Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w11 1/10 24–25 фф.
  • Фынӕй кӕнын раст кӕд нӕ уаид?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фынӕй кӕнын раст кӕд нӕ уаид?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Лӕппу бафынӕй
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • «Ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
  • Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • «Цӕттӕ дарут уӕхи!»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
w11 1/10 24–25 фф.

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

Фынӕй кӕнын раст кӕд нӕ уаид?

ӔВӔЦЦӔГӔН сразы уыдзынӕ, скъолайы фынӕй кӕнын раст кӕй нӕу. Бирӕтӕ урокты ӕрфынӕй вӕййынц, фӕлӕ афтӕмӕй адӕймаг ницы базоны. Чи зоны, ӕмбырдтӕм дӕр цӕуыс, ӕмӕ уым дӕр фынӕй кӕнын раст нӕ уаид, уымӕн ӕмӕ уым фӕахуыр кӕнӕм Библи.

Дӕумӕ гӕсгӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ скъолайы ӕмӕ ӕмбырды хуыссӕг ма ахса?~a Изӕрӕй-иу раздӕр схуысс кӕнӕ та-иу сихорӕй иу гыццыл афынӕй кӕн. Ӕркӕсӕм-ма иу хабармӕ. Иухатт, апостол Павел ӕхсӕвы адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд дзы иу лӕппу афынӕй. Бакӕсӕм-ма Хъуыддӕгтӕ 20:7–12 ӕмӕ фенӕм, хабар бӕлвырдӕй куыд уыд, уый.

Павел ӕрцыд, наулӕууӕн горӕт Троадӕйы цы ӕмбырд уыд, уырдӕм. Библийы фыст ис, Павел уырдыгӕй науыл «дыккаг бон цӕуинаг уыд», зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ «суанг ӕмбисӕхсӕвмӕ фӕдзырдта». Хъуыддӕгты 20:9 фыст ис: «Рудзынгыл бадт иу лӕппу, Евтих, зӕгъгӕ. Павел ма ныхас кодта, афтӕ Евтихыл хуыссӕг фӕтых». Цымӕ дарддӕр цы уыд?~

Евтих афынӕй ӕмӕ «ӕртыккаг уӕладзыгӕй рахауд». Уӕд Павел ӕмӕ иннӕтӕ асинтыл бынмӕ ӕрызгъордтой ӕмӕ Евтихы мардӕй ныййӕфтой. Ахъуыды-ма кӕн, тынг зын сын нӕ уыдаид?~ Павел Евтихы систа ӕмӕ йӕ йӕ хъӕбысы ӕрбакодта. Гыццыл фӕстӕдӕр Павел цингӕнгӕ загъта, ма тыхсут, ницы йын у, зӕгъгӕ. Хуыцау Евтихы райгас кодта!

Ацы хабарӕй Хуыцауы тыххӕй нӕ бон базонын цы у?~ Иу уый, ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйӕн йӕ бон у мӕрдты райгас кӕнын – зӕрӕдты дӕр ӕмӕ ӕрыгӕтты дӕр. Йегъовӕ дӕ дӕ ныййарджытӕй хуыздӕр ӕмбары ӕмӕ дӕ уыдонӕй тынгдӕр уарзы. Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд-иу сывӕллӕтты йӕ хъӕбысы ӕрбакодта ӕмӕ-иу сын раарфӕ кодта, ӕмӕ уымӕй равдыста, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый. Уымӕй уӕлдай Чырысти райгас кодта ӕрыгӕттӕй кӕйдӕрты дӕр, уыдонӕй иу уыд 12 аздзыд чызг.

Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, уый дын ӕхсызгон нӕу?~ Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй йӕ мах дӕр уарзӕм ӕмӕ нӕ йӕ коммӕ кӕсын дӕр уый тыххӕй фӕнды. Нӕ уарзондзинад нӕ бон куыд у равдисын?~ Зӕгъӕм, ӕргом дзурӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй. Чырысти загъта: «Ӕз мӕ Фыды... уарзын». Фӕлӕ Чырысти Хуыцауы кӕй уарзта, уый ӕрмӕст йӕ ныхӕстӕй нӕ уыд бӕрӕг, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр.

Чырысти Хуыцауы коммӕ каст. Йӕхӕдӕг дӕр афтӕ загъта: «Ӕз алкӕддӕр аразын, уымӕн ӕхсызгон цы у, уый». Кӕд ӕй мах дӕр фӕзмӕм ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ӕмӕ Чырыстийы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд архайдзыстӕм, цӕмӕй скъолайы дӕр ӕмӕ ӕмбырды дӕр ма фынӕй кӕнӕм.

Дӕ Библийы бакӕс

Хъуыддӕгтӕ 20:7–12

Лукайы 8:49–56

Иоанны 8:29; 14:31

[Фиппаинаг]

a Сывӕллонимӕ йӕ куы кӕсай, уӕд ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон йӕ хъуыды зӕгъа.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын