иоанны 11:3–5).
5, 6. а) Лазӕры бинонтыл ӕмӕ ӕмбӕлттыл Йесойы зӕрдӕ кӕй фӕрыст, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд? б) Йесо мӕлӕтмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый нын удӕнцой цӕмӕн хӕссы?
5 Фӕлӕ иу бон ӕрцыд ӕвзӕр хабар: Лазӕр амард. Ӕмӕ Йесо ацыд Марфӕ ӕмӕ Марийӕмӕ, цӕмӕй сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид. Марфӕ куы фехъуыста, Йесо кӕй ӕрбацӕуы, уый, уӕд йӕ размӕ ацыд ӕмӕ йыл горӕты ӕдде фембӕлд. Йесо кӕй ӕрбацыд, уый йын ӕхсызгон уыд, фӕлӕ йын загъта: «Ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид». Марфӕмӕ афтӕ каст, ӕмӕ Йесо байрӕджы кодта. Уый фӕстӕ та Йесо федта, Марийӕ куыд кӕуы, уый. Иууылдӕр Лазӕры мӕлӕтыл куыд хъыг кӕнынц, уый фенгӕйӕ йӕхи зӕрдӕ дӕр суынгӕг ӕмӕ скуыдта (Иоанны 11:21, 33, 35). Йесойы зӕрдӕ сыл тынг фӕрыст.
6 Йесо нын нӕ рыст кӕй ӕмбары, уый нын стыр удӕнцой хӕссы. Ӕмӕ Йесо та у йӕ Фыды хуызӕн (Иоанны 14:9). Уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ дӕр нын нӕ рыст кӕй ӕмбары. Йегъовӕмӕ ис ахӕм тых, цӕмӕй мӕлӕт ӕнустӕм фесафа, ӕмӕ тагъд рӕстӕджы растдӕр афтӕ бакӕндзӕн.
«ЛАЗӔР, ӔДДӔМӔ РАЦУ!»
7, 8. Марфӕйы цӕуылнӕ фӕндыд, цӕмӕй зӕппадзы бахизӕнӕй дур айстаиккой, фӕлӕ Йесо цы сарӕзта?
7 Лазӕры мард ӕвӕрд кӕм уыд, Йесо уыцы зӕппадзы размӕ куы ’рбацыд, уӕд йӕ бахизӕн ӕхгӕд уыд стыр дурӕй. Йесо загъта: «Дур-ма иуварс айсут». Фӕлӕ Марфӕйы нӕ фӕндыд, цӕмӕй дур айстаиккой, уымӕн ӕмӕ Лазӕры мардыл цыппар боны рацыд (Иоанны 11:39). Ӕмӕ Марфӕ та нӕ зыдта, Йесо цы саразынмӕ хъавыд, уый.
Лазӕрӕн йӕ бинонтӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ куыд цин кодтой, Йесо йӕ куы райгас кодта, уӕд! (Иоанны 11:38–44)
8 Дур куы айстой, уӕд Йесо загъта: «Лазӕр, ӕддӕмӕ рацу!» Уый фӕстӕ Марфӕ ӕмӕ Марийӕ федтой стыр диссаг. «Мард рацыд, йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йӕ къухтӕ хӕцъилтӕй тыхт... афтӕмӕй» (Иоанны 11:43, 44). Лазӕр райгас! Уый ногӕй уыд йӕ бинонтӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттимӕ. Уыдонӕн сӕ бон уыд Лазӕрмӕ бавналын ӕмӕ йемӕ ныхас кӕнын. Йесо Лазӕры цардмӕ раздӕхта. Ӕмӕ уый диссаг куыннӕ уыд!
«ЧЫЗГ, ДӔУМӔ ДЗУРЫН, СЫСТ!»
9, 10. а) Йесойӕн ахӕм тых чи радта, цӕмӕй мӕрдты ӕгас кодтаид? б) Раджы заманты чидӕртӕ кӕй райгас сты, уый зонын нын цы пайда у?
9 Цымӕ Йесо адӕмы йӕхи хъаруйы фӕрцы ӕгас кодта? Нӕ. Лазӕры райгас кӕныны размӕ Йесо Йегъовӕмӕ скуывта, ӕмӕ йын Йегъовӕ уыцы тых радта, цӕмӕй Лазӕры райгас кодтаид. (Бакӕс Иоанны 11:41, 42.) Фӕлӕ мӕрдтӕй ӕрмӕст Лазӕр нӕ райгас. Библийы фыст ис, тынг чи фӕрынчын, иу ахӕм 12-аздзыд чызджы тыххӕй. Йӕ фыд Иаирӕн йӕ зӕрдӕ скъуыдтӕ кодта, ӕмӕ Йесойӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ чызджы, йӕ иунӕг хъӕбулы, сдзӕбӕх кодтаид. Иаир Йесоимӕ куыд ныхас кодта, афтӕ йӕм чидӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Дӕ чызг амард. Цы ма тыхсын кӕныс ахуыргӕнӕджы?» Фӕлӕ Йесо Иаирӕн загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст дӕм уырнындзинад уӕд». Стӕй йемӕ ацыд. Йӕ хӕдзармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд дзы адӕмы кӕугӕ баййӕфтой. Йесо сын загъта: «Ма кӕут. Чызг мӕлгӕ нӕ акодта, фынӕй у». Чызджы фыд ӕмӕ мад, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодтой, цымӕ Йесо уымӕй цы зӕгъынмӕ хъавы, зӕгъгӕ. Йесо се ’ппӕты дӕр ӕддӕмӕ рарвыста ӕмӕ, гыццыл чызг кӕм хуыссыд, уырдӕм ын йӕ фыды ӕмӕ йӕ мады бакодта. Уый фӕстӕ чызджы къухыл хъавгӕ рахӕцыд ӕмӕ йын загъта: «Чызг, дӕумӕ дзурын, сыст!» Ахъуыды-ма кӕнут, куыд цин кодтаиккой уыцы ныййарджытӕ, сӕ чызг уайтагъд куы сыстад ӕмӕ цӕуын куы райдыдта, уӕд! Йесо сын сӕ чызджы райгас кодта (Марчы 5:22–24, 35–42; Лукайы 8:49–56). Уыцы хабары фӕстӕ-иу сӕ чызгмӕ кӕсгӕйӕ куыннӕ ӕрхъуыды кодтаиккой, Йегъовӕ сын Йесойы уылты цы сарӕзта, уыйa.
10 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо кӕй райгас кодта, уыцы адӕм ӕнустӕм цӕргӕйӕ нӕ баззадысты. Уӕдӕ сӕ уӕд дзӕгъӕлы райгас кодта? Нӕ, уый дзӕгъӕлы нӕ уыд. Уыцы хабӕрттӕ нӕ стыр ныфс уадзынц, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, чи амард, уыдоны райгас кӕнын. Ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнгӕй райгас кӕндзӕн.
ЧИДӔРТӔ КӔЙ РАЙГАС СТЫ, УЫМӔЙ НӔ БОН ЦЫ У БАЗОНЫН?
Апостол Петр райгас кодта иу чырыстон сылгоймаджы, Доркӕйы (Хъуыддӕгтӕ 9:36–42)
Илийа райгас кодта идӕдз усы лӕппуйы (1 Паддзӕхты 17:17–24)
11. Екклесиасты 9:5 стихы фӕрцы Лазӕры тыххӕй нӕ бон цы у базонын?
11 Библийы комкоммӕ фыст ис, «мӕрдтӕ... ӕппындӕр ницы зонынц», зӕгъгӕ. Ӕмӕ афтӕ уыд йӕ хабар Лазӕрӕн дӕр (Екклесиаст 9:5). Цыма фынӕй кодта, афтӕ уыд, ӕмӕ дзы Йесо дӕр уымӕн загъта, бафынӕй, зӕгъгӕ (Иоанны 11:11). Лазӕр ингӕны куы уыд, уӕд «ӕппындӕр ницы» зыдта.
12. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Лазӕр ӕцӕгдӕр кӕй райгас?
12 Йесо Лазӕры куы райгас кодта, уӕд уый бирӕтӕ федтой. Суанг ма Йесойы знӕгтӕ дӕр зыдтой, уыцы диссаг ӕцӕгдӕр кӕй сарӕзта, уый. Лазӕр уыд ӕгас, ӕмӕ уый уыд бӕлвырдгӕнӕн, Йесо йӕ ӕцӕгдӕр кӕй райгас кодта, уымӕн (Иоанны 11:47). Стӕй ма бирӕтӕ цыдысты Лазӕры фенынмӕ, ӕмӕ-иу сӕ уый фӕстӕ бауырныдта, Йесойы Хуыцау кӕй ӕрӕрвыста. Уый Йесойы знӕгты зӕрдӕмӕ нӕ цыд, ӕмӕ Йесойы дӕр ӕмӕ Лазӕры дӕр марынвӕнд скодтой (Иоанны 11:53; 12:9–11).
13. Йегъовӕ мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл цӕуылнӕ дызӕрдыг кӕнӕм?
13 Йесо загъта, «ингӕнты [комкоммӕ «зӕрдылдарӕн зӕппӕдзты», фиппаинаг] чидӕриддӕр ис, уыдон» райгас уыдзысты, зӕгъгӕ (Иоанны 5:28). Уӕдӕ, Йегъовӕ йӕ зӕрдыл кӕй дары, уыдон иууылдӕр райгас уыдзысты. Фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕ искӕй райгас кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ уыцы адӕймаджы тыххӕй алцыдӕр хъуыды кӕна. Ӕмӕ цымӕ уый йӕ бон у? Дун-дунейы ис тынг бирӕ стъалытӕ – миллиардтӕ. Ӕмӕ Библи зӕгъы, Йегъовӕ алы стъалыйы ном дӕр кӕй зоны. (Бакӕс Исайы 40:26.) Ӕмӕ кӕд алы стъалыйы ном дӕр хъуыды кӕны, уӕд ын зын нӕу, фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн, уыцы адӕмы тыххӕй алцыдӕр бахъуыды кӕнын. Стӕй алцыдӕр Йегъовӕ сфӕлдыста. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, ахӕм тых ӕм кӕй ис, цӕмӕй, чи амард, уыдоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздаха.
14, 15. Иовы ныхӕстӕй нӕ бон цы у базонын мӕрдты райгасы тыххӕй?
14 Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовы уырныдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Иов бафарста: «Адӕймаг куы амӕла, уӕд ма ногӕй цӕрдзӕн?» Стӕй Йегъовӕйӕн загъта: «Ды мӕм фӕдзурдзынӕ, ӕмӕ дын ӕз дзуапп ратдзынӕн. Дӕ къухтӕ кӕуыл фӕфыдӕбон кодтой, уый фенынмӕ бӕлдзынӕ». О, Иов зыдта, Йегъовӕ тынг кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, мӕрдты кӕд райгас кӕндзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ (Иов 14:13–15).
15 Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс? Чи зоны дӕм фӕзынд ахӕм фарста: «Ӕмӕ мӕ хиуӕттӕй ӕмӕ ме ’мбӕлттӕй чи амард, уыдон дӕр райгас уыдзысты?» Йегъовӕйы тынг фӕнды мӕрдты райгас кӕнын, ӕмӕ нын уый стыр ныфсы хос у. Цӕй ӕмӕ базонӕм, чи райгас уыдзӕн ӕмӕ кӕм цӕрдзысты, уый.
«УЫДОН ЫН ФЕХЪУСДЗЫСТЫ ЙӔ ХЪӔЛӔС, ӔМӔ РАЦӔУДЗЫСТЫ»
16. Хуыцау зӕххыл цӕрынӕн кӕй райгас кӕндзӕн, уыдонӕн цавӕр цард уыдзӕн?
16 Раджы заманты чи райгас, уыдон та-иу сӕ бинонтимӕ ӕмӕ се ’мбӕлттимӕ баиу сты ӕмӕ цардысты зӕххыл. Ӕмӕ афтӕ уыдзӕни фидӕны дӕр, ӕрмӕст уӕд алцыдӕр уыдзӕн бирӕ хуыздӕр. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау зӕххыл цӕрынӕн кӕй райгас кӕндзӕн, уыдонӕн уыдзӕни фадат, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой ӕмӕ макуыуал амӕлой. Стӕй, цы дунейы цӕрдзысты, уый абоны дунейӕ тынг хицӕн кӕндзӕн. Нал уыдзӕни нӕдӕр хӕстытӕ, нӕдӕр фыдракӕндтӕ, нӕдӕр низтӕ.
17. Чи райгас уыдзӕн?
17 Чи райгас уыдзӕн? Йесо куыд загъта, афтӕмӕй, «ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон ын фехъусдзысты йӕ хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29). Раргомады 20:13 стихы та фыст ис: «Денджыз радта, чи дзы уыди, уыцы мӕрдты, мӕлӕт ӕмӕ ингӕн дӕр радтой, чи дзы уыд, уыцы мӕрдты». О, миллиардтӕ ногӕй цӕрдзысты. Апостол Павел загъта, кӕй райгас уыдзысты «рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр». (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 24:15.) Уый куыд ӕмбаргӕ у?
Чи амард, уыдон зӕххыл дзӕнӕты райгас уыдзысты ӕмӕ сӕ хиуӕттимӕ кӕрӕдзийы цинӕй бафсӕддзысты
18. «Рӕстгӕнджытӕм» чи хауы?
18 «Рӕстгӕнджытӕм» хауынц, Йесойы размӕ чи цард, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ. Нойы, Авраамы, Саррӕйы, Моисейы, Руфы ӕмӕ Есфиры хуызӕн адӕм райгас уыдзысты зӕххыл цӕрынӕн. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй иуӕй-иуты тыххӕй дӕ бон у бакӕсын Дзуттӕгтӕм 11-ӕм сӕры. Ӕмӕ нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чи амӕлы, уыдонӕй та цы ис зӕгъӕн? Уыдон дӕр сты «рӕстгӕнджытӕ», ӕмӕ уыдон дӕр райгас уыдзысты.
19. «Фыдгӕнджытӕм» чи хауы ӕмӕ сын Йегъовӕ цавӕр фадат ратдзӕн?
19 «Фыдгӕнджытӕм» та хауынц, Йегъовӕйы базоныны фадат кӕмӕн нӕ уыд, уыцы адӕм. Уыдон сты миллиардтӕ. Ӕмӕ кӕд амардысты, уӕддӕр сӕ Йегъовӕ нӕ ферох кодта. Йегъовӕ сӕ райгас кӕндзӕн, ӕмӕ сын уыдзӕни фадат, цӕмӕй йӕ базоной ӕмӕ йын лӕггад кӕной.
20. Чи нӕ райгас уыдзӕн?
20 Цымӕ уӕд, чи амард, уыдон се ’ппӕт дӕр райгас уыдзысты? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Йесо загъта, чидӕртӕ кӕй нӕ райгас уыдзысты (Лукайы 12:5). Ӕмӕ, адӕймаг райгас уыдзӕн ӕви нӕ, уый чи скъуыддзаг кӕндзӕн? Йегъовӕ у Сӕйраг Тӕрхонгӕнӕг. Уымӕ гӕсгӕ уыцы фарста ӕппынфӕстаг уый скъуыддзаг кӕндзӕн. Фӕлӕ ма Йегъовӕ Йесойӕн дӕр радта бар, цӕмӕй тӕрхон кӕна «удӕгӕстӕн дӕр ӕмӕ мӕрдтӕн дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 10:42). Йегъовӕ фыдгӕнджытыл ӕмӕ, ивын кӕй нӕ фӕнды, ахӕмтыл кӕй банымайа, уыдоны нӕ райгас кӕндзӕн. (Кӕс 19-ӕм уӕлӕмхасӕн.)
РАЙГАС УЫДЗЫСТЫ УӔЛӔРВТЫ ЦӔРЫНӔН
21, 22. а) Уӕлӕрвты цӕрынӕн чи райгас вӕййы, уыдонӕн Хуыцау цавӕр буӕрттӕ ратты? б) Уӕлӕрвты цӕрынӕн фыццаг чи райгас?
21 Библи ма зӕгъы, чидӕртӕ уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты. Уӕлӕрвты цӕрынӕн чи райгас вӕййы, уыдонӕн Хуыцау адӕймаджы буӕрттӕ нӕ ратты, фӕлӕ сын ратты ӕнӕуынгӕ буӕрттӕ.
22 Уӕлӕрвты цӕрынӕн фыццаг райгас Йесо Чырысти (Иоанны 3:13). Куы йӕ амардтой, уымӕй йӕ ӕртӕ боны фӕстӕ Йегъовӕ райгас кодта (Псалом 16:10; Хъуыддӕгтӕ 13:34, 35). Йесо адӕймаджы буары нӕ райгас. Апостол Петр Йесойы тыххӕй загъта: «Адӕймаг уӕвгӕйӕ йӕ амардтой, фӕлӕ райгас уӕларвон буары» (1 Петры 3:18). Йесо райгас ӕмӕ та сси хъомысджын зӕд! (1 Коринфӕгтӕм 15:3–6). Фӕлӕ Библийӕ базонӕн ис, уӕлӕрвты цӕрынӕн ма ӕндӕр чидӕртӕ дӕр кӕй хъуамӕ райгас уыдаиккой.
23, 24. Йесо «гыццыл дзуг» кӕй схуыдта ӕмӕ, уыцы дзугмӕ чи хауы, уыдон цал уыдзысты?
23 Йесо йӕ мӕлӕты размӕ йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕз цӕуын, цӕмӕй уын бынат ӕрцӕттӕ кӕнон» (Иоанны 14:2). Йӕ ныхӕстӕй базонӕн ис, йӕ фӕдылдзӕуджытӕй чидӕртӕ йемӕ уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты. Цымӕ цал уыдзысты? Йесо бамбарын кодта, бирӕ кӕй нӕ уыдзысты – схуыдта сӕ «гыццыл дзуг» (Лукайы 12:32). Бӕлвырдӕй цал уыдзысты, уый загъта апостол Иоанн. Уый федта, Йесо кӕй лӕууыд «[уӕларвон] Сионы хохыл... йемӕ та – сӕдӕ цыппор цыппар мины» (Раргомад 14:1).
24 Уыцы 144 мин чырыстоны кӕд хъуамӕ райгас уыдаиккой? Библийӕ базонӕн ис, уый кӕй хъуамӕ уыдаид, Чырысти уӕлӕрвты паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы райстаид, уый фӕстӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:23). Абон Чырысти у Паддзах, ӕмӕ 144 минӕн сӕ фылдӕр райгас сты уӕларвон цардмӕ. Зӕххыл ма дзы чи ис ӕмӕ дзы нӕ рӕстӕджы чи амӕлы, уыдон уыцы тӕккӕ райгас вӕййынц уӕлӕрвты цӕрынӕн. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр райгас уыдзысты фидӕны ӕмӕ цӕрдзысты зӕххыл дзӕнӕты.
25. Иннӕ сӕрӕй цы базондзыстӕм?
25 Тынг тагъд Йегъовӕ ӕппӕт адӕмы дӕр мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ мӕлӕт ӕнустӕм фесафдзӕн! (Бакӕс Исайы 25:8.) Фӕлӕ уӕлӕрвты чи уыдзӕн, уыдон уым цы кусдзысты? Библи ӕмбарын кӕны, уӕларвон хицауады Йесоимӕ хицӕуттӕ кӕй уыдзысты. Уыцы хицауады тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм иннӕ сӕрӕй.
a Библийы ма ӕндӕр рӕтты дӕр фыст ис, чи амард, уыдонӕй ма ноджыдӕр чидӕртӕ кӕй райгас сты, уый тыххӕй. Се ’хсӕн уыд ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕтӕ, нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, израилӕгтӕ ӕмӕ, ӕндӕр адӕмӕй чи уыд, ахӕмтӕ. Уыцы хабӕрттӕ бакӕсӕн ис 1 Паддзӕхты 17:17–24; 2 Паддзӕхты 4:32–37; 13:20, 21; Матфейы 28:5–7; Лукайы 7:11–17; Хъуыддӕгты 9:36–42; 20:7–12.
-