Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w17 мартъи 32 ф.
  • Рагон дурыныл ссардтой, Библийы чи ис, ахӕм ном

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Рагон дурыныл ссардтой, Библийы чи ис, ахӕм ном
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцауы ном ӕнусты дӕргъы
    Хуыцауы ном уыдзӕн ӕнустӕм
  • Хуыцауы ном дзурын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ цы нысан кӕны
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Хуыцауӕн ном ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2019
  • Хуыцауы ном зонын цӕмӕн хъӕуы?
    Хуыцауы ном уыдзӕн ӕнустӕм
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
w17 мартъи 32 ф.
3 000 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм дурыныл рагон ханаайнаг ӕвзагыл фыст ис, Библийы чи ис, ахӕм ном

Рагон дурыныл ссардтой, Библийы чи ис, ахӕм ном

3 000 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм дурын

2012 азы археологтӕ ссардтой, 3 000 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм дурыны къӕрттытӕ, ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд. Цымӕ дзы ахӕм диссагӕй цы уыд? Къӕрттытӕ сӕхӕдӕг афтӕ диссаг нӕ уыдысты, фӕлӕ сыл цы фыст уыд, уый.

Археологтӕн ӕппынфӕстаг уыцы къӕрттытӕ баиу кӕнын куы бантыст, уӕд дзы сӕ бон сси рагон ханаайнаг ӕвзагыл ахӕм ныхӕстӕ бакӕсын: «Ешваал Бен Бедӕ [ома Бедӕйы фырт]». Археологтӕ ацы ном рагон дзаумайыл фыстӕй фыццаг хатт ссардтой.

Библийы ис ӕндӕр Ешваалы кой. Уыди паддзах Саулы фырттӕй иу (1 Аз. 8:33; 9:39). Дурын чи ссардта, уыцы археологтӕй иу, профессор Йосеф Гарфинкель, загъта: «Цымыдисаг у, ном Ешваал Библийы дӕр ӕмӕ ныр та, археологтӕ цы ссардтой, уым дӕр кӕм ӕмбӕлы, уый кӕй хауы ӕрмӕстдӕр паддзах Давиды заманмӕ». Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахӕм ном лӕппутыл ӕрмӕстдӕр уыцы рӕстӕджы ӕвӕрдтой. Ӕмӕ та уый дӕр у бӕлвырдгӕнӕн, Библийы ӕцӕг хабӕрттӕ фыст кӕй ис, уымӕн!

Библийы ӕндӕр ран та Саулы фырт Ешваал хуыйны Йевосфей (2 Сам. 2:10). Цымӕ «ваал» «восфей»-йӕ ивд цӕмӕн ӕрцыд? Иртасджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, 2 Самуилы чиныг чи фыста, уый, ӕвӕццӕгӕн, нӕ бафӕндыд Ешваал ныффыссын, уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта ханаайнаг хуыцау Ваалы (нымадтой йӕ къӕвдайы бардуагыл). Фӕлӕ уӕддӕр 1 Азфыстыты чиныджы ис ном Ешваал.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын