СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ ЗӔДТЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ДЗУРЫ?
Ӕвзӕр зӕдтӕ ис?
Бӕгуыдӕр. Цымӕ куыд фӕзындысты? Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Хуыцау зӕдты афтӕ кӕй сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ бон у уынаффӕтӕ хӕссын. Хуыцау фыццаг нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уымӕй цасдӕры фӕстӕ алцӕмӕй ӕххӕст зӕд йӕ сӕрибардзинадӕй раст не спайда кодта ӕмӕ адӕмы дӕр Хуыцауы ныхмӕ скодта (Райдиан 3:1–7; Раргомад 12:9). Библийы уыцы зӕды ном ӕмӕ, уӕдмӕ уӕлӕрвты цы бынат ахста, уый фыст нӕй. Фӕлӕ, Хуыцауы ныхмӕ куы рацыд, уӕд хуынд ӕрцыд Сайтан, ома «Ныхмӕлӕууӕг», ӕмӕ Хӕйрӕг, ома «Фыдкойгӕнӕг» (Матфейы 4:8–11).
Хъыгагӕн, Хуыцауы ныхмӕ ӕрмӕст уыдон нӕ рацыдысты. Нойы рӕстӕджы иуӕй-иу зӕдтӕ (сӕ нымӕц бӕрӕг нӕу) уӕлӕрвты сӕ «цӕрӕнбынат... ныууагътой» ӕмӕ зӕхмӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй зӕххон буӕрттӕ райстаиккой ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кодтаиккой. Уый тынг хицӕн кодта, Хуыцау сӕ цӕй тыххӕй сфӕлдыста, уымӕй (Иудӕйы 6; Райдиан 6:1–4; 1 Петры 3:19, 20).
Уыцы ӕвзӕр зӕдтӕ цы фесты? Хуыцау Доны хъаймӕт куы рауагъта, цӕмӕй зӕхх фыддзинадӕй ссыгъдӕг кодтаид, уӕд сӕ зӕххон буӕрттӕ ныууагътой ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхтысты. Фӕлӕ Хуыцау уыцы ӕгоммӕгӕс зӕдты сӕ «фыццаджы бынатмӕ» нӕ бауагъта. Ӕмӕ сӕ бакодта «саудалынджы». Уый у, ӕгадыл нымад чи у ӕмӕ Хуыцауы рухс кӕдӕм нӕ хӕццӕ кӕны, ахӕм бынат, хонынц ӕй тартар (Иудӕйы 6; 2 Петры 2:4). Уыдон сӕхи бакодтой «хӕйрӕджытӕн се ’лдар» Сайтан Хӕйрӕджы дӕлбар, «йӕхи афтӕ [чи] ӕвдисы, цыма рухсы зӕд у», уый дӕлбар (Матфейы 12:24; 2 Коринфӕгтӕм 11:14).
Библийы фыст ис, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахад, ома уӕларвон хицауад, 1914 азы ӕвӕрд кӕй ӕрцыд. Уыцы ахсджиаг хабары фӕстӕ Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты. Зӕхх ӕнахуыр фыдхъуыддӕгтӕй ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинадӕй кӕй байдзаг, уымӕй бӕрӕг у, адӕм се ’взӕр зондыл кӕй цӕуынц (Раргомад 12:9–12).
Фӕлӕ адӕм хӕлдӕй-хӕлддӕр кӕй кӕнынц ӕмӕ, адӕймаджы хъуын арц кӕмӕй слӕууы, ахӕм фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кӕнынц, уымӕй бӕрӕг у, тагъд сӕ хицаудзинадӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Тагъд уыцы ӕгъатыр хӕйрӕджытӕн сӕ бар адӕмыл нал цӕудзӕн. Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд дӕтдзӕн 1 000 азы, ӕмӕ уый фӕстӕ уыцы хӕйрӕджытӕ цыбыр рӕстӕгмӕ уагъд ӕрцӕудзысты, цӕмӕй ма фӕстаг хатт адӕмы бафӕлварой. Уый фӕстӕ ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзысты (Матфейы 25:41; Раргомад 20:1–3, 7–10).