Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w08 1/4 32 ф.
  • Хуыцау дӕ уыны?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау дӕ уыны?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
w08 1/4 32 ф.

Хуыцау дӕ уыны?

ЦЫМӔ нӕ не Сфӕлдисӕг Йегъовӕ Хуыцау уыны? Ӕнӕмӕнгӕй! Библийы фыст ис: «Цӕст чи сарӕзта, уый нӕ уыны, мыййаг?» (Псалом 94:9). Йегъовӕ цы уыны, уый адӕм нӕ уынынц. Уый нын ӕрмӕст не ʹддаг бакастмӕ нӕ кӕсы, фӕлӕ ма «кӕсы, зӕрдӕйы цы ис, уымӕ» дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 17:3; 21:2). Йегъовӕ нын зоны нӕ хъуыдытӕ, нӕ бӕллицтӕ ӕмӕ суанг нӕ сусӕг фӕндтӕ дӕр.

Йегъовӕ нын нӕ зындзинӕдтӕ уыны ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕ хъусы. Библийы фыссӕг загъта: «Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ дзыназынмӕ. Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны» (Псалом 34:15, 18). Куыд хорз у, Йегъовӕ нын нӕ уавӕртӕ кӕй ӕмбары ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕм кӕй хъусы!

Йегъовӕ Хуыцау зоны, суанг саудалынджы цы хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕуынц, уыдон дӕр. «Ахӕм ницы ис, ӕмӕ йӕ ма уына – дзуапп кӕй разы дӕттӕм, уымӕй ӕмбӕхст ницы у, алцыдӕр ын у ӕргом» (Дзуттӕгтӕм 4:13). Уӕдӕ нын Хуыцау не ’ппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр уыны – хорзтӕ дӕр ӕмӕ ӕвзӕртӕ дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 15:3). Зӕгъӕм, Райдианы 6:8, 9 фыст ис, зӕгъгӕ, «Ной ссардта Йегъовӕйы хорзӕх» ӕмӕ «цыди Хуыцауимӕ». Йегъовӕ Нойӕн арфӕ кодта, уымӕн ӕмӕ йӕм хъуыста ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кодта (Райдиан 6:22). Фӕлӕ Нойы рӕстӕджы цы адӕм цард, уыдон уыдысты фыдзӕрдӕ ӕмӕ хӕлд. Хуыцау уыдӕттӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст. «Федта, зӕххыл адӕм бынысӕфт кӕй фесты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ иууылдӕр кӕй уыдысты ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадыл». Йегъовӕ уыцы фыдгӕнджыты фесӕфта, Ной ӕмӕ йӕ бинонты та фервӕзын кодта (Райдиан 6:5; 7:23).

Цымӕ ды дӕр Йегъовӕйы хорзӕх ссардзынӕ? «Йегъовӕ лӕмбынӕг кӕсы зӕхмӕ, цӕмӕй ӕххуыс кӕна, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йыл чи у, уыдонӕн» (2 Азфыст 16:9). Тагъд рӕстӕджы фыдгӕнджыты фесафдзӕн, сабыр адӕмы та фервӕзын кӕндзӕн (Псалом 37:10, 11).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын