Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w17 май 31–32 фф.
  • «Афтӕ зынгзӕрдӕ никуыма уыдыстӕм»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Афтӕ зынгзӕрдӕ никуыма уыдыстӕм»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
w17 май 31–32 фф.
Зал адӕмӕй йедзаг, 1922 аз, конгресс Сидар-Пойнты (штат Огайо)

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

«Афтӕ зынгзӕрдӕ никуыма уыдыстӕм»

1922 азы сентябры майрӕмбоны райсомӕй 8 мин адӕймаджы цы залы ӕрӕмбырд сты, уым къух бакӕнӕн дӕр нӕ уыд ӕмӕ дзы уыди тынг тӕвд. Сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр загъта, залӕй йӕ бон кӕмӕнфӕнды дӕр кӕй у ацӕуын, ӕрмӕст ӕй фӕстӕмӕ мидӕмӕ кӕй нал бауадздзысты.

Программӕйы райдианы зарджытӕ куы азарыдысты, уӕд Джозеф Рутерфорд сценӕйыл размӕ рацыд. Залы чи уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕр бадтысты ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, дарддӕр цы уыдзӕн, уымӕ. Ӕрмӕст ма дзы чидӕртӕ рацу-бацу кодтой, тӕвд кӕй уыд, уый тыххӕй. Рутерфорд сын загъта, цӕмӕй сӕ бынӕтты сбадой ӕмӕ байхъусой. Сценӕйы сӕрмӕ тыхтӕй ауыгъд уыд стыр хъуымацы гӕбаз. Ӕмӕ йӕ цымӕ, раныхас куы райдыдта, уӕд исчи бафиппайдта?

Ӕфсымӕр Рутерфордӕн йӕ раныхас хуынди «Уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг». Сахат ӕмӕ ’рдӕджы бӕрц йӕ тыхджын хъӕлӕс арвнӕрӕгау зӕлыд ӕнӕхъӕн залыл. Рутерфорд дзырдта, рагон пехуымпартӕ, Хуыцауы паддзахад кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй хъӕбатырӕй кӕй хъусын кодтой, ууыл. Йӕ раныхасы кӕрон хъусджыты бафарста: «Кады Паддзах кӕй хицауиуӕг кӕны, уый уӕ уырны?» Адӕм сӕ хъӕлӕсыдзагӕй дзуапп радтой: «О!»

Ӕфсымӕр Рутерфорды хъӕлӕс та ныннӕрыд: «Гъемӕ уӕдӕ, Иунӕг Стыр Хуыцауы фырттӕ, ногӕй хъусын кӕнынмӕ!.. Паддзах паддзахиуӕг кӕны! Сымах стут йӕ минӕвӕрттӕ. Уӕдӕ хъусын кӕнут, хъусын кӕнут, хъусын кӕнут».

Уыцы тӕккӕ, йӕ сӕрмӕ тыхтӕй цы хъуымац уыд ауыгъд, уый уыцы рӕсугъд райхӕлд, ӕмӕ адӕм федтой, фыст ыл чи уыд, уыцы ныхӕстӕ: «Хъусын кӕнут Паддзах ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй».

«Адӕмы зӕрдӕтӕ зынгау ссыгъдысты»,– загъта Рей Бопп. Аннӕ Гарднеры ныхӕстӕм гӕсгӕ та, адӕмы ӕмдзӕгъдӕй залы хъайвантӕ змӕлыдысты. «Адӕм иууылдӕр сыстадысты!» – загъта Фред Тварош. Эвангелос Скуффас та радзырдта: «Раст нӕ цыма нӕ бынӕттӕй цыдӕр тых фелвӕста. Мах лӕууыдыстӕм, ӕмӕ нӕ цӕстытӕ доны зылдысты».

Уыцы конгрессы чи уыд, уыдонӕй бирӕтӕ уӕдмӕ дӕр Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодтой. Ӕмӕ сӕ ныр та уыцы хъуыддаг аразын ноджы тынгдӕр бафӕндыд. Этел Беннекофф загъта, зӕгъгӕ, дам, «афтӕ зынгзӕрдӕ никуыма уыдыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕты уыйбӕрц уарзондзинад никуыма уыд». Одессӕ Так, уӕд ыл цыди 18 азы, конгрессы фехъуыста ахӕм фарста, чи ацӕудзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ конгрессы фӕстӕ йӕхицӕн загъта, раст афтӕ кӕй бакӕндзӕн. Уый загъта: «Кӕдӕм хъӕуы ацӕуын, куыд ӕмӕ дзы цы хъӕудзӕн аразын, уый нӕ зыдтон. Фӕлӕ хорз зыдтон, кӕй мӕ фӕнды Исайау зӕгъын: „Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит“» (Ис. 6:8). Ралф Леффлер загъта: «Уыцы бон ферох кӕнӕн нӕй. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фылдӕрӕй-фылдӕр хъусын кодтам, ӕмӕ абон уыцы хъуыддаг аххӕссыд ӕгас зӕххыл дӕр».

Дзырд дӕр ыл нӕй, 1922 азы Сидар-Пойнты (штат Огайо) цы конгресс уыд, уый нӕ организацийы историйы стыр фӕд ныууагъта. Джордж Гангас загъта: «Уыцы конгрессы фӕстӕ мӕ фидар фӕнд уыд, цӕмӕй иу конгресс дӕр макуы фӕцух кодтаин». Ӕмӕ куыд загъта, афтӕмӕй ӕцӕгдӕр иу дӕр никуы фӕцух кодта. Джулия Уилкокс ныффыста: «1922 азы Сидар-Пойнты цы конгресс уыд, уый кой нӕ публикациты куы вӕййы, уӕд та уыцы диссаджы конгресс мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы. Ӕмӕ мӕ алы хатт дӕр фӕфӕнды зӕгъын: „Бузныг дын, Йегъовӕ, уым кӕй уыдтӕн, уый тыххӕй“».

Махӕй дӕр, ӕвӕццӕгӕн, бирӕтӕн кӕцыдӕр конгресс уӕлдай зынаргъ у, уымӕн ӕмӕ уый фӕстӕ нӕ зӕрдӕты зынг ноджы тынгдӕр ссыгъд ӕмӕ нӕ диссаджы Хуыцауы ӕмӕ йӕ Паддзахы ноджы тынгдӕр бауарзтам. Ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ нӕ зӕрдыл куы ’рлӕууынц, уӕд мах дӕр фӕзӕгъӕм: «Бузныг дын, Йегъовӕ, уым кӕй уыдтӕн, уый тыххӕй».

Уыцы дамгъӕтӕ цы нысан кӕнынц?

Ӕртӕ дамгъӕйы «ADV» уыдысты алкӕм дӕр – бӕлӕстыл, хӕдзӕрттыл, суанг ма конгрессы программӕйыл дӕр! Конгрессы делегатты тынг фӕндыд базонын, цымӕ уыцы дамгъӕтӕ цы сты, зӕгъгӕa.

«Алы цӕджындзыл ӕмӕ алы дуарыл дӕр уыди урс гӕххӕттытӕ ауыгъд. Гӕххӕттытыл уыди стыр сау дамгъӕтӕ – ADV. Кӕрӕдзийы фарстам, уыцы дамгъӕтӕ цы нысан кӕнынц, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ ничи зыдта. Кӕд ӕй исчи зыдта, уӕддӕр дзургӕ ницы кодта» (Эдит Бренизен).

a Дамгъӕтӕ «ADV» сты, англисаг ӕвзагӕй «хъусын кӕнын»-ӕй тӕлмац чи ’рцыд, уыцы дзырды фыццаг ӕртӕ дамгъӕйы (англисагау «advertise»). Уыцы дамгъӕтӕ цыхуызӕн уыдысты, уый абон ничи зоны, уымӕн ӕмӕ нӕ архивты сӕ иу къам дӕр нӕй.

Йегъовӕ сын сӕ куывдӕн дзуапп радта

Артур ӕмӕ Нелли Клаус райсомӕй раджы ӕрбацыдысты, цӕмӕй хорз бынӕттӕ бацахстаиккой. «Алы ныхасмӕ дӕр тынг лӕмбынӕг хъуыстон»,– загъта Артур. Фӕлӕ ӕвиппайды йӕ тӕнтӕ срыстысты. Зыдта йӕ, ӕддӕмӕ куы ахиза, уӕд ӕй фӕстӕмӕ кӕй нал ӕрбауадздзысты, ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд ацӕуын. Дуаргӕс ӕфсымӕр дӕр ма йын афтӕ бакодта: «Ныртӕккӕ ӕддӕмӕ куыд цӕуыс?» Фӕлӕ Артурӕн ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд.

Артур фӕстӕмӕ куы ’рбацӕйцыд, уӕд ӕм залӕй ӕмдзӕгъд райхъуыст. Гъемӕ агурын райдыдта, мидӕгӕй цӕуыл дзурынц, уый йӕм кӕцӕй хъуыстаид, ахӕм бынат. Ӕмӕ, йӕ бон цармӕ кӕуылты уыд схизын, ахӕм бынат ссардта (хъуыди йӕ 5 метры бӕрц уӕлӕмӕ схизын). Стӕй йӕ ных сарӕзта, цар авгӕй ӕмбӕрзт кӕм уыд ӕмӕ рудзгуытӕ гом кӕм уыдысты, уыцырдӕм.

Уым Артур федта цалдӕр ӕфсымӕры, уыдон кастысты бынмӕ, раныхас чи дзырдта, уыцы ӕфсымӕрмӕ. Бӕрӕг уыд, цӕуылдӕр кӕй тыхсынц. Уыдонӕн сӕ хӕс уыд, цӕмӕй, сценӕйы сӕрмӕ цы хъуымац уыд ауыгъд, уымӕн йӕ бӕттӕнтӕ уыцы иу лыг акодтаиккой, фӕлӕ ма сӕ уый тыххӕй хъуыди ноджыдӕр иу кард. Цымӕ Артурмӕ хӕрынкъа нӕ разынд? Ӕфсымӕртӕ тынг бацин кодтой, уымӕн ӕмӕ йӕм разынди. Стӕй Артур ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ, кӕм хъуыди, уым слӕууыдысты ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты. Ӕфсымӕр Рутерфорд дыккаг хатт куы загъта, «хъусын кӕнут!», зӕгъгӕ, уӕд ӕфсымӕртӕ бӕттӕнтӕ фӕлыг кодтой.

Конгрессы чи уыд, уыдон куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, ӕртӕ хуызӕй фыст ныхӕстӕ кӕуыл уыд, уыцы хъуымац сабыргай райхӕлд. Астӕуӕй та йыл уыди Йесо Чырыстийы ныв.

Фӕстӕдӕр ӕфсымӕртӕ Артурӕн радзырдтой, цармӕ асиныл кӕй схызтысты, фӕлӕ йӕ стӕй чидӕр кӕй айста. Ӕмӕ сӕ бон ӕххуысмӕ дӕр никӕмӕ уыд фӕдзурын, гъемӕ Йегъовӕмӕ куывтой, цӕмӕй сын ӕфсымӕры кардимӕ рарвыстаид. Уыцы ӕфсымӕртӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, Йегъовӕ сын сӕ куывдӕн диссаджы хуызы дзуапп кӕй радта, ууыл.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын