Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w14 15/10 13–17 фф.
  • Сымах суыдзыстут «сауджынты паддзахад»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сымах суыдзыстут «сауджынты паддзахад»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • БАЙЗӔДДАДЖЫ ЧИ ХЪАХЪХЪӔДТА, УЫЦЫ БАДЗЫРД
  • НОГ АДӔМ ФӔЗЫНД
  • НОГ БАДЗЫРД ЙӔ ТЫХЫ БАЦЫД
  • ИННӔТӔ ЧЫРЫСТИИМӔ ПАДДЗӔХТӔ КӔЙ ФӔРЦЫ СУЫДЗЫСТЫ, УЫЦЫ БАДЗЫРД
  • ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫЛ ФИДАРӔЙ ӔУУӔНД!
  • Ног бадзырд дӕуӕн хӕссы стыр арфӕдзинӕдтӕ
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
w14 15/10 13–17 фф.
Йесо бындур ӕрӕвӕрдта Хицауы ӕхсӕвӕрӕн

Сымах суыдзыстут «сауджынты паддзахад»

«Сымах мын суыдзыстут сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм» (РАЦ. 19:6).

КУЫД БАМБАРЫН КӔНИС?

12 фарсыл цы ӕрмӕг ис, уымӕ гӕсгӕ цыбыртӕй радзур...

  • Закъоны бадзырды тыххӕй.

  • ног бадзырды тыххӕй.

  • Паддзахады тыххӕй бадзырды тыххӕй.

1, 2. Сылгоймагӕн йӕ байзӕддаджы хъахъхъӕнын цӕмӕн хъуыди?

ЙЕГЪОВӔ йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый нын сӕйраджыдӕр ӕргом кӕны Библийы фыццаг пехуымпарад. Уыцы пехуымпарады Хуыцау загъта: «Ӕз дӕу [Хӕйрӕджы] ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ уый байзӕддаджы кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ». Кӕрӕдзиимӕ куыд карзӕй тох кӕндзысты, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн? Йегъовӕ загъта: «Уый [сылгоймаджы байзӕддаг] дын [Хӕйрӕгӕн] дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Райд. 3:15). Калм, ома Хӕйрӕг, сылгоймаджы ныхмӕ афтӕ суыдзӕн, ӕмӕ алы мадзалӕй дӕр архайдзӕн, цӕмӕй йын йӕ байзӕддаджы фесафа.

2 Уӕдӕ диссаг нӕу, псаломзарӕггӕнӕг Хуыцаумӕ йе ’взӕрст адӕмы тыххӕй кувгӕйӕ афтӕ кӕй загъта: «Де знӕгты хъӕлӕба цӕуы, ӕмӕ дӕ йе сӕфт чи уыны, уыдон сӕ сӕртыл схӕцыдысты. Дӕ адӕмы ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕнынц, кӕнынц сусӕг фӕндтӕ, кӕй бамбӕхстай, уыдоны ныхмӕ. Уыдон дзурынц: „Цомут ӕмӕ сӕ ныццӕгъдӕм, цӕмӕй ахӕм адӕм мауал уа“» (Пс. 83:2–4). Сылгоймаджы байзӕддаг цы хӕдзарвӕндагӕй хъуамӕ рацыдаид, уый хъуыди хъахъхъӕнын, цӕмӕй ма фесӕфтаид ӕмӕ Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уыдаид. Ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕ скодта ноджыдӕр цалдӕр бадзырды. Уыцы бадзырдтӕ бӕлвырд кодтой, Йегъовӕйы фӕнд кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уый.

БАЙЗӔДДАДЖЫ ЧИ ХЪАХЪХЪӔДТА, УЫЦЫ БАДЗЫРД

3, 4. а) Закъоны бадзырд йӕ тыхы кӕд бацыд ӕмӕ Израилы адӕм цӕуыл сразы сты? ӕ) Закъоны бадзырд цӕй тыххӕй ӕрцыд арӕзт?

3 Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковы байзӕддӕгтӕ куы сбирӕ сты ӕмӕ милуантӕ куы систы, уӕд сӕ Йегъовӕ скодта хицӕн адӕм – Израилы адӕм. Моисейы уылты Йегъовӕ семӕ скодта бадзырд. Хуыцау сын радта Закъон, ӕмӕ израилӕгтӕ сразы сты уыцы Закъон ӕххӕст кӕныныл. Уыцы бадзырд хуыйны Закъоны бадзырд. Библийы фыст ис: «[Моисей] райста бадзырды чиныг ӕмӕ йӕ адӕмӕн бакаст. Ӕмӕ адӕм загътой: „Йегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм“. Ӕмӕ Моисей [нывондӕн хаст галты] туг райста, адӕмыл дзы бапырх кодта ӕмӕ загъта: „Ай у, Йегъовӕ уемӕ ӕппӕт ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕй сарӕзта, уыцы бадзырды туг“» (Рац. 24:3–8).

4 Закъоны бадзырд йӕ тыхы бацыд нӕ эрӕйы размӕ 1513 азы, Израилы адӕм Синайы хохы раз куы уыдысты, уӕд. Уыцы бадзырды руаджы рагон Израилы адӕм систы Хуыцауы ’взӕрст адӕм. Йегъовӕ сси сӕ Тӕрхонгӕнӕг, сӕ Закъонӕвӕрӕг ӕмӕ сӕ Паддзах (Ис. 33:22). Закъонмӕ гӕсгӕ израилӕгтӕн бар нӕ уыд ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй устытӕ курын кӕнӕ сӕм мой кӕнын, стӕй мӕнг хуыцӕуттӕн кувын дӕр. Уый хъуыди, цӕмӕй Авраамы хӕдзарвӕндаг Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уыдаид (Рац. 20:4–6; 34:12–16).

5. а) Закъоны бадзырды фӕрцы Израилы адӕмӕн цавӕр фадат фӕзынд? ӕ) Хуыцау израилӕгты йе ’взӕрст адӕмыл цӕуылнӕуал нымадта?

5 Закъоны бадзырдмӕ гӕсгӕ Израилы ӕвӕрд ӕрцыдысты сауджынтӕ. Уыдон амыдтой, фидӕны адӕм ноджы стырдӕр хорздзинӕдтӕй кӕй фӕрцы схайджын уыдаиккой, уыцы сауджынты къордмӕ (Дзут. 7:11; 10:1). Закъоны бадзырды фӕрцы Израилы адӕмӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй суыдаиккой «сауджынты паддзахад». Ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕххӕст кодтаиккой. (Бакӕс Рацыд 19:5, 6.) Фӕлӕ израилӕгтӕ ӕгоммӕгӕс разындысты. Ӕмӕ Мессийӕ, Авраамы сӕйраг байзӕддаг, куы ӕрцыд, уӕд ыл нӕ баууӕндыдысты ӕмӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты. Ӕппынфӕстаг Хуыцау израилӕгты йе ’взӕрст адӕмыл нал нымадта.

Хуыцау израилӕгтимӕ Синайы хохы раз сарӕзта Закъоны бадзырд

Израилы адӕм ӕгоммӕгӕс кӕй разындысты, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ Закъоны бадзырдӕн йӕ нысан нӕ сӕххӕст (кӕс 3–6 абзацтӕ)

6. Закъонӕн йӕ нысан цы уыд?

6 Израилы адӕм Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй нал уыдысты, уый тыххӕй «сауджынты паддзахад» нӕ систы. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ Закъонӕн йӕ нысан нӕ сӕххӕст. Закъонӕн йӕ нысан уыди байзӕддаджы бахъахъхъӕнын ӕмӕ адӕмӕн Мессийӕйы базонынӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ Чырысти зӕхмӕ куы ’рцыд ӕмӕ йӕ адӕм куы базыдтой, уӕд Закъоны нысан сӕххӕст. Библийы фыст ис: «Закъонӕн... Чырысти кӕрон скодта» (Ром. 10:4). Фӕлӕ цымӕ уӕд «сауджынты паддзахад» чи хъуамӕ суыдаид? Йегъовӕ Хуыцау скодта ӕндӕр бадзырд, цӕмӕй йӕхицӕн ног адӕм равзӕрстаид.

НОГ АДӔМ ФӔЗЫНД

7. Йегъовӕ Йеремийы уылты ног бадзырды тыххӕй цы загъта?

7 Закъоны бадзырдӕн йӕ тых куы фесӕфт, уымӕй бирӕ раздӕр Йегъовӕ пехуымпар Йеремийы уылты загъта, Израилы адӕмимӕ «ног бадзырд» кӕй скӕндзӕн. (Бакӕс Йеремийы 31:31–33.) Ног бадзырд Закъоны бадзырды хуызӕн нӕ уыдаид, уымӕн ӕмӕ уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕныны тыххӕй фосы нывӕндтӕ хӕссын нӕ хъуыдаид. Уымӕн гӕнӕн куыд уыд?

8, 9. а) Йесо йӕ туг кӕй ныккалдта, уый фӕрцы цӕмӕн ис гӕнӕн? ӕ) Ног бадзырд кӕимӕ ӕрцыд арӕзт, уыдонӕн цавӕр фадат фӕзынд? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

8 Ӕнустӕ фӕстӕдӕр, нӕ эрӕйы 33 азы 14 нисаны, Йесо Чырысти бындур ӕрӕвӕрдта Хицауы ӕхсӕвӕрӕн. Йесо, йӕ къухы цы сӕны къус уыд, уый тыххӕй йӕ 11 иузӕрдион апостолӕн загъта: «Ацы сӕны къус нысан кӕны ног бадзырд – уый фидаргонд цӕуы мӕ тугӕй, сымах тыххӕй чи ныккӕлдзӕн, уыцы тугӕй» (Лук. 22:20). Матфейы чиныджы дӕр фыст ис, Йесо сӕны тыххӕй афтӕ кӕй загъта: «Ацы сӕн нысан кӕны мӕ туг – „бадзырды туг“, ӕмӕ ныккӕлдзӕн бирӕты тыххӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой» (Матф. 26:27, 28).

9 Ног бадзырд сфидар Йесойы туджы фӕрцы. Йесо йӕ туг ныккалдта иу хатт, фӕлӕ уый фӕрцы бирӕты тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуынц ӕнустӕм. Ног бадзырд Йесойӕн йӕхимӕ нӕ хауы, уымӕн ӕмӕ уый тӕригъӕдджын нӕ уыд, ӕмӕ йын хатыр кӕнын ницы хъуыд. Фӕлӕ Йесо йӕ туг кӕй ныккалдта, уый фӕрцы Йегъовӕйӕн йӕ бон у Адамы байзӕддӕгты сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕнын. Стӕй ма уый фӕрцы йӕ бон у йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иуты йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кӕнын ӕмӕ сӕ йӕхицӕн «фырттӕ» скӕнын. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:14–17.) Йегъовӕйы цӕсты уыдон тӕригъӕдджын нал сты, ӕмӕ уымӕй сты йӕ Фырт Йесойы хуызӕн. Уыцы сӕрст чырыстӕттӕ сты «бындартӕ Чырыстиимӕ иумӕ» ӕмӕ сын ис диссаджы фадат, цӕмӕй «сауджынты паддзахад» суой. Ахӕм фадат уыд Израилы адӕмӕн дӕр, фӕлӕ йын уыдон не саргъ кодтой. Сӕрст чырыстӕтты тыххӕй апостол Петр загъта: «Сымах... стут „ӕвзӕрст мыггаг, паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыцы сауджынтӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ чи у, уыцы адӕм, цӕмӕй алкӕмдӕр хъусын кӕнат“, талынгӕй уӕ чи ракодта ӕмӕ уӕ йӕ диссаджы рухсмӕ чи ӕрхуыдта, уымӕн йӕ „диссаджы миниуджыты тыххӕй“» (1 Пет. 2:9). Бӕрӕг у, ног бадзырд тынг ахсджиаг кӕй у! Уый фӕрцы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй уыдон дӕр Авраамы байзӕддӕгтӕ суой.

НОГ БАДЗЫРД ЙӔ ТЫХЫ БАЦЫД

10. Ног бадзырд йӕ тыхы кӕд бацыд ӕмӕ уымӕй раздӕр цӕуылнӕ?

10 Ног бадзырд йӕ тыхы Хицауы ӕхсӕвӕры рӕстӕджы нӕ бацыд, фӕлӕ фӕстӕдӕр. Цӕмӕй йӕ тыхы бацыдаид, уый тыххӕй Йесо хъуамӕ йӕ туг ныккалдтаид ӕмӕ йӕ нывонды аргъимӕ уӕлӕрвты Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыдаид. Уымӕй уӕлдай, Чырыстиимӕ иумӕ «бындартӕ» чи хъуамӕ суыдаид, уыдон хъуамӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдаиккой. Уӕдӕ ног бадзырд йӕ тыхы бацыд нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм боны, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куы ’рцыдысты, уӕд.

11. Ног бадзырды руаджы дзуттӕгтӕн дӕр ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕн дӕр уыцы фадат куыд фӕзынд, цӕмӕй «Хуыцауы Израил» суыдаиккой? Ног бадзырд кӕимӕ ӕрцыд арӕзт, уыдон цас сты?

11 Йегъовӕ, Израилимӕ ног бадзырд кӕй скӕндзӕн, уый тыххӕй Йеремийы уылты куы фехъусын кодта, уӕд уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ ӕппынфӕстаг Закъоны бадзырд нал хъӕудзӕн. Ӕмӕ Закъоны бадзырдӕн кӕрон ӕрцыд, ног бадзырд йӕ тыхы куы бацыд, уӕд (Дзут. 8:13). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцау дзуттӕгтӕм дӕр ӕмӕ, сунӕтгонд чи нӕ уыд, уыцы адӕмтӕм дӕр каст иухуызон цӕстӕй, уымӕн ӕмӕ «сунӕтгонд уыд [сӕ] зӕрдӕ, фыст закъонмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй» (Ром. 2:29). Хуыцау семӕ ног бадзырд кӕй скодта, уый руаджы сын йӕ закъӕттӕ «бавӕрдта сӕ зонды, ӕмӕ сын сӕ сӕ зӕрдӕты ныффыста» (Дзут. 8:10). Ног бадзырд кӕимӕ ӕрцыд арӕзт, уыдоны нымӕц у 144 000. Уыдон сты Хуыцауы ног адӕм – «Хуыцауы Израил» (Гал. 6:16; Рарг. 14:1, 4).

12. Закъоны бадзырд ӕмӕ ног бадзырд иухуызон цӕмӕй сты?

12 Закъоны бадзырд ӕмӕ ног бадзырд иухуызон цӕмӕй сты? Закъоны бадзырд арӕзт уыд Йегъовӕ ӕмӕ Израилы адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ ног бадзырд дӕр арӕзт у Йегъовӕ ӕмӕ «Хуыцауы Израилы» ’хсӕн. Закъоны бадзырды уыд ӕхсӕны лӕг – Моисей, ӕмӕ ног бадзырды дӕр ис Ӕхсӕны лӕг – Йесо Чырысти. Закъоны бадзырд фидаргонд ӕрцыд фосы нывӕндты тугӕй, ӕмӕ ног бадзырд дӕр фидаргонд ӕрцыд тугӕй – Йесойы тугӕй. Закъоны бадзырдмӕ гӕсгӕ Моисей уыд Израилы адӕмы разамонӕг. Ног бадзырд кӕимӕ ӕрцыд арӕзт, уыдонӕн дӕр ис разамонӕг – ӕмбырды сӕргъы ӕвӕрд чи у, уый, ома Йесо (Еф. 1:22).

13, 14. а) Ног бадзырд Хуыцауы Паддзахадимӕ куыд баст у? ӕ) Цы хъуыди, цӕмӕй сӕрст чырыстӕттӕ Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ суыдаиккой?

13 Ног бадзырд Хуыцауы Паддзахадимӕ куыд баст у? Уыцы бадзырды руаджы фӕзынд ног адӕм – уӕларвон Паддзахады паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ чи уыдзысты, уыцы сыгъдӕг адӕм. Уыдон дӕр хауынц Авраамы байзӕддагмӕ (Гал. 3:29). Уӕдӕ ног бадзырд бӕлвырд кӕны, Авраамимӕ арӕзт бадзырдӕн йӕ нысан кӕй сӕххӕст уыдзӕн.

14 Куыд базыдтам, афтӕмӕй ног бадзырды фӕрцы фӕзынд «Хуыцауы Израил» ӕмӕ уыцы адӕмӕн сӕ бон у, цӕмӕй суой «бындартӕ Чырыстиимӕ иумӕ». Фӕлӕ сӕрст чырыстӕттӕ Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ цӕй фӕрцы хъуамӕ суыдаиккой? Уый тыххӕй арӕзт ӕрцыд ӕндӕр бадзырд.

ИННӔТӔ ЧЫРЫСТИИМӔ ПАДДЗӔХТӔ КӔЙ ФӔРЦЫ СУЫДЗЫСТЫ, УЫЦЫ БАДЗЫРД

15. Йесо йӕ иузӕрдион апостолтимӕ цавӕр бадзырд скодта?

15 Чырысти Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уый фӕстӕ йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтимӕ скодта бадзырд – Паддзахады тыххӕй бадзырд. (Бакӕс Лукайы 22:28–30.) Иннӕ бадзырдтӕй уӕлдай ацы бадзырд Йегъовӕ не скодта. Паддзахады тыххӕй бадзырд арӕзт ӕрцыд Йесо ӕмӕ йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн. Йесо афтӕ куы загъта, «мӕ Фыд мемӕ куыд сарӕзта бадзырд», зӕгъгӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дзырдта, «Мелхиседекы хуызӕн сауджын» кӕй уыдзӕн, уый фӕдыл Йегъовӕ йемӕ цы бадзырд скодта, уый тыххӕй (Дзут. 5:5, 6).

16. Паддзахады тыххӕй бадзырды фӕрцы сӕрст чырыстӕттӕн цавӕр фадат фӕзынд?

16 Йесойӕн йӕ 11 иузӕрдион апостолы «[йӕ] фӕлварӕнты рӕстӕг уыдысты [йӕ] фарсмӕ». Ӕмӕ сын Паддзахады тыххӕй бадзырд бар лӕвӕрдта, цӕмӕй Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ суыдаиккой. Фӕлӕ уыцы кад ӕрмӕст 11 апостолмӕ не ’рхауд. Йесо уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уый фӕстӕ апостол Иоанмӕ цӕстылуайӕны фӕзынд ӕмӕ загъта: «Уӕлахиздзауы мемӕ мӕ паддзахбадӕныл ӕрбадын кӕндзынӕн, ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ мӕ Фыдимӕ йӕ паддзахбадӕныл куыд ӕрбадтӕн, афтӕ» (Рарг. 3:21). Уӕдӕ Паддзахады тыххӕй бадзырд арӕзт ӕрцыд 144 000 сӕрст чырыстонимӕ (Рарг. 5:9, 10; 7:4). Уыцы бадзырд сын дӕтты Йесоимӕ уӕлӕрвты хицауиуӕг кӕныны бар. Сӕрст чырыстӕтты абарӕн ис, паддзахимӕ фидыд чи у, ахӕм чызгимӕ – паддзахы бинойнаг куы свӕййы, уӕд уымӕн дӕр бар вӕййы, цӕмӕй хицауиуӕг кӕна. Ӕмӕ Библи дӕр сӕрст чырыстӕтты хоны Йесойы «чындз», Чырыстиимӕ фидыд чи у, уыцы «ӕнӕцыд чызг» (Рарг. 19:7, 8; 21:9; 2 Кор. 11:2).

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫЛ ФИДАРӔЙ ӔУУӔНД!

17, 18. а) Паддзахадимӕ баст чи у, уыцы ӕхсӕз бадзырдӕй алкӕцыйы тыххӕй дӕр цыбыртӕй радзур. ӕ) Хуыцауы Паддзахадыл нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын цӕмӕн у?

17 Ацы дыууӕ статьяйы цы бадзырдтыл аныхас кодтам, уыдон хауынц Хуыцауы Паддзахадимӕ баст хъуыддӕгтӕй иу кӕнӕ фылдӕрмӕ. (Кӕс ӕрмӕг 12 фарсыл, «Хуыцау йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн».) Хуыцауы Паддзахад ахӕм бадзырдтыл арӕзт кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, уыцы Паддзахадӕн йӕ нысан йӕ къухы кӕй бафтдзӕн – Хуыцаумӕ ӕппӕты райдианы зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыди, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн (Рарг. 11:15).

Йесо ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвты хицауиуӕг кӕнынц

Йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахады фӕрцы Йегъовӕ сӕххӕст кӕндзӕн, зӕххы тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый (кӕс 15–18 абзацтӕ)

18 Дзырд дӕр ыл нӕй, адӕмы се ’ппӕт зындзинӕдтӕй ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад фервӕзын кӕндзӕн. Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уыцы Паддзахад адӕмӕн ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн, ууыл. Цӕй уӕдӕ ацы диссаджы хабар иннӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм! (Матф. 24:14).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын