«Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ»
«Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ,– зӕгъы Йегъовӕ» (ИС. 43:10).
1, 2. а) Ӕвдисӕн уай, уый цӕуыл дзурӕг у ӕмӕ ног хабӕртты адӕмӕн цавӕр ахсджиаг хъуыддӕгты тыххӕй нӕ фӕдзурынц? ӕ) Йегъовӕйы, ног хабӕрттӕ чи хъусын кӕны, уыдоны сӕр цӕуылнӕ хъӕуы?
ӔВДИСӔН уай, уый цӕуыл дзурӕг у? Иу дзырдуаты фыст ис, зӕгъгӕ, ӕвдисӕн у, «цавӕрдӕр хабар йӕхи цӕстӕй чи федта ӕмӕ йӕ иннӕтӕн чи дзуры, уый». Хуссар-Африкаг Республикӕйы горӕт Питермарицбурджы иу газет мыхуыры цӕуы 160 азӕй фылдӕр ӕмӕ хуыйны «Ӕвдисӕн». Ахӕм ном ыл фидауы, уымӕн ӕмӕ йӕ нысан у, дунейы цы хабӕрттӕ ӕрцӕуы, уыдоны тыххӕй ӕргом ӕмӕ раст фыссын. Уыцы газет мыхуыры цӕуын куы райдыдта, уӕд йӕ редактор дзырд радта, ӕрмӕстдӕр дзы рӕстдзинад кӕй фысдзысты.
2 Фӕлӕ, хъыгагӕн, ног хабӕртты алцы раст нӕ радзурынц. Ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дӕр рӕстдзинад нӕ фӕдзурынц. Фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы, ног хабӕрттӕ чи хъусын кӕны, уыдоны сӕр нӕ хъӕуы. Хуыцау йӕ пехуымпар Йезекилы уылты загъта: «Адӕмтӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ» (Йез. 39:7). Йегъовӕйӕн ис иу-аст милуан Ӕвдисӕны, ӕмӕ уыдон ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн дзурынц Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ, адӕмы тыххӕй раздӕр цы сарӕзта ӕмӕ ныр цы аразы, уый тыххӕй. Стӕй ма дзурынц, Хуыцау адӕмӕн цы диссаджы фидӕнӕй ӕвӕры зӕрдӕ, уый тыххӕй дӕр. Исайы 43:10 фыст ис: «Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– кӕй равзӕрстон, мӕ уыцы лӕггадгӕнӕг». Хъусын кӕныны хъуыддаг нын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр куы уа, уӕд фидарӕй зӕгъӕн уыдзӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ном хӕссыны аккаг кӕй стӕм.
3, 4. а) Библииртасджытӕ ног ном кӕд райстой ӕмӕ уыцы хабармӕ цы цӕстӕй ракастысты? (Кӕс нывмӕ 23 фарсыл.) ӕ) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?
3 Йегъовӕ у «ӕнусты Паддзах», ӕмӕ йын йӕ ном кӕй хӕссӕм, уый махӕн у стыр кад. Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: «Уый у мӕ ном ӕнустӕм, уыцы номӕй мӕ зондзысты фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ» (1 Тим. 1:17; Рац. 3:15; абар Екклесиаст 2:16). 1931 азы Библииртасджытӕ райстой ног ном, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ сын уый уыд стыр цины хос. Уый фӕстӕ-иу «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ныммыхуыр кодтой, хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ сӕ писмоты цы арфӕйы ныхӕстӕ ныффыстой, уыдон. Канадӕйӕ иу ӕмбырды хъусынгӕнджытӕ ныффыстой: «Ныр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй хуыйнӕм, уыцы хабарӕй нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг сты ӕмӕ нӕ тынг фӕнды, цӕмӕй ацы ног ном хӕссыны аккаг уӕм».
4 Хуыцауы ном хӕссын дӕхицӕн стыр кадыл кӕй нымайыс, уый дӕ бон куыд у равдисын? Стӕй, Исайы чиныджы Йегъовӕ йӕ адӕмы йе ’вдисӕнтӕ цӕмӕн хоны, уый дӕ бон у бамбарын кӕнын?
ХУЫЦАУЫ ӔВДИСӔНТӔ РАГЗАМАНТЫ
5, 6. а) Израилаг ныййарджытӕ Йегъовӕйӕн ӕвдисӕнтӕ цы хуызы уыдысты? ӕ) Израилаг ныййарджытӕ ма сӕ сывӕллӕттӕн цы хъуамӕ фӕдзӕхстаиккой ӕмӕ уый абон чырыстон ныййарджытӕм дӕр цӕмӕн хауы?
5 Исайы рӕстӕджы израилӕгтӕй алчидӕр уыд Йегъовӕйы «ӕвдисӕн», ӕмӕ Израилы адӕм ӕнӕхъӕнӕй та – Хуыцауы «лӕггадгӕнӕг» (Ис. 43:10). Израилаг ныййарджытӕ йын ӕвдисӕнтӕ уыцы хуызы уыдысты, ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн дзырдтой, Йегъовӕ сӕ рагфыдӕлтӕн куыд уыд, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, Хуыцау израилӕгтӕн алы аз дӕр Куадзӕны бӕрӕгбон бӕрӕг кӕнын куы бафӕдзӕхста, уӕд сын загъта: «Уӕ фырттӕ [уӕ] куы фӕрсой, ацы бӕрӕгбон цӕмӕн кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут: „Ай у Куадзӕны нывонд Йегъовӕйӕн. Египетӕгты куы бафхӕрдта, уӕд Израилы фырттӕн сӕ хӕдзӕртты рӕзты ацыд ӕмӕ нын нӕ бинонты бахызта уыцы бӕллӕхӕй“» (Рац. 12:26, 27). Ныййарджытӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, сӕ сывӕллӕттӕн радзырдтой, фараон израилӕгтӕн уый бар кӕй нӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдырмӕ ацыдаиккой ӕмӕ уым Йегъовӕйӕн бакуывтаиккой. Фараон загъта: «Чи у Йегъовӕ? Цӕмӕн ӕм хъуамӕ байхъусон ӕмӕ Израилы цӕмӕн хъуамӕ ауадзон?» (Рац. 5:2). Стӕй ма-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн радзырдтаиккой, Йегъовӕ уый фӕстӕ фараоны фарстайӕн дзуапп куыд радта ӕмӕ алкӕмӕн дӕр куыд равдыста, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау кӕй у, уый. Йегъовӕ Египетыл дӕс бӕллӕхы ӕруагъта ӕмӕ стӕй Сырх денджызы раз израилӕгты египетаг ӕфсадӕй фервӕзын кодта. Израилӕгтӕ федтой, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у ӕмӕ йӕ ныхас кӕй ӕххӕст кӕны.
6 Йегъовӕйы ном хӕссын йӕхицӕн кадыл чи нымадта, уыцы израилӕгтӕ Хуыцауы диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй ӕрмӕст сӕ сывӕллӕттӕн нӕ дзырдтой, фӕлӕ ма, сӕ хӕдзары ӕндӕрбӕстӕгтӕй цагъар чи уыд, уыдонӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай ма израилӕгтӕ сӕ сывӕллӕттӕн хъуамӕ фӕдзӕхстаиккой, цӕмӕй Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цардаиккой ӕмӕ афтӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг уыдаиккой. Йегъовӕ сын загъта: «Ут сыгъдӕг адӕм, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг Хуыцау – ӕз, уӕ Хуыцау Йегъовӕ» (Лев. 19:2; Дык. з. 6:6, 7). Абон чырыстон ныййарджытӕ дӕр хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕной, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг уой ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы номӕн кад хӕссой. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 1:8; Ефесӕгтӕм 6:4.)
Нӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд ын афтӕмӕй йӕ номӕн кад фӕхӕссӕм (кӕс 5, 6 абзацтӕ)
7. а) Израилӕгтӕ-иу Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уыдысты, уӕд-иу уый сӕ алыварс цӕрӕг адӕмӕн цӕуыл дзурӕг уыд? ӕ) Йегъовӕйы ном чи хӕссы, уыдонӕй алкӕуыл дӕр цавӕр хӕс ис?
7 Израилӕгтӕ-иу Хуыцауыл иузӕрдион куы уыдысты, уӕд-иу сын уый арфӕ кодта. Ӕмӕ уый фӕрцы сӕ алыварс цӕрӕг адӕм уыдтой, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕны. Хуыцау израилӕгтӕн загъта: «Зӕххыл цы адӕмтӕ ис, уыдон иууылдӕр фендзысты, сымах Йегъовӕйы ном кӕй хӕссут, ӕмӕ уӕ тӕрсдзысты» (Дык. з. 28:10). Фӕлӕ-иу, хъыгагӕн, израилӕгтӕ фылдӕр хатт иузӕрдион нӕ разындысты. Ногӕй ӕмӕ та-иу ногӕй адӕймаджы къухӕй конд мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой. Ӕмӕ-иу, кӕмӕн куывтой, уыцы ханаайнаг хуыцӕутты хуызӕн ӕгъатыр систы – сӕ сывӕллӕтты-иу нывондӕн ӕрхастой ӕмӕ-иу мӕгуырты ӕфхӕрдтой. Израилӕгты хабар нын у зондзонӕн: Йегъовӕ у сыгъдӕг Хуыцау, ӕмӕ йын йӕ ном кӕй хӕссӕм, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хъуамӕ алкӕддӕр уӕм сыгъдӕг.
«НЫР ӔЗ АРАЗЫН НОГ ЦЫДӔР»
8. Йегъовӕ Исайӕн цы бахӕс кодта ӕмӕ Исайы цы фӕндыд базонын?
8 Йегъовӕ йӕ пехуымпар Исайы уылты йӕ адӕмы бафӕдзӕхста, знӕгтӕ сын сӕ сӕйраг горӕт Иерусалим кӕй ныппырх кӕндзысты, сӕхи та сын уацары кӕй акӕндзысты. Стӕй ма фехъусын кодта, уый фӕстӕ «ног цыдӕр» кӕй сараздзӕн – йӕ адӕмы уацарӕй диссаджы хуызы кӕй ссӕрибар кӕндзӕн (Ис. 43:19). Исайы чиныджы фыццаг ӕхсӕз сӕры дзырд сӕйраджыдӕр цӕуы, Иерусалим пырхгонд кӕй хъуамӕ ӕрцыдаид, ууыл. Кӕд Йегъовӕ зыдта, израилӕгтӕ уый фехъусгӕйӕ дӕр кӕй не ’рфӕсмон кӕндзысты, уӕддӕр Исайӕн бахӕс кодта, цӕмӕй сӕ дарддӕр дӕр фӕдзӕхстаид. Хабар афтӕ кӕй уыдзӕн, уый Исайы дисы бафтыдта, ӕмӕ йӕ фӕндыд базонын, Хуыцауы адӕм ӕгоммӕгӕс кӕдмӕ уыдзысты, уый. Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Цалынмӕ горӕттӕ нӕ ныппырх уой, цӕрӕг дзы куыд нал баззайа, хӕдзӕртты иу адӕймаг дӕр куыд нал уа ӕмӕ цалынмӕ зӕхх дӕр ӕдзӕрӕг быдыр нӕ феста». (Бакӕс Исайы 6:8–11.)
9. а) Исай Иерусалимы тыххӕй цы дзырдта, уый кӕд сӕххӕст? ӕ) Абон Хуыцау адӕмы цӕмӕй фӕдзӕхсы?
9 Исай израилӕгты 45 азӕй фылдӕр фӕдзӕхста, бӕллӕх сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уыцы хъуыддаг ын Хуыцау бахӕс кодта н. э. размӕ 778 азы, паддзах Озийы хицаудзинады фӕстаг аз. Исай пехуымпарӕй лӕггад кодта н. э. размӕ 732 азы онг, уыцы рӕстӕджы паддзах уыд Езеки. Ӕмӕ Йегъовӕ уый фӕстӕ дӕр, 125 азы дӕргъы, йӕ адӕмы фӕдзӕхста, цалынмӕ н. э. размӕ 607 азы Иерусалим пырхгонд не ’рцыд, уӕдмӕ. Уӕдӕ израилӕгтӕ бирӕ раздӕр зыдтой, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Абон дӕр Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты уылты адӕмы фӕдзӕхсы ӕмӕ сын дзуры, разӕй сӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ныр 135 азӕй фылдӕр, суанг йӕ фыццаг номырӕй фӕстӕмӕ, адӕмӕн се ’ргом здахы, Хӕйрӕджы хицаудзинадӕн тагъд кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ Чырысти мин азы Паддзах кӕй уыдзӕн, уымӕ (Рарг. 20:1–3, 6).
10, 11. Израилӕгтӕ Вавилоны куы уыдысты, уӕд пехуымпар Исайы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты?
10 Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уӕд израилӕгтӕй чидӕртӕ аирвӕзтысты. Уыдон Хуыцаумӕ байхъуыстой ӕмӕ сӕхи вавилойнӕгты къухмӕ радтой, ӕмӕ сӕ уыдон Вавилонмӕ уацары акодтой (Йер. 27:11, 12). Уым 70 азы фӕстӕ Хуыцауы адӕм сӕхи цӕстӕй федтой, пехуымпар Исайы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты, уый. Исай загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ, уӕ Ӕлхӕнӕг, Израилы Сыгъдӕг Хуыцау: „Сымах тыххӕй сӕ ӕз арвитдзынӕн Вавилонмӕ, ӕмӕ ахӕстӕтты дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ ныссӕтдзынӕн“» (Ис. 43:14).
11 Уыцы ныхӕстӕ диссаджы хуызы сӕххӕст сты н. э. размӕ 539 азы октябры райдианы. Иу ӕхсӕв Вавилоны паддзах ӕмӕ иннӕ кадджын лӕгтӕ куывд скодтой ӕмӕ, Иерусалимы кувӕндонӕй цы нуазӕнтӕ рахастой, уыдонӕй нызтой ӕмӕ сӕ мӕнг хуыцӕуттӕн куывтой. Уыцы рӕстӕг Миди ӕмӕ Персы ӕфсад Вавилон бацахстой. Ӕмӕ н. э. размӕ 538 кӕнӕ 537 азы, Вавилон чи басаста, уыцы паддзах Кир бардзырд радта, цӕмӕй дзуттӕгтӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтаиккой ӕмӕ Хуыцауы кувӕндон ногӕй сарӕзтаиккой. Йегъовӕ, йӕ адӕмӕй фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ чи аздӕхт, уыдоны фӕндагыл хъахъхъӕдта. Уыцы хабӕртты тыххӕй бирӕ раздӕр загъта пехуымпар Исай. Фӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхт, уыдоны тыххӕй Йегъовӕ загъта, зӕгъгӕ, уыдон сты, «мӕхицӕн кӕй скодтон, уыцы адӕм, цӕмӕй мӕ кадджын хъуыддӕгты тыххӕй дзурой» (Ис. 43:21; 44:26–28). Израилӕгтӕ уацарӕй фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ куы ’рыздӕхтысты ӕмӕ Йегъовӕйы кувӕндон ногӕй куы сарӕзтой, уӕд федтой, иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр кӕй ӕххӕст кӕны, уый.
12, 13. а) Израилӕгтӕ Иерусалиммӕ куы ’рыздӕхтысты, уӕд сӕм чи ӕрбаиу? ӕ) «Ӕндӕр фыстӕ» цӕуыл хъуамӕ архайой ӕмӕ сын фидӕны цавӕр диссаджы фадат уыдзӕн?
12 Израилӕгтӕ Иерусалиммӕ куы ’рыздӕхтысты, цӕмӕй раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаиккой, уӕд сӕм ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй мингай адӕм ӕрбаиу, ӕмӕ уыдон дӕр Йегъовӕйӕн кувын райдыдтой. Фӕстӕдӕр та ӕндӕрбӕстаг адӕмӕй ноджы фылдӕр райстой дзуттаг дин (Езд. 2:58, 64, 65; Есф. 8:17). Абон Йесойы «ӕндӕр фыстӕ», кӕнӕ «тынг бирӕ адӕм», иузӕрдионӕй ӕххуыс кӕнынц «Хуыцауы Израилӕн», ома сӕрст чырыстӕттӕн (Рарг. 7:9, 10; Иоан. 10:16; Гал. 6:16). Сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» дӕр уыцы кадӕй хайджын сты, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ном хӕссынц.
13 Чырысти мин азы Паддзах куы уа, уӕд «тынг бирӕ адӕмӕн» уыдзӕн диссаджы фадат – чи райгас уа, уыдонӕн дзурдзысты, Хӕйрӕджы дунейы фӕстаг бонты Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кодтой ӕмӕ йын ӕвдисӕнтӕ куыд уыдысты, уый тыххӕй. Фӕлӕ нӕм цӕмӕй уыцы кад ӕрхауа, уый тыххӕй хъуамӕ абон дӕр Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм. Кӕд Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, уӕддӕр алы бон дӕр рӕдийӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ алы бон дӕр Йегъовӕйӕ хатыр курӕм. Стӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, цӕй стыр кад нын у, Хуыцау нӕ йӕ сыгъдӕг ном хӕссыны аккаг кӕй скодта, уый. (Бакӕс 1 Иоанны 1:8, 9.)
ХУЫЦАУЫ НОМ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ
14. Ном «Йегъовӕ» цы нысан кӕны?
14 Хуыцауы ном цы нысан кӕны, ууыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм, уыцы ном хӕссыны кад нӕм кӕй ӕрхауд, уымӕн. Хуыцауы ном «Йегъовӕ» цы дзуттаг мивдисӕгӕй арӕзт у, уый амоны цавӕрдӕр архайдмӕ ӕмӕ йӕ ратӕлмац кӕнӕн ис мивдисӕгӕй «суын». Уӕдӕ ном «Йегъовӕ» цы нысан кӕны, уый ис афтӕ бамбарын кӕнӕн: «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Хуыцауыл ахӕм ном фидауы, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр – Дун-дуне дӕр, стӕй зӕдты ӕмӕ адӕмы дӕр – уый сфӕлдыста, стӕй йӕ фӕндтӕ алкӕддӕр сӕххӕст кӕны. Ӕмӕ Хуыцауӕн йе знӕгтӕ, суанг Хӕйрӕг дӕр, цыфӕнды ма аразой, уӕддӕр афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ йӕ фӕндон сӕххӕст уыдзӕн.
15. Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй йӕ номӕй цы ис базонӕн? (Кӕс рамкӕ «„Йегъовӕ“ – арф хъуыды кӕй мидӕг ис, уыцы ном».)
15 Йегъовӕ Моисейӕн йӕ адӕмы Египетӕй ракӕнын куы бахӕс кодта, уӕд ын бӕлвырддӕр бамбарын кодта, йӕ ном цы нысан кӕны, уый. Библийы кӕсӕм: «Хуыцау Моисейӕн загъта: „ӔЗ СУЫДЗЫНӔН, ЧИ МӔ БАФӔНДА, УЫЙ“. Ӕмӕ йын стӕй ноджыдӕр загъта: „Афтӕ-иу зӕгъ Израилы фырттӕн: „ӔЗ СУЫДЗЫНӔН мӕ рарвыста сымахмӕ“» (Рац. 3:14). Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ цыфӕнды уавӕры дӕр кӕй суыдзӕн, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй йӕ цӕйфӕнды сӕр ма бахъӕуа, уый. Израилӕгтӕн Йегъовӕ сси сӕ Ирвӕзынгӕнӕг, сӕ Хъахъхъӕнӕг ӕмӕ сӕ Фӕндагамонӕг. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ сси сӕ Дарӕг дӕр – цардӕн сӕ цы хъуыд, уый сын лӕвӕрдта ӕмӕ сын сӕ уырнындзинадыл дӕр тыхсти.
ХУЫЦАУӔЙ БУЗНЫГ КӔЙ СТӔМ, УЫЙ НӔ БОН КУЫД У РАВДИСЫН
16, 17. а) Нӕ бон куыд у равдисын, Хуыцау нӕ йӕ сыгъдӕг ном хӕссыны аккаг кӕй скодта, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм? ӕ) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
16 Йегъовӕ абоны онг дӕр нӕ фӕивта. Йӕ ном нын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ адӕмы тыххӕй, цӕйфӕнды сӕр ӕй ма бахъӕуа, уый суыдзӕн. Йегъовӕ нын дӕтты, цардӕн нӕ цы хъӕуы, уый ӕмӕ нын нӕ уырнындзинадыл дӕр тыхсы. Фӕлӕ ма Хуыцауы ном ноджыдӕр цӕуылдӕр дзурӕг у. Цымӕ цӕуыл? Йегъовӕ афтӕ бакӕны, ӕмӕ, кӕй ӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдон дӕр свӕййынц, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн чи ӕмӕ цы хъуамӕ суой, уый. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис йе ’вдисӕнтӕй дӕр. Уыцы хъуыддаг нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн нӕ цард афтӕ аразын, цӕмӕй йын йӕ ном хӕссыны аккаг уӕм. Норвегийӕ иу 84-аздзыд ӕфсымӕр, Ко́ре, зӕгъгӕ, Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕны 70 азы, ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Ӕз мӕхицӕн стыр кадыл нымайын, ӕнусты Паддзах Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ йын йӕ сыгъдӕг ном чи хӕссы, уыцы адӕмы ’хсӕн кӕй дӕн, уый. Уымӕй хуыздӕр ницы ис, ӕмӕ адӕмӕн Библийы рӕстдзинад амонай ӕмӕ сын рӕстдзинад сӕ зӕрдӕтӕ куыд бацагайы ӕмӕ куыд фӕцин кӕнынц, уый дӕхи цӕстӕй уынай. Тынг ӕхсызгон мын вӕййы, Чырыстийы нывонды тыххӕй сын куы фӕдзурын ӕмӕ сын куы фембарын кӕнын, цы аразын сӕ хъӕуы, цӕмӕй уыцы нывонды фӕрцы ног дунейы ӕнустӕм фӕрнӕй цӕрой».
17 Иуӕй-иу рӕтты, Хуыцауы базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы ссарын зын у. Ӕмӕ нӕм иу адӕймаг дӕр куы байхъусы ӕмӕ йӕ Хуыцауы номы тыххӕй базонын куы бафӕнды, уӕд мах дӕр ӕфсымӕр Ко́рейау фӕцин кӕнӕм. Фӕлӕ цымӕ нӕ бон куыд у, ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр уӕм ӕмӕ Йесойы ӕвдисӕнтӕ дӕр? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.