Чи у антихрист, кӕнӕ Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг?
Ӕрӕджы рацыд, адӕймаджы туг кӕмӕй ныллӕууы, ахӕм киноныв «Антихрист».
Зындгонд рок-музыканттӕ сӕ альбомтӕй иу схуыдтой «Антихрист – суперстъалы».
Фридрих Ницше, 19 ӕнусы философ, йӕ куыстытӕй иу схуыдта «Антихрист».
Астӕуккаг ӕнусты къаролтӕ ӕмӕ императортӕ, цӕмӕй се знӕгты бафхӕрдтаиккой, уый тыххӕй-иу сӕ схуыдтой «антихрист».
Мартин Лютер, немыцаг реформатор, Ромы папӕты хуыдта антихристтӕ.
УӔДӔ кӕд дзырдӕй «антихрист» рагӕй пайда кӕнынц ӕмӕ дзы схонынц паддзӕхты дӕр ӕмӕ суанг кинонывтӕ дӕр, уӕд ӕвзӕры фарстатӕ: цымӕ чи у антихрист, кӕнӕ Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг? Исты зиан нын ӕрхӕсдзӕн? Растдӕр уаид дзуапп Библийы куы бацагуриккам, уымӕн ӕмӕ дзы ацы дзырдбаст ӕмбӕлы фондз хатты.
АНТИХРИСТ, КӔНӔ ЧЫРЫСТИЙЫ НЫХМӔЛӔУУӔГ, РАРГОМ
Библийы фысджытӕй ӕрмӕстдӕр апостол Иоанн пайда кодта дзырдӕй «антихрист». Ирон ӕвзагыл уагъд Библийы уыцы дзырд тӕлмац у дзырдбастӕй «Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг». Цымӕ Иоанн Чырыстийы ныхмӕлӕууӕджы тыххӕй цы ныффыста? Йӕ фыццаг фыстӕджы мах кӕсӕм ахӕм ныхӕстӕ: «Мӕ хъӕбултӕ, рӕстӕг бирӕ нал баззад, ӕмӕ куыд фехъуыстат, афтӕмӕй Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг ӕрцӕуы. Ныр дӕр Чырыстийӕн бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ фӕзынд, ӕмӕ уымӕй зонӕм, рӕстӕг бирӕ кӕй нал баззад, уый. Уыдон уыдысты не ’хсӕн, фӕлӕ махӕй ацыдысты. [...] Афтӕ чи зӕгъы, Йесо, дам, Чырысти нӕу, уый кӕд нӕ сайы, уӕд ма чи сайы? Уый у Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Уый нӕдӕр Фыдыл ӕууӕнды, нӕдӕр Фыртыл» (1 Иоанны 2:18, 19, 22).
Апостол Иоанн «Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг» хуыдта, Йесо Чырыстийы ӕмӕ йӕ ахуырӕдты тыххӕй барӕй мӕнг ныхӕстӕ чи парахат кодта, уыдоны се ’ппӕты дӕр
Ацы ныхӕстӕй цы базыдтам? Иоанн «бирӕ ныхмӕлӕуджыты» кой кӕй скодта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг иу кӕмӕдӕр кӕй нӕ амоны, фӕлӕ бирӕтӕм. Уымӕ хауынц ахӕм адӕм кӕнӕ ахӕм организацитӕ, мӕнг ныхӕстӕ чи парахат кӕны, Йесо Чырысти кӕнӕ Мессийӕ кӕй у, ууыл чи нӕ разы кӕны, стӕй Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы ’хсӕн цы ахастытӕ ис, уыдон чи зыгъуыммӕ кӕны. Уыдон сӕхи хонынц Чырысти кӕнӕ йӕ минӕвӕрттӕ. Ныхӕстӕ, «уыдон уыдысты не ’хсӕн», зӕгъгӕ, амонынц, уыцы адӕм Библийы ӕцӕг ахуырӕдтӕй иуварс кӕй ацыдысты. Иоанн ацы фыстӕг фыста, «рӕстӕг бирӕ [куы] нал баззад», уӕд,– ӕвӕццӕгӕн, апостолты рӕстӕг куы фӕуд кодта, уӕд,– ӕмӕ «Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг» уӕдмӕ дӕр уыди.
Цы ма ныффыста Иоанн «Чырыстийы ныхмӕлӕууӕджы» тыххӕй? Мӕнг пехуымпарты тыххӕй дзургӕйӕ, уый бафӕдзӕхста: «Йесо Чырысти адӕймагӕй ӕрцыд, зӕгъгӕ, цы пехуымпар-ныхас дзуры, уый Хуыцауӕй у. Йесойы тыххӕй афтӕ чи нӕ дзуры, уыцы пехуымпар-ныхас та Хуыцауӕй нӕу. Уыцы пехуымпар-ныхас у Чырыстийы ныхмӕлӕууӕгӕй. Ӕмӕ уый кӕй фӕзындзӕн, уый тыххӕй сымах хъусгӕ дӕр фӕкодтат, ӕмӕ ныридӕгӕн дӕр дунейы ис» (1 Иоанны 4:2, 3). Иоанн йӕ дыккаг фыстӕджы ногӕй йӕ хъус ӕрдардта уыцы хабармӕ: «Дунейы фӕзынд бирӕ фӕлитойтӕ, афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Йесо Чырысти адӕймагӕй не ’рцыд. Афтӕ чидӕриддӕр дзуры, уый у фӕлитой ӕмӕ Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг» (2 Иоанны 7). Уӕдӕ бӕрӕг у, Иоанн «Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг» кӕй хуыдта, Йесо Чырыстийы ӕмӕ йӕ ахуырӕдты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ чи парахат кодта, уыдоны се ’ппӕты дӕр.
«МӔНГ ПЕХУЫМПАРТӔ» ӔМӔ «САФИНАГ ЧИ У, УЫЙ»
Йесо бафӕдзӕхста, мӕнг пехуымпартӕ кӕй ӕрбацӕудзысты «фысы цармы», мидӕгӕй та кӕй «уыдзысты тугдзых бирӕгътӕ»
Ацы дины фӕлитойты тыххӕй Иоанн куы ныффыста, уымӕй бирӕ раздӕр Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста: «Уӕхи хизут мӕнг пехуымпартӕй – уыдон уӕм ӕрбацӕуынц фысы цармы, мидӕгӕй та сты тугдзых бирӕгътӕ» (Матфейы 7:15). Апостол Павел дӕр Фессалоникӕйы цӕрӕг чырыстӕтты фӕдзӕхста: «Мачи уӕ мацы ӕгъдауӕй фӕсайӕд, уымӕн ӕмӕ уыцы бон [Йегъовӕйы бон] не ’рцӕудзӕн, цалынмӕ, раст дин чи ныууагъта, ахӕмтӕ нӕ фӕзыной ӕмӕ, фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймаг, сафинаг чи у, уый, нӕ раргом уа, уӕдмӕ» (2 Фессалоникӕгтӕм 2:3).
Куыд федтам, афтӕмӕй мӕнг пехуымпартӕ ӕмӕ, раст дин чи ныууагъта, уыдон архайын райдыдтой фыццаг ӕнусы. Уыдон хӕлдтой чырыстон ӕмбырды иудзинад ӕмӕ уырнындзинад. Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ ахуырӕдты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ чи кодта, уыдон иууылдӕр хаудысты, апостол Иоанн «Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг» кӕй схуыдта, уыдонмӕ. Йегъовӕ сӕм цы цӕстӕй касти, уый апостол Павел бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй – «сафинаг чи у, уый».
УӔХИ ХИЗУТ ЧЫРЫСТИЙЫ НЫХМӔЛӔУУӔГӔЙ
Абон та хабар куыд у? Чырыстийы ныхмӕлӕууӕгмӕ чи хауы, уыцы адӕм ӕмӕ организацитӕ ныр дӕр цӕуынц Чырыстийы ӕмӕ йӕ ахуырӕдты ныхмӕ. Уыдон барӕй мӕнг ныхӕстӕ ӕмӕ мӕнг хъуыдытӕ парахат кӕнынц, цӕмӕй адӕм ма базоной, Фыд, ома Йегъовӕ Хуыцау, ӕмӕ йӕ Фырт, Йесо Чырысти, ӕцӕгӕй чи сты, уый. Мах хъуамӕ нӕхи сайын ма бауадзӕм. Ӕркӕсӕм дыууӕ цӕвиттонмӕ.
Ӕнусты дӕргъы аргъуантӕ адӕмӕн тыххӕй хъардтой Троицӕйы ахуырад, ӕмӕ дзырдтой, Фыд ӕмӕ Фырт иу кӕй сты. Афтӕмӕй Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг ӕмбӕхста Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй рӕстдзинад. Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн сӕ бон нӕ уыди Йесо Чырыстийы фӕзмын ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын – ӕмӕ нӕ уымӕ та разӕнгард кӕны Библи (1 Коринфӕгтӕм 11:1; Иаковы 4:8).
Аргъуантӕ адӕмы зонд ноджы тынгдӕр зыгъуыммӕ кодтой, Хуыцауы ном Йегъовӕ цы Библитӕй айстой, уыдонӕй кӕй пайда кодтой, уымӕй. Уыдон ныр дӕр афтӕ кӕнынц, кӕд ӕмӕ Библи цы ӕвзӕгтыл фыстой, уыцы текстыты Йегъовӕйы ном иу-7 мин хатт ӕмбӕлы, уӕддӕр. Уый цӕмӕ ’ркодта? Ӕцӕг Хуыцау чи у, уый адӕмӕн ноджы зындӕр бамбарӕн сси.
Фӕлӕ, зӕгъӕм, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕй бирӕтӕ куы базонынц, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у, уӕд ӕм баввахсдӕр вӕййынц. Уый зыны Ричарды хабарӕй. Ричард радзырдта, иухатт йемӕ дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны куыд аныхас кодтой, уый: «Уыдон мын Библийӕ равдыстой, ӕцӕг Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у. Тынг ӕхсызгон мын уыди базонын, Хуыцауӕн ном кӕй ис. Уый размӕ уый тыххӕй никуы фехъуыстон». Уыцы хабары фӕстӕ Ричард йӕ цард фӕивта Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын райдыдта. Уый дзуры: «Хуыцауы ном кӕй базыдтон, уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй йӕм баввахсдӕр уыдаин».
Ӕнусты дӕргъы Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг милуангай адӕмы талынджы дардта. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхас, Библи, ахуыр кӕнгӕйӕ нӕ бон у базонын, Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг кӕмӕ амоны, уый ӕмӕ нӕхи йӕ мӕнг ныхӕстӕй бахизын (Иоанны 17:17).