Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w14 1/6 3 ф.
  • Стыр бӕллӕх

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Стыр бӕллӕх
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцау тамако дымынмӕ цы цӕстӕй кӕсы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Тамако дымын тӕригъӕдыл нымад у?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
w14 1/6 3 ф.
Сӕдӕгай тамакотӕй арӕзт бӕстӕтӕ дунейы картӕйыл

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУ ТАМАКО ДЫМЫНМӔ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫ?

Стыр бӕллӕх

Тамако у ӕгъатыр лӕгмар.

  • Фӕстаг ӕнусы дзы амард 100 000 000 адӕймаджы.

  • Алы аз дӕр тамако дымынӕй амӕлы 6 000 000 адӕймаджы.

  • Рӕстӕмбис нымадӕй дзы алы 6 секунды дӕр амӕлы иу адӕймаг.

Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уавӕр никуы аивдзӕн.

Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, уавӕр куы нӕ аива, уӕд 2030 азмӕ тамако дымынӕй алы аз дӕр мӕлдзӕн 8 000 000 адӕймагӕй фылдӕр. 21 ӕнусы кӕронмӕ дзы, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, амӕлдзӕн 1 000 000 000 адӕймаджы.

Тамако зиан хӕссы, чи йӕ дымы, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ. Исчи сӕ куы амӕлы, уӕд уый бинонтӕн стыр маст ӕрхӕссы ӕмӕ сӕ стыр хӕрдзтӕ кӕнын бахъӕуы. Стӕй, тамако ӕппындӕр чи нӕ дымы, фӕлӕ йын йӕ фӕздӕг чи улӕфы, уыдонӕй дӕр алы аз дӕр амӕлы 600 000 адӕймаджы. Уыйбӕрц адӕм тамако кӕй дымынц, уый у уаргъ алкӕмӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ рынчынты дзӕбӕх кӕнынӕн азӕй-азмӕ фылдӕр ӕхца хъӕуы.

Дохтырты ӕвӕстиатӕй хос агурын кӕмӕн фӕхъӕуы, уыцы низтӕй уӕлдай, тамако дымынӕй фервӕзӕн ис, ӕмӕ куыд, уый се ’ппӕт дӕр хорз зонынц. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организацийы сӕйраг директор Маргарет Чен загъта: «Тамако дымын у бӕллӕх, ӕмӕ адӕймагӕн ӕрмӕстдӕр йӕхи аххосӕй фӕзынд. Уӕдӕ хицауад ӕмӕ ӕхсӕнадон организацитӕ сӕ тыхтӕ куы баиу кӕниккой, уӕд уавӕр бӕргӕ аивид».

Ацы бӕллӕхы ныхмӕ цы тох расидтысты, уый бирӕты зӕрдӕмӕ фӕцыд. 2012 азы августы иу-175 бӕстӕйы ӕрцыдысты ахӕм хъуыдымӕ, зӕгъгӕ, хъӕуы саразын мадзӕлттӕ, цӕмӕй адӕм тамако къаддӕр дымойa. Фӕлӕ рекламӕйы ӕмӕ, адӕймаг ӕнӕ тамакойӕ кӕй нал фӕфӕразы, уый аххосӕй уавӕр фыддӕр йеддӕмӕ хуыздӕр нӕ кӕны. Тамако чи уадзы, уыцы фирмӕтӕ алы аз дӕр рекламӕйыл хардз кӕнынц миллиардгай доллӕры, цӕмӕй фылдӕр адӕм тамако дымын райдайа. Сӕ хъавд сӕйраджыдӕр у, мӕгуыр бӕстӕты чи цӕры, уыцы сылгоймӕгтӕм ӕмӕ ӕрыгӕттӕм. Адӕймаг тамакойыл кӕй фӕцахуыр вӕййы, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ, ныртӕккӕ тамакойы къӕппӕджы чи ис, уыцы миллиард адӕймагӕй тынг бирӕтӕ кӕй амӕлдзысты. Тамако чи дымы, уыдоны нымӕц куы нӕ фӕкъаддӕр уа, уӕд дзы хӕстӕгдӕр цыппор азы амӕлдзӕн ноджы фылдӕр адӕм.

Рекламӕйы аххосӕй ӕмӕ, адӕймаг ӕнӕ тамакойӕ кӕй нал фӕфӕразы, уый аххосӕй бирӕтӕн йӕ къӕппӕгӕй фервӕзын сӕ бон нӕу, кӕд сӕ фӕндгӕ кӕны, уӕддӕр. Афтӕ уыд йӕ хабар Наокойӕн дӕр. Дымын райдыдта, нырма гыццыл чызг куы уыд, уӕд. Телевизоры, киноты ӕмӕ рекламӕйы тамако дымын, цыма хорз хъуыддаг у, афтӕ кӕй февдисынц, уымӕ гӕсгӕ хъуыды кодта, ӕмӕ куы дыма, уӕд иннӕты цӕсты рӕсугъддӕр уыдзӕн. Кӕд йӕ мад ӕмӕ йӕ фыд рӕуджыты ракӕй амардысты ӕмӕ кӕд дыууӕ чызджы хъомыл кодта, уӕддӕр дымдта. «Мӕ рӕуджыты рак куы фӕзына, уымӕй тарстӕн, стӕй мӕ сывӕллӕтты ӕнӕниздзинадыл дӕр мӕт кодтон, фӕлӕ дзы мӕ бон фервӕзын нӕ уыд. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ йӕ никуы ныууадздзынӕн»,– зӕгъы Наоко.

Фӕлӕ уӕддӕр Наокойӕн йӕ тамако ныууадзын бантыст. Уымӕн дӕр баххуыс кодта, милуангай адӕмӕн цы баххуыс кодта, уый. Цы, уый базондзынӕ иннӕ статьяйӕ.

a Уыцы мадзӕлттӕм хауы, адӕмӕн ӕмбарын кӕнын, тамако дымын тӕссаг цӕмӕй у, уый, тамако къаддӕр уӕй кӕнын ӕмӕ тамако уадзыны тыххӕй хъалон фӕфылдӕр кӕнын, стӕй, адӕмӕн сӕ тамако ныууадзынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм программӕтӕ саразын.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын