Кӕсджыты фарстатӕ
Библийы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Англо-Америкаг дунеон паддзахад ӕвдӕм дунеон паддзахад кӕд сси?
▪ Паддзах Навуходоносор цы ӕнахуыр стыр гуымиры федта, уый дунеон паддзахӕдтӕм се ’ппӕтмӕ нӕ амоны (Дан. 2:31–45). Уый амоны, Данелы заманӕй фӕстӕмӕ чи уыд ӕмӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ чи цыд, ӕрмӕстдӕр уыцы фондз дунеон паддзахадмӕ.
Англо-Америкаг дунеон паддзахад Ромы паддзахад сӕтгӕ нӕ бакодта, фӕлӕ уымӕй равзӕрд. Ӕмӕ растдӕр ууыл дзурӕг у, Данел гуымирыйы тыххӕй цы загъта, уый. Данел загъта, гуымирыйӕн йӕ къӕхтӕ суанг йӕ фадхъулты ӕмӕ йе ’нгуылдзты онг дӕр ӕфсӕйнагӕй кӕй уыдысты (йӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ ӕфсӕйнаг хӕццӕ уыди ӕлыгимӕa). Уӕдӕ Англо-Америкаг дунеон паддзахад хъуамӕ равзӕрдаид гуымирыйы ӕфсӕйнаг къӕхтӕй. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Великобритани, раздӕр Ромы паддзахадмӕ чи хауд, уыцы бӕстӕ, 18 ӕнусы кӕрон тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕнын райдыдта. Фӕстӕдӕр та Америкӕйы Иугонд Штаттӕ дӕр систы хъомысджын паддзахад. Фӕлӕ Великобритани ӕмӕ Иугонд Штаттӕ уыцы рӕстӕг нӕма систы, Библийы пехуымпарады кӕй кой ис, уыцы ӕвдӕм дунеон паддзахад. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Великобритани ӕмӕ Иугонд Штаттӕ стыр хъуыддӕгты иумӕ нӕма архайдтой. Иумӕ архайын райдыдтой Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг.
Уыцы рӕстӕг «паддзахады фырттӕ» фылдӕр архайдтой Америкӕйы Иугонд Штатты, сӕ сӕйраг хайад уыд Нью-Йорчы, Бруклины (Матф. 13:36–43). Сӕрст чырыстӕттӕ ма зӕрдиагӕй хъусын кодтой, Великобританийы дӕлбар чи уыд, уыцы бӕстӕты дӕр. Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ кӕрӕдзиимӕ бадзырд скодтой ӕмӕ се знӕгты ныхмӕ иумӕ тох кодтой. Хӕсты аххосӕй уыцы дыууӕ паддзахады стыхджын национализм, ӕмӕ уый тыххӕй сӕ хицауад тох кӕнын райдыдтой, Хуыцауы «сылгоймаджы» байзӕддагмӕ чи хауд, уыдоны ныхмӕ дӕр: сӕ публикацитӕй сын кӕцыдӕртӕ парахат кӕнын нал уагътой ӕмӕ, хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыдоны ахӕстоны сбадын кодтой (Рарг. 12:17).
Уӕдӕ Библийы пехуымпарады цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, ӕвдӕм дунеон паддзахад 18 ӕнусы кӕрон кӕй нӕ фӕзынд (ома, Великобритани тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕнын куы райдыдта, уыцы рӕстӕг нӕ), фӕлӕ нӕ Хицау Йесойы боны райдианыb.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Ӕфсӕйнагимӕ хӕццӕ чи уыд, уыцы ӕлыг амоны, Англо-Америкаг дунеон паддзахадӕн йӕхи мидӕг чи цӕры, уыцы адӕммӕ. Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ уыцы ӕлыг фылдӕрӕй-фылдӕр бартӕ исы йӕхимӕ ӕмӕ Англо-Америкаг дунеон паддзахадӕн йӕ хъомыс лӕмӕгъдӕр кӕны.
b Ацы хабар раздӕр куыд ӕмбарын кодтам, уый тыххӕй кӕс чиныджы «Внимайте пророчеству Даниила!», 57 фарс, 24 абзац ӕмӕ нывтӕ 56 ӕмӕ 139 фӕрстыл.
[Ныв 19 фарсыл]
1918 азы июны Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы сӕйраг хайадӕй аст ӕфсымӕры ахӕстоны сбадын кодтой