НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ
Милуангай адӕм кӕй зыдтой, уыцы машинӕ
«Хицауы хъуыддаджы кӕмӕй пайда кӕнӕм, ахӕм машинӕ Бразилийы иу йеддӕмӕ нӕй, фӕлӕ йӕ милуангай адӕм зонынц ӕмӕ йӕ хонынц „Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы машинӕ рупоримӕ“» (Натаньел Юилл, 1938 аз).
БРАЗИЛИЙЫ 1930-ӕм азты райдианы хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ сындӕггай цыди. Фӕлӕ 1935 азы пионертӕ Натаньел ӕмӕ Мод Юилл ныффыстой, уӕд хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕр Джозеф Рутерфордмӕ. Уыдоны фӕндыди фылдӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ ныффыстой, зӕгъгӕ, «кӕдӕмфӕнды дӕр ӕхсызгонӕй ацӕудзыстӕм».
Натаньелыл цыди 62 азы. Раздӕр куыста инженерӕй, фӕлӕ ныр пенсийы уыди. Сан-Францискойы (штат Калифорни, АИШ) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды лӕггад кодта разамынддӕттӕг ӕфсымӕрӕй. Уыцы ран ын бантыст хъусын кӕныны хъуыддаг йӕ къахыл слӕууын кӕнын, ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнынӕн пайда кодта патефонтӕй ӕмӕ рупортӕй. Фӕлтӕрдджын ӕмӕ ӕнӕзивӕг кӕй уыди, уый йӕ ног бынаты бирӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста. Натаньелы снысан кодтой филиалы цӕстдарӕгӕй, бирӕ ӕвзӕгтыл кӕм дзурынц, уыцы стыр бӕстӕйы – Бразилийы!
Натаньел ӕмӕ Мод Бразилимӕ ӕрцыдысты 1936 азы. Семӕ ма ӕрцыди, тӕлмац сын чи хъуамӕ кодтаид, иу ахӕм пионер, Антониу Андради, зӕгъгӕ. Уыдон семӕ ӕрластой диссаджы лӕвар – 35 патефоны ӕмӕ, рупор кӕуыл уыд, ахӕм машинӕ. Ӕппӕты стырдӕр бӕстӕты ’хсӕн Бразили ахсы фӕндзӕм бынат, хъусынгӕнджытӕ та дзы иу-60 йеддӕмӕ нӕ уыд! Фӕлӕ сын уыцы ног кусӕнгӕрзтӕ хъуамӕ баххуыс кодтаиккой, цӕмӕй цалдӕр азмӕ хорз хабар милуангай адӕмӕн фехъусын кодтаиккой.
Натаньел ӕмӕ Мод куы ’рцыдысты, уымӕй иу мӕйы фӕстӕ филиал бацӕттӕ кодта фыццаг конгресс, ауагътой йӕ Сан-Паулуйы. Рупор кӕуыл уыд, уыцы машинӕйы фӕрцы адӕмӕн сӕрмагонд раныхасы тыххӕй фехъусын кодтой, ӕмӕ конгресмӕ ӕрбацыд 110 адӕймаджы! Уӕд машинӕ, ӕвӕццӕгӕн, Мод скъӕрдта. Уыцы конгресс хъусынгӕнджыты тынг бафидар кодта ӕмӕ сӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагдӕрӕй архайдтаиккой. Уыдон базыдтой, хъусын кӕнгӕйӕ литературӕйӕ, уацамынды карточкӕтӕй ӕмӕ пластинкӕтӕй пайда кӕнын куыд хъӕуы, уый. Уыцы пластинкӕтӕ уыдысты англисаг, немыцаг, венгриаг, польшӕйаг, испайнаг ӕмӕ ма фӕстӕдӕр португайлаг ӕвзагыл дӕр.
Рупор кӕуыл уыд, уыцы машинӕйы фӕрцы Бразилийы хорз хабар фехъуыстой милуангай адӕм
1937 азы Сан-Паулуйы, Рио-де-Жанейройы ӕмӕ Куритибӕйы цы конгресстӕ ацыд, уыдон дӕр хъусын кӕныны хъуыддагыл тынг фӕзындысты. Конгрессы бонты-иу хъусынгӕнджытӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы цыдысты, уӕд-иу, рупор кӕуыл уыд, уыцы машинӕйы фӕрцы дӕр хъусын кодтой. Жозе Магловский, уыцы рӕстӕг нырма ӕрыгон лӕппу, фӕстӕдӕр ныффыста: «Нӕ литературӕ-иу стендыл сӕвӕрдтам, ӕмӕ-иу цалынмӕ машинӕйӕ пластинкӕйыл фыст раныхас хъуысти, уӕдмӕ-иу ныхас кодтам, цы хабар у, уый базоныны тыххӕй-иу уынгмӕ чи рацыд, уыцы адӕмимӕ».
Уыцы конгрессты рӕстӕг ног хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ донаргъуыд истой цӕугӕдӕтты, цалынмӕ-иу, йӕхи найынмӕ чи ӕрбацыд, уыдон сӕхи доныбыл хурмӕ тавтой, уӕдмӕ. Ӕмӕ уый дӕр уыд замманай фадат, рупор кӕуыл уыд, уыцы машинӕйы фӕрцы бирӕтӕн хорз хабар фехъусын кӕнынӕн. Машинӕйы рупорӕй-иу дардыл хъуысти ӕфсымӕр Рутерфорды раныхас донаргъуыды фӕдыл, ӕмӕ-иу уыцы раныхас тӕлмац кодтой португайлаг ӕвзагмӕ. Чи-иу бацымыдис, уыцы адӕм-иу машинӕйы алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ-иу раныхасмӕ лӕмбынӕг хъуыстой. Раныхасы фӕстӕ-иу сӕвӕрдтой польшӕйаг ӕвзагыл фыст Паддзахады зарджытӕ, ӕмӕ-иу афтӕмӕй ног хъусынгӕнджытӕ донаргъуыд райстой. Хотӕ ӕмӕ-иу ӕфсымӕртӕ иумӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл зарыдысты. 1938 азы «Ӕрвылазон чиныджы» уый фӕдыл фыст уыди: «Уый адӕймаджы зӕрдыл лӕууын кодта, Фӕндзайӕм боны алчидӕр хорз хабар йӕхи ӕвзагыл куы фехъуыста, уыцы хабар».
Конгрессты фӕстӕ-иу алы хуыцаубон дӕр, къӕвда уыдаид ӕви хур, Сан-Паулуйы ӕмӕ йӕм ӕввахс чи уыд, уыцы гыццыл горӕтты паркты, адӕм кӕм цардысты, уыцы районты ӕмӕ-иу заводты раз машинӕйы Библийыл арӕзт раныхӕстӕ сӕвӕрдтой. Уыцы машинӕйы фӕрцы-иу ӕрвылмӕйон программӕ фехъусын кодтой, Сан-Паулуйӕ 97 километры цӕгат-скӕсӕнырдӕм хъотырӕй рынчынтӕн цы цӕрӕнбынат уыди, уым. Царди дзы 3 000 адӕймаджы. Фӕстӕдӕр уыцы ран фӕзынди, ӕдзухдӕр йӕ нымӕцыл кӕмӕн ӕфтыд, ахӕм ӕмбырд. Ӕмӕ сын кӕд уыцы ӕвзӕр низ сӕ буар фыдынд кодта, уӕддӕр уыцы ӕмбырды хъусынгӕнджытӕ бар ракуырдтой, цӕмӕй Библийы фыст хорз хабар хъусын кодтаиккой, уыцы низӕй рынчынтӕ кӕм цард, ӕндӕр ахӕм ран.
Португайлаг ӕвзагыл пластинкӕтыл фыст раныхӕстӕ фӕзындысты 1938 азы кӕрон. Уыцы аз мӕрдты бон хъусынгӕнджытӕ машинӕйыл цыдысты иу уӕлмӕрдӕй иннӕмӕ ӕмӕ-иу дзы сӕвӕрдтой раныхӕстӕ «Чи амард, уыдон кӕм сты?», «Йегъовӕ» ӕмӕ «Хъӕздыгдзинӕдтӕ». Уыцы раныхӕстӕм ӕдӕппӕтӕй байхъуыста 40 000 адӕймагӕй фылдӕр!
Сауджынтӕ тынг мӕсты кодтой, Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн Библийы фыст рӕстдзинад кӕй ӕргом кодтой, ууыл ӕмӕ-иу арӕх хицауады кусджытӕй домдтой, цӕмӕй Ӕвдисӕнтӕн уыцы машинӕйӕ пайда кӕныны бар мауал уыдаид. Хо Юилл куыд радзырдта, афтӕмӕй иухатт иу бынӕттон сауджын дуне адӕмы сардыдта, цӕмӕй машинӕйыл амбырд уыдаиккой. Фӕлӕ горӕты мэр ӕмӕ пъӕлицӕйы кусджытӕ куы ӕрцыдысты, уӕд программӕмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр байхъуыстой. Мэр ма йемӕ нӕ литературӕйӕ дӕр ахаста. Уыцы бон сауджынӕн йӕ фӕндӕй ницы рауад. Кӕд Ӕвдисӕнтӕн сӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр 1940 азы «Ӕрвылазон чиныджы» фыст уыд, зӕгъгӕ, 1939 аз Бразилийы уыди «Номдзыд Теократӕн лӕггад кӕнынӕн ӕмӕ йын йӕ ном фехъусын кӕнынӕн ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг».
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы машинӕ рупоримӕ» Бразилийы куы фӕзынд, уӕд дзы хъусын кӕныны хъуыддаг цӕхгӕр фӕивта. Уый руаджы Паддзахады хабар фехъуыста милуангай адӕм. Ӕмӕ кӕд 1941 азы уыцы зындгонд машинӕ уӕйгонд ӕрцыд, уӕддӕр уыцы стыр бӕстӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, сты сӕдӕгай минтӕ, дарддӕр дӕр сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнынц. (Нӕ архивтӕй Бразилийы.)