36 УРОК
Алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт у
Алы адӕймаджы дӕр хъӕуы, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм ӕмбӕлттӕ. Ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй йе ’мбӕлттӕ сайгӕ ма кӕной. Фӕлӕ уый ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы бирӕтӕм сайын ницы кӕсы. Алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт уай, уый цы пайда у?
1. Ӕнӕзӕрдӕхудт сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
Иннӕты куы нӕ фӕсайӕм, уӕд уымӕй февдисӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ йӕ кӕй нымайӕм. Ахъуыды-ма кӕн: Йегъовӕ зоны, цӕуылдӕриддӕр хъуыды кӕнӕм ӕмӕ цыдӕриддӕр аразӕм, уый (Дзуттӕгтӕм 4:13). Ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй куы фӕархайӕм, уӕд нӕ йӕ зӕрдӕ барухс вӕййы. Йӕ Ныхасы фыст ис: «Мӕнгард адӕймаг Йегъовӕйӕн ӕнад у, рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон та сты йе ’ввахс хӕлӕрттӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:32).
2. Ӕнӕзӕрдӕхудт цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ уӕм?
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй «кӕрӕдзийӕн, раст цы у, уый дзурӕм» (Захари 8:16, 17). Уый цы нысан кӕны? Кӕимӕфӕнды ма ныхас кӕнӕм,– нӕ бинонтимӕ, не ’мкусджытимӕ, нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ, хицӕуттимӕ,– хъуамӕ сайгӕ ма кӕнӕм ӕмӕ, ӕцӕг цы у, уый дзурӕм. Ӕнӕзӕрдӕхудт адӕм давгӕ нӕ кӕнынц ӕмӕ иннӕтыл сайдӕй нӕ цӕуынц. (Бакӕс Левит 19:11 ӕмӕ Ефесӕгтӕм 4:28.) Стӕй сӕ хъалонтӕ иууылдӕр фидынц (Ромӕгтӕм 13:5–7). Ацы ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр мах «ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайӕм» (Дзуттӕгтӕм 13:18).
3. Ӕнӕзӕрдӕхудт куы уӕм, уӕд нын уый цы пайда хӕсдзӕн?
Ӕнӕзӕрдӕхудт куы уӕм, уӕд ныл иннӕтӕ ӕууӕнддзысты. Стӕй ӕмбырды се ’ппӕт дӕр сӕхи ӕдас хатдзысты, ӕнгом бинонты ’хсӕн куыд вӕййы, афтӕ. Уыдзӕни нын сыгъдӕг цӕсгом. Уымӕй уӕлдай ма рӕсугъд кӕндзыстӕм «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы ахуырад», ӕмӕ, чи зоны, иннӕты дӕр бафӕнда Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (Титмӕ 2:10).
ФЫЛДӔР БАЗОН
Базон, адӕймаг ӕнӕзӕрдӕхудт куы вӕййы, уӕд ӕм Йегъовӕ цы цӕстӕй фӕкӕсы ӕмӕ уый адӕймагӕн йӕхицӕн цы пайда у. Стӕй ма базон, цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цыфӕнды уавӕры дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт уай.
4. Ӕнӕзӕрдӕхудт куы уӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм
Бакӕсут Псалом 44:21 ӕмӕ Малахийы 3:16 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Куыд дӕм кӕсы, раст цӕуылнӕ у афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ рӕстдзинад басусӕг кӕнӕн ис?
Дӕумӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, зын нын куы вӕййы, суанг уӕд дӕр, ӕцӕг цы у, уый куы фӕзӕгъӕм, уымӕ?
Сывӕллӕттӕ куы нӕ фӕсайынц, уӕд сӕ ныййарджыты зӕрдӕ барухс вӕййы. Махӕй дӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс вӕййы, ӕцӕг цы у, уый куы фӕдзурӕм, уӕд
5. Алкӕддӕр ӕнӕзӕрдӕхудт у
Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт уай. Фӕлӕ цымӕ алкӕддӕр ӕнӕзӕрдӕхудт цӕмӕн хъуамӕ уӕм? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.
Бакӕсут Дзуттӕгтӕм 13:18 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, нӕ бон куыд у ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын...
бинонты ’хсӕн.
куысты кӕнӕ скъолайы.
ӕндӕр уавӕрты.
6. Ӕнӕзӕрдӕхудт куы уӕм, уӕд нын уый пайда хӕсдзӕн
Адӕймаг сайгӕ ӕмӕ давгӕ куы нӕ фӕкӕны ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт кусӕг куы вӕййы, уӕд уый тыххӕй зындзинӕдтыл дӕр сӕмбӕлы. Фӕлӕ уӕддӕр фӕсмойнаг никуы фӕвӕййы. Бакӕсут Псалом 34:12–16 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй дӕ, уый дын цы пайда хӕссы?
1) Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи куы нӕ фӕсайынц, уӕд ӕнгомдӕр вӕййынц
2) Ӕнӕзӕрдӕхудт кусӕгыл йӕ хицау феууӕнды
3) Ӕнӕзӕрдӕхудт адӕмӕн хицӕутты раз хорз ном вӕййы
ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Иу гыццыл асайын ницы кӕны».
Йегъовӕ сайынӕй йе сӕфт кӕй уыны, уый дӕ цӕмӕн уырны?
ЦЫ БАЗЫДТАЙ
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йе ’мбӕлттӕ сайгӕ ма кӕной ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт уой.
Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн
Ӕнӕзӕрдӕхудт цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ уӕм?
Раст цӕуылнӕ у афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ рӕстдзинад басусӕг кӕнӕн ис?
Цӕмӕн дӕ фӕнды, цӕмӕй алкӕддӕр ӕнӕзӕрдӕхудт уай?
ФЫЛДӔР ӔРМӔГ
Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын, цӕмӕй ма сайой?
Нӕ ныхасӕн хицау цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
Базон, хъалонтӕ фидын цӕмӕн хъӕуы, раст хардз куы нӕ цӕуой, уӕд дӕр.
«Хъалонтӕ фидын хъӕуы?» (2011 азы 1 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)
Раздӕр иннӕты чи сайдта, ахӕм нӕлгоймаг цӕй фӕрцы аивта ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймаг цӕй фӕрцы сси?
«Ӕз базыдтон, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг кӕй у» (2015 азы 1 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)