БИОГРАФИ
Арфӕдзинӕдтӕй хайджын, «ӕнцон куы уыд, уӕд дӕр ӕмӕ, зын куы уыд, уӕд дӕр»
ӔЗ РАЙГУЫРДТӔН 1930 азы мартъийы Малавийы иу хъӕуы, Намкумба, зӕгъгӕ. Мӕ хиуӕттӕ ӕмӕ ме ’мбӕлттӕ дӕр уыдысты Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ. 1942 азы мӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтон ӕмӕ нӕм цы цӕугӕдӕттӕ ис, уыдонӕй иуы донаргъуыд райстон. Уӕдӕй фӕстӕмӕ, 70 азы дӕргъы, архайын, Павел Тимофейӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ – «хъусын кӕнын Хуыцауы ныхас, уыцы хъуыддаг кӕнын ӕвӕстиатӕй, ӕнцон куы вӕййы, уӕд дӕр ӕмӕ, зын куы вӕййы, уӕд дӕр» (2 Тим. 4:2).
1948 азы Нейтан Норр ӕмӕ Милтон Хеншель Малавимӕ фыццаг хатт куы ’рцыдысты, уӕд мӕ бафӕндыд Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Фӕстӕдӕр базонгӕ дӕн Лидэсиимӕ. Уыцы хойы дӕр мӕнау фӕндыд Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. 1950 азы нӕ цард баиу кодтам ӕмӕ нын 1953 азмӕ райгуырди дыууӕ сывӕллоны. Кӕд нӕ нӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнын хъуыди, уӕддӕр аскъуыддзаг кодтам, ӕз ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын кӕй райдайдзынӕн. Дыууӕ азы фӕстӕ та мӕ снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй.
Конгресстӕ нӕ фидӕны фӕлварӕнтӕм бацӕттӕ кодтой
Бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, афтӕ мын мӕ бар бакодтой кадджын хъуыддаг – районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын. Лидэси мын кӕй ӕххуыс кодта, уый руаджы мӕ бон уыд мӕ бинонтыл дӕр тыхсын ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг дӕр лӕггад кӕнынa. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр фӕндыди, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг нӕ дыууӕ дӕр лӕггад кодтаиккам. Гъемӕ, алцыдӕр хорз кӕй спълан кодтам ӕмӕ нын нӕ фондз сывӕллоны кӕй ӕххуыс кодтой, уый руаджы 1960 азы Лидэси дӕр райдыдта ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын.
1962 азы мах уыдыстӕм облӕстон конгрессы, «Хъӕбатыр лӕггадгӕнджытӕ», зӕгъгӕ. Уымӕй иу азы фӕстӕ Малавийы, горӕт Блантайрмӕ ’ввахс, уыди сӕрмагонд конгресс, ӕмӕ нӕм ӕрцыд ӕфсымӕр Хеншель. Конгрессы уыди 10 000 адӕймагӕй фылдӕр. Уыцы конгресс нӕ тынг бафидар кодта ӕмӕ нӕ бацӕттӕ кодта, фидӕны нӕм цы фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ касти, уыдонмӕ.
СКОДТА ЗЫН РӔСТӔГ
Сӕрибарӕй архайыны бар нын нал уыд ӕмӕ хицауад филиалы исбон байста
1964 азы Малавийы Ӕвдисӕнты карзӕй ӕфхӕрын райдыдтой, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кӕй нӕ архайдтой, уый тыххӕй. 100 Паддзахады залӕй фылдӕр ӕмӕ Ӕвдисӕнты хӕдзӕрттӕй 1 000 фылдӕр ныппырх кодтой. Фӕлӕ уӕддӕр 1967 азы онг, цалынмӕ Малавийы хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕрибарӕй архайыны бар лӕвӕрдта, уӕдмӕ, мӕ бон уыди районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын. Хицауад, филиалӕн цы исбон уыд, уый байста, миссионерты бӕстӕйӕ арвыста ӕмӕ Ӕвдисӕнтӕй бирӕты, уыимӕ мӕн ӕмӕ Лидэсийы дӕр, ахӕстоны бакодта. Ахӕстонӕй нӕ куы рауагътой, уӕд дарддӕр дӕр ӕмбырдтӕ бӕрӕг кодтам, фӕлӕ ныр хъуамӕ уӕлдай къӕрцхъус уыдаиккам.
1972 азы октябры нӕм хӕдзармӕ ӕрбабырста иу-100 адӕймаджы. Уыдон уыдысты, Малавийы ӕрыгӕтты лигӕ, зӕгъгӕ, кӕй хуыдтой ӕмӕ тынг ӕгъатыр чи уыд, уыцы политикон къордӕй. Фӕлӕ уыцы къордӕй иу сӕ разӕй ӕрбатахт ӕмӕ мын загъта, цӕмӕй бамбӕхстаин, уымӕн ӕмӕ мӕ марынмӕ хъавыдысты. Ӕз дӕр мӕ бинойнаг ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕн загътон, цӕмӕй, нӕ хӕдзармӕ ӕввахс чи уыд, уыцы бананбӕлӕсты ’хсӕн бамбӕхстаиккой. Мӕхӕдӕг дӕр хӕдзарӕй алыгътӕн ӕмӕ сбырыдтӕн стыр мангобӕласмӕ. Уырдыгӕй уыдтон, уыцы адӕм нын нӕ хӕдзар ӕмӕ нӕ исбон куыд пырх кодтой, уый.
Не ’фсымӕртӕ политикӕйы кӕй нӕ архайдтой, уый тыххӕй сын сӕ хӕдзӕрттӕ басыгътой
Нӕ ныхмӕ карзӕй-карздӕр кӕй архайдтой, уый тыххӕй мингай Ӕвдисӕнтӕ Малавийӕ алыгъдысты. Нӕ бинонтӕ 1974 азы июнмӕ фесты Мозамбикы, лыгъд адӕмӕн дзы цы лагер уыд, уым. Уыцы рӕстӕг нын Лидэсиимӕ ӕфсымӕртӕ загътой, цӕмӕй Домвейы (Мозамбик) сӕрмагонд пионертӕй лӕггад кодтаиккам. Сӕрмагонд пионертӕй лӕггад кодтам 1975 азы онг, цалынмӕ нӕ Мозамбикӕй фӕстӕмӕ Малавимӕ нӕ арвыстой, уӕдмӕ. Малавийы уӕдмӕ дӕр Ӕвдисӕнты фӕдыл зылдысты.
Малавимӕ куы ’рыздӕхтыстӕм, уӕд мын бахӕс кодтой, Малавийы сӕйраг горӕт Лилонгвейы цы ӕмбырдтӕ уыди, уыдон бӕрӕг кӕнын. Кӕд нӕ фӕдыл зылдысты ӕмӕ алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлдыстӕм, уӕддӕр, цы районты лӕггад кодтам, уым ӕмбырдты нымӕц кодта фылдӕрӕй-фылдӕр.
ЙЕГЪОВӔ НЫН ӔХХУЫС КОДТА
Иухатт иу хъӕумӕ ӕрцыдыстӕм цавӕрдӕр политикон фембӕлды рӕстӕг. Адӕмӕй чидӕртӕ базыдтой, Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, ӕмӕ нӕ сбадын кодтой, Малавийы ӕрыгон пионертӕ, зӕгъгӕ, чи хуынди, уыцы къорды ’хсӕн. Нӕхинымӕр Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кодтам, цӕмӕй нын баххуыс кодтаид ӕмӕ нӕ куыд архайын хъӕуы, уый нын бацамыдтаид. Уыцы фембӕлд куы фӕци, уӕд нӕ нӕмын райдыдтой. Фӕлӕ сӕм ӕнӕнхъӕлӕджы иу ацӕргӕ сылгоймаг балыгъд ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Уӕ хорзӕхӕй, ныууадзут сӕ! Ме ’фсымӕры лӕппу у! Йӕ фӕндагыл ӕй ауадзут!» Уӕд фембӕлды хистӕр загъта: «Ауадзут сӕ!» Мах нӕ зонӕм, уыцы сылгоймаг афтӕ цӕмӕн загъта, уымӕн ӕмӕ нӕ хӕстӕг нӕ уыди. Фӕлӕ нӕ фидарӕй уырны, Йегъовӕ нын нӕ куывд кӕй фехъуыста.
Партбилет
1981 азы та ногӕй фембӕлдыстӕм Малавийы ӕрыгон пионертыл. Ацы хатт нын нӕ велосипедтӕ, нӕ дзаумӕттӕ, нӕ чингуытӕ ӕмӕ нӕм районы ӕфсымӕрты тыххӕй цы ахсджиаг гӕххӕттытӕ уыди, уыдон байстой. Нӕхицӕн алидзыны фадат фӕци ӕмӕ иу хистӕр нӕлгоймаджы хӕдзары бамбӕхстыстӕм. Фӕлӕ уӕддӕр тынг тыхстыстӕм, уыцы гӕххӕттытӕ сӕ къухмӕ кӕй бахаудысты, ууыл. Малавийы ӕрыгон пионертӕ уыцы гӕххӕттытӕм куы ’ркастысты ӕмӕ дзы, ӕгас Малавийӕ дӕр мӕм ӕфсымӕртӕ цы писмотӕ фыстой, уыдон куы федтой, уӕд фӕтарстысты, уымӕн ӕмӕ ахъуыды кодтой, цавӕрдӕр стыр хицау кӕй дӕн. Ӕмӕ уыцы гӕххӕттытӕ иууылдӕр уайтагъд бынӕттон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕстӕмӕ радтой.
Иухатт та лодкӕйыл цӕугӕдонӕн йӕ иу былӕй иннӕмӕ цыдыстӕм. Кӕй лодкӕйы цыдыстӕм, уый уыд цавӕрдӕр политикон партийы хистӕр ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр сӕ партбилеттӕ равдыстаиккой. Фӕлӕ махмӕ куыд фӕцӕйхӕццӕ кодта, афтӕ ауыдта, пъӕлицӕ кӕй агуырдта, иу ахӕм давӕджы. Адӕм иууылдӕр ууыл фесты, ӕмӕ лодкӕйы хицауы дӕр партбилетты мӕт нал уыд. Ӕмӕ та бамбӕрстам, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый.
АХӔСТОНЫ МӔ БАКОДТОЙ
1984 азы февралы цыдтӕн Лилонгвемӕ, цӕмӕй Замбийы филиалмӕ хыгъдтӕ арвыстаин. Фӕндагыл мӕ пъӕлицӕйы кусӕг баурӕдта ӕмӕ мын мӕ сумкӕ басгӕрста. Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ дзы куы ссардта, уӕд мӕ пъӕлицӕйы участокмӕ акодта ӕмӕ мӕ уым нӕмын райдыдта. Уый фӕстӕ мӕ сбаста ӕмӕ мӕ давджытимӕ иу камерӕйы бакодта.
Иннӕ бон мӕ пъӕлицӕйы хицау иннӕ уатмӕ бакодта ӕмӕ мын загъта, цӕмӕй иу гӕххӕттыл мӕ къух ӕрфыстаин. Фыст дзы уыд: «Ӕз, Трофим Нсомба, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты диныл мӕ къух исын, цӕмӕй мӕ ахӕстонӕй рауадзой». Ӕз уыцы гӕххӕттыл мӕ къух не ’рфыстон ӕмӕ йын загътон: «Бӕтгӕ нӕ, фӕлӕ мӕ маргӕ дӕр куы акӕнат, уӕддӕр не сразы уыдзынӕн. Ӕз Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты диныл мӕ къух нӕ сисдзынӕн». Пъӕлицӕйы хицау уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд мӕстӕй рафыхт ӕмӕ стъол тымбылкъухӕй ахӕм цӕф ныккодта, ӕмӕ иннӕ уатӕй пъӕлицӕйаг ӕрбатахт, цы хабар у, зӕгъгӕ. Хистӕр ын загъта: «Ацы лӕг нӕ разы кӕны, цӕмӕй мауал хъусын кӕна ӕмӕ уый тыххӕй гӕххӕттыл йӕ къух ӕрфысса. Уӕдӕ уӕд ныффыссӕд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, уый ӕмӕ йыл йӕ къух ӕрфыссӕд, ӕмӕ йӕ Лилонгвейы ахӕстонмӕ арвитдзыстӕм». Уыцы рӕстӕг мӕ бинойнаг нӕ зыдта, кӕм дӕн, ӕмӕ мӕт кодта. Цыппар боны фӕстӕ йын ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ загътой, цы хабар мыл ӕрцыд, уый.
Лилонгвейы пъӕлицӕйы участокы чи уыд, уыцы пъӕлицӕйаг мемӕ хӕларзӕрдӕйӕ ныхас кодта. Пъӕлицӕйы хицау загъта: «Ацы пырындзы къус – дӕуӕн, уымӕн ӕмӕ дӕу Хуыцауы Ныхасы тыххӕй ӕрцахстой. Ам чи ис, уыцы адӕм та давджытӕ сты». Стӕй мӕ арвыста, Качере чи хуыйны, уыцы ахӕстонмӕ, ӕмӕ уым фондз мӕйы фӕбадтӕн.
Уырдӕм мӕ куы ’ркодтой, уӕд ахӕстоны цӕстдарӕг бацин кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй ахӕстоны «сауджын» уыдаин. Уыцы рӕстӕг дзы цы сауджын уыд, уый та нал бауагъта уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ йын загъта: «Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй ам дарддӕр Хуыцауы Ныхас амонай, уымӕн ӕмӕ дӕ ахӕстоны бакодтой, дӕ аргъуанӕй давгӕ кӕй кодтай, уый тыххӕй!» Афтӕмӕй алы къуыри дӕр райдыдтон, ахст адӕмӕн Библи кӕм амыдтон, ахӕм ӕмбырдтӕ уадзын.
Фӕлӕ фӕстӕдӕр мӕ уавӕр фӕфыддӕр. Ахӕстоны хицӕутты фӕндыд, цӕмӕй сын загътаин, Малавийы цас Ӕвдисӕнтӕ ис, уый. Фӕлӕ мӕ дзуапп сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ мӕ ахӕм над фӕкодтой, ӕмӕ бауадзыг дӕн. Иннӕ хатт та сӕ фӕндыд базонын, нӕ сӕйраг хайад кӕм ис, уый. Ӕз сын афтӕ: «Уый хуымӕтӕг фарста у, ӕмӕ уын дзуапп ратдзынӕн». Ӕмӕ сын загътон, нӕ сӕйраг хайады тыххӕй Библийы фыст кӕй ис. Уыдон тынг бадис кодтой ӕмӕ мӕ бафарстой: «Библийы та кӕм?»
Уӕд сын ӕз загътон: «Исайы 43:12 стихы». Уыдон уыцы стих ссардтой ӕмӕ йӕ лӕмбынӕг бакастысты: «Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕз та дӕн Хуыцау». Уыцы стих ӕртӕ хатты бакастысты, стӕй мӕ бафарстой: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад Америкӕйы нӕ, фӕлӕ ам, Библийы, куыд хъуамӕ уа?» Ӕз сын загътон: «Америкӕйы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты куы бафӕрсат, уӕ сӕйраг хайад кӕм ис, зӕгъгӕ, уӕд уын уыдон дӕр ацы стихмӕ бацамондзысты». Цы фехъусын сӕ фӕндыд, уый сын кӕй нӕ загътон, уый тыххӕй мӕ арвыстой, Лилонгвейы цӕгатырдыгӕй цы ахӕстон уыд, уырдӕм, Дзалека, зӕгъгӕ.
ЗЫН РӔСТӔГ ДӔР – АРФӔДЗИНӔДТӔЙ ХАЙДЖЫН
1984 азы июлы мӕ Дзалекайы ахӕстонмӕ куы ’рластой, уӕд дзы уыди 81 Ӕвдисӕны. Ахӕстоны бадти 300 адӕймаджы, ӕмӕ дзы бынат кӕй нӕ фаг кодта, уый тыххӕй-иу фӕрсӕй-фӕрстӕм пъолыл фынӕй кодтой. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Ӕвдисӕнтӕн сӕ бон баци гыццыл къордтӕй ӕмбырд кӕнын райдайын, цӕмӕй-иу Библийӕ искӕцы стихыл аныхас кодтаиккой. Уый-иу нӕ тынг бафидар кодта.
Ӕфсымӕрты тӕрхоны фӕстӕ фӕкӕнынц
1984 азы октябры не ’ппӕтӕн дӕр стӕрхон кодтой ӕмӕ нын дыгай азтӕ радтой. Ныр дӕр та нӕ сбадын кодтой, Ӕвдисӕн чи нӕ уыд, уыдонимӕ. Фӕлӕ ахӕстоны цӕстдарӕг алкӕй дӕр бафӕдзӕхста: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тамако нӕ дымынц. Хъахъхъӕнджытӕ, тамако-иу сӕ ма курут ӕмӕ-иу сӕ уӕ тамако ссудзыны тыххӕй артӕй зынг хӕссынмӕ ма ’рвитут. Уыдон Хуыцауы адӕм сты! Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн се ’ппӕтӕн дӕр хъуамӕ бон дыууӕ хатты дӕттой хӕринаг, уымӕн ӕмӕ ам фыдракӕндты тыххӕй не сты, фӕлӕ, Библийыл кӕй ӕууӕндынц, уый тыххӕй».
Хорз ном нын кӕй уыд, уый нын пайда хаста ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Талынг кӕнӕ-иу къӕвда куы уыд, уӕд-иу ахӕстонӕй ӕддӕмӕ никӕй уагътой. Фӕлӕ махӕн бар уыд, цӕмӕй-иу ӕддӕмӕ рацыдаиккам, уымӕн ӕмӕ зыдтой, кӕй нӕ алидздзыстӕм. Иухатт быдыры куы куыстам, уӕд нӕ хъахъхъӕнӕг фӕрынчын, ӕмӕ йӕ мах ахӕстонмӕ ӕрбахастам. Нӕхи хорз кӕй дардтам, уый фӕрцы ахӕстоны хъахъхъӕнджытӕ дӕр Йегъовӕйы ном кадджын кодтой (1 Пет. 2:12)b.
САБЫР РӔСТӔГ ТА РАЛӔУУЫД
1985 азы 11 майы мӕ Дзалекайы ахӕстонӕй рауагътой. Куыд цин кодтон, мӕ бинонтимӕ та кӕй уыдтӕн, ууыл! Мах Йегъовӕйӕ бузныг стӕм, кӕй нын ӕххуыс кодта, цӕмӕй йыл уыцы зындзинӕдты рӕстӕг иузӕрдионӕй баззадаиккам. Уыцы рӕстӕджытыл хъуыды кӕнгӕйӕ мах дӕр разы вӕййӕм апостол Павелы ныхӕстимӕ: «Не ’фсымӕртӕ, фӕнды нӕ, цӕмӕй зонат... цы бӕллӕхы бахаудыстӕм, уый тыххӕй... Удӕгасӕй баззайын ӕнхъӕл дӕр нал уыдыстӕм. Афтӕ нӕм каст, цыма нын мӕлӕты тӕрхон хаст ӕрцыд. Ӕмӕ уый афтӕ уымӕн уыди, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл ма дарӕм, фӕлӕ, мӕрдты чи ӕгас кӕны, уыцы Хуыцауыл. О, уый нӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодта» (2 Кор. 1:8–10).
Ӕфсымӕр Нсомба ӕмӕ йӕ бинойнаг Лидэси Паддзахады залы раз, 2004 аз
Ӕцӕгӕйдӕр, иуӕй-иу хатт-иу нӕм афтӕ каст, ӕмӕ мӕлӕтӕй нал аирвӕздзыстӕм. Фӕлӕ алкӕддӕр Йегъовӕмӕ куывтам, цӕмӕй нын ӕххуыс кодтаид ӕмӕ хъӕбатыр, ӕмбаргӕ ӕмӕ сӕрныллӕг уыдаиккам, ӕмӕ йын йӕ ном кадджын кодтаиккам.
Йегъовӕ нын нӕ лӕггадӕн арфӕ кодта, «ӕнцон куы уыд, уӕд дӕр ӕмӕ, зын куы уыд, уӕд дӕр». Тынг ӕхсызгон нын у, ныр Лилонгвейы ног филиал кӕй ис ӕмӕ Малавийы 1 000 Паддзахады залӕй фылдӕр кӕй сарӕзтой, уый! Уыцы арфӕдзинӕдтӕ нӕ Лидэсиимӕ дисы ӕфтауынц ӕмӕ нӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, цыма рӕсугъд фын уынӕм!c
a Ныр, гыццыл сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, ахӕм ӕфсымӕрты районон цӕстдарджытӕй нал снысан кӕнынц.
b Малавийы Ӕвдисӕнты куыд ӕфхӕрдтой, уый тыххӕй кӕс 1999 азы «Ежегодник Свидетелей Иеговы», 171–223 фӕрстӕ.
c Ацы статья куы цӕттӕ кодтам, уӕд ӕфсымӕр Нсомба фӕзиан, цыди йыл 83 азы.