Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон
Хуыцаумӕ йӕ номӕй цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?
Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц, ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр кӕуыл хъуыды кодтай, ахӕм фарстатӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты, уыцы фарстатӕй алкӕцыйӕн дӕр Библи цы дзуапп дӕтты, ууыл.
1. Хуыцау йӕхицӕн ном цӕмӕн радта?
Ӕвӕццӕгӕн никӕй зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн, йӕ номӕй йӕм куы нӕ дзурой, фӕлӕ йӕ, зӕгъӕм, «лӕг» кӕнӕ «ус» куы хоной, уӕд. Алы адӕймагӕн дӕр ном кӕй ис, уымӕй иннӕтӕй хицӕн кӕны. Хуыцауы хонынц алыхуызон кады нӕмттӕй, зӕгъӕм, «Дунедарӕг Хуыцау», «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау» ӕмӕ «Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцау» (Райдиан 15:2; 17:1; Екклесиаст 12:1). Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай йӕхицӕн радта ном, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй не ’мбал уа. Хуыцауы ном у Йегъовӕ. (Бакӕс Исай 42:8.)
Кӕд Библи тӕлмацгӕнджытӕй бирӕтӕ Хуыцауы ном баивтой ахӕм ныхӕстӕй, «Хуыцау» ӕмӕ «Хицау», зӕгъгӕ, уӕддӕр, дзуттаг ӕвзагыл фыст чи ’рцыд, уыцы рагон къухфыстыты йӕ ном ӕмбӕлы 7 000 хатты бӕрц. Уӕдӕ бӕрӕг у, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй йын иууылдӕр йӕ ном зоной. (Бакӕс Исай 12:4.)
2. Хуыцауы ном цӕмӕн хъӕуы зонын?
Хуыцауы ном зонын ӕрмӕст уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ, куыд дзургӕ у, уый зонай. Йӕ ном ын чи зоны, уымӕн ис фадат, цӕмӕй йе ’мбал суа. Хуыцауы ном «Йегъовӕ» нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй йӕ бон саразын у, цыдӕриддӕр бахъӕуа, уый. Уӕдӕ, Хуыцауы ном зонын нысан кӕны, йӕ фӕндтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл ӕууӕндын (Псалом 9:10). Йӕ ном ын чи зоны ӕмӕ йӕм йӕ номӕй чи кувы, уыцы адӕм ыл сӕ ныфс дарынц ӕмӕ сын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Уыцы адӕмы Хуыцау ӕнӕмӕнгӕй бахъахъхъӕндзӕн. (Бакӕс Псалом 91:14.)
3. Хуыцауы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йын йӕ ном зоной?
Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын адӕм йӕ ном зоной, уымӕн ӕмӕ сын уый фӕрцы ис фадат, цӕмӕй йе ’мбӕлттӕ суой ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой. Уӕдӕ диссаг нӕу, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йын йӕ номы тыххӕй иннӕтӕн дзурӕм. (Бакӕс Иоанны 17:3; Ромӕгтӕм 10:13, 14.)
Чырысти дӕр адӕмӕн ӕргом кодта Хуыцауы ном, ома йын йӕ хъуыддӕгтӕ, йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕвӕрдты тыххӕй хъусын кодта. Абон дӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ӕппӕт адӕмӕн ӕргом кӕнынц Хуыцауы ном. Уыцы хъуыддаг кӕнынц иумӕйагӕй. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уыдон сты, «йӕ ном ын чи хӕссы», уыцы адӕм. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 15:14; Иоанны 17:26.)
4. Хуыцау йӕ ном куыд скадджын кӕндзӕн?
Йегъовӕ йӕ ном ӕнӕмӕнгӕй скадджын кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йыл абон бирӕтӕ цъыф калынц. Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, алцыдӕр йӕхигъдауӕй фӕзынд, ома цард Хуыцау не сфӕлдыста, ӕмӕ йӕм уымӕ гӕсгӕ хъусын дӕр нӕ хъӕуы. Иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуыцаумӕ нымады дӕр не стӕм ӕмӕ адӕм хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц, уый йӕ аххос у. Афтӕ чи дзуры, уыцы адӕм Хуыцауы ном ӕгад кӕнынц. Фӕлӕ сын Хуыцау сӕ мӕнг ныхӕстӕн цӕрӕнбонты нӕ быхсдзӕн. Йӕ ном ын чи ӕгад кӕны, уыдоны фесафдзӕн. (Бӕкӕс Псалом 83:17, 18.)
Йегъовӕ йӕ ном скадджын кӕндзӕн, йӕ Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕрон куы скӕна ӕмӕ адӕмӕн сабыр ӕмӕ ӕдас цард куы ратта, уӕд (Данел 2:44). Тагъд иууылдӕр базондзысты, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уый (Бакӕс Йезекил 36:23; Матфейы 6:9.)
Махӕн та цы кӕнгӕ у? Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕн ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыцы адӕмыл дӕхи бӕтт. Хуыцау йӕ ном куы скадджын кӕна, уӕд йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фервӕзын кӕндзӕн (Малахи 3:16).
Фылдӕр базонӕн ис ацы чиныгӕй, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», кӕс 1 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
[Ныв 16 фарсыл]
Хуыцауы ном рагон дзуттаг къухфысты