Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w11 15/1 7–8 фф.
  • Хуыцауы ном фенӕн ис комы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы ном фенӕн ис комы
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Хӕхты ’хсӕн цы ком ис», уырдыгӕй ма ацу
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2017
  • Зыдтай йӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Йегъовӕ кӕй хъахъхъӕны, уыцы «комы» ут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
w11 15/1 7–8 фф.

Хуыцауы ном фенӕн ис комы

САНКТ-МОРИЦ. Ацы бынаты тыххӕй искуы фехъуыстай? Чи зоны, ӕмӕ фехъуыстай. Уый у дунейы зындгонд фӕлладуадзӕн бынӕттӕй сӕ иу. Ис Швейцарийы, Энгадины комы. Фӕлӕ Швейцарийы хуссар-скӕсӕйнаг фарс (Италийы арӕнтӕм ’ввахс) цы диссаджы бынӕттӕ ис, уыдонӕй Санкт-Мориц у ӕрмӕстдӕр сӕ иу. Ацы диссаджы ком йӕхи айтыгъта Альпӕты урссӕр хӕхты рӕбын. Рагӕй фӕстӕмӕ йӕм адӕм тындзынц, цӕмӕй йын йӕ рӕсугъддзинад сӕхи цӕстӕй феной. Ам ма ӕрбынат кодта Швейцарийы Националон парк дӕр. Адӕмы дисы ӕфтауы йӕ ӕнӕвнӕлд ӕрдз, стӕй дзы цы алыхуызон зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ ис, уый дӕр. Уыдон иууылдӕр кадджын кӕнынц Дунесфӕлдисӕг Йегъовӕйы (Пс. 148:7–10). Уыцы комы уыдис иу ӕгъдау ӕмӕ ӕрхӕццӕ ис абоны онг дӕр. Зынгӕ та фӕкодта 17 ӕнусы ӕмбис.

Ацы комы хӕдзӕрттӕй бирӕтӕ адӕймаджы ӕргом сӕхимӕ аздахынц. Хӕдзӕртты къултыл, уӕлдайдӕр бахизӕнты сӕрмӕ, фенӕн ис Хуыцауы ном. Ивгъуыд заманты адӕм уарзтой сӕ хӕдзӕртты къултыл истытӕ фыссын: фыстой-иу сӕ краскӕйӕ йе та иу сӕ скъахтой дуртыл. Ацы фарсыл ис Беверы хъӕуы иу хӕдзары къам. Хӕдзарыл цы фыст ис, уый ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ: «1715 аз. Йегъовӕ у райдиан, Йегъовӕ у кӕрон. Ӕппӕтдӕр у Хуыцауӕй ӕмӕ ӕнӕ уымӕй ницы ис». Ацы рагон фысты дыууӕ хатты ӕмбӕлы Хуыцауы ном.

Къамы ма фенӕн ис ноджы рагондӕр фыст. Уый та ис Мадулайны хъӕуы. Фыст дзы ис ахӕм ныхӕстӕ: «127 псалом. Хӕдзар Йегъовӕ куы нӕ араза, уӕд дзӕгъӕлы фыдӕбон кӕнынц йӕ аразджытӕ. Луций Румедий. 1654 аз».

Ацы комы Хуыцауы ном хӕдзӕрттыл цӕмӕн фыстой? Реформацийы дуджы Библи рацыд реторомайнаг диалектыл. Уыцы диалект равзӕрд латинаг ӕвзагӕй ӕмӕ йыл дзырдтой Энгадины комы. Реторомайнаг ӕвзагмӕ фыццаг цы чиныг ратӕлмац кодтой, уый уыд Библи. Бынӕттон цӕрджытыл, Хуыцауы Ныхасы цы бакастысты, уый тынг бандӕвта. Ӕмӕ дзы бирӕты бафӕндыд сӕ хӕдзӕртты бахизӕнтыл ныффыссын ӕрмӕст сӕхи нӕмттӕ нӕ, фӕлӕ ма Хуыцауы ном кӕм уыди, ахӕм скъуыддзӕгтӕ Библийӕ.

Ацы фыстытӕ хӕдзӕрттыл фыст ӕрцыдысты ӕнусты размӕ. Ӕмӕ абоны онг дӕр Йегъовӕйы ном хъусын кӕнынц ӕмӕ йӕ кадджын кӕнынц. Ацы комы цӕрджыты ӕмӕ туристты зӕрдиагӕй хонӕм, цӕмӕй фылдӕр базоной Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй. Хонгӕ та сӕ кӕнӕм, йӕ ном ын чи хӕссы, ӕндӕр ахӕм хӕдзармӕ – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады залмӕ Беверы.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 7 фарсыл]

© Stähli Rolf A/​age fotostock

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын