Кӕсджыты фарстатӕ
Чырыстонӕн ӕмбӕлы йӕхимӕ хӕцӕнгарз дарын, зӕгъӕм, дамбаца кӕнӕ топп, цӕмӕй йӕхи фыдгӕнджытӕй бахъахъхъӕна?
Чырыстӕттӕн сӕ бон у сӕхи бахъахъхъӕныны тыххӕй исты мадзӕлттӕй пайда кӕнын. Фӕлӕ хъуамӕ архайой Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Ӕмӕ уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чырыстонӕн нӕй дамбаца, топп кӕнӕ ӕндӕр ахӕм хӕцӕнгарз адӕймагмӕ сисӕн. Ӕркӕсӕм цалдӕр уагӕвӕрдмӕ.
Йегъовӕйы цӕсты адӕймаджы цард у табуйаг. Псаломзарӕггӕнӕг Давид Йегъовӕйы тыххӕй ныффыста: «Дӕумӕ ис царды суадон» (Пс. 36:9). Уымӕ гӕсгӕ, чырыстоны куы фӕнда йӕхи кӕнӕ йӕ исбон бахъахъхъӕныны тыххӕй исты саразын, уӕд хъуамӕ алцӕуыл дӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕна, цӕмӕй тугныккалды аххосджын ма фӕуа, ома афтӕ ма рауайа, ӕмӕ кӕйдӕр амардта (Дык. з. 22:8; Пс. 51:14).
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаджы ӕндӕр истӕмӕй дӕр ис амарӕн. Фӕлӕ дамбацайӕ кӕнӕ топпӕй уый бирӕ ӕнцондӕр у саразын, ӕмӕ хатт уый ӕнӕбары дӕр рауайыa. Уымӕй уӕлдай ма фыдгӕнӕг ӕнӕуи дӕр сонт вӕййы. Фӕлӕ ма дӕм хӕцӕнгарз куы фена, уӕд уавӕр ноджы тӕссагдӕр суыдзӕн, ӕмӕ, гӕнӕн ис, исчи фӕмард уа.
Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн семӕ хъаматӕ уый тыххӕй нӕ рахӕссын кодта, цӕмӕй сӕ бон уыдаид сӕхи бахъахъхъӕнын (Лук. 22:36, 38). Фӕндыди йӕ, цӕмӕй сын иу ахсджиаг хабар бамбарын кодтаид: йӕ фӕдылдзӕуджытӕ гӕрзифтонг адӕмыл куы фембӕлой, уӕддӕр хъуамӕ хӕцӕнгарз макӕмӕ сисой (Лук. 22:52). Петр йӕ хъамайӕ хистӕр сауджыны цагъары куы ’рцавта, уӕд ын Йесо загъта: «Дӕ хъама йӕ бынаты сӕвӕр». Ӕмӕ уый фӕстӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдонмӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ архайынц суанг абоны онг дӕр: «Чидӕриддӕр йӕ къухмӕ хъама райса, уый йӕ мӕлӕт хъамайӕ ссардзӕн» (Матф. 26:51, 52).
Михейы 4:3 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы адӕм «сӕ хъаматӕй саразынц гутӕттӕ, сӕ ӕрцытӕй – ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕ». Ӕцӕг чырыстӕттӕ зындгонд сты, фарнуарзаг кӕй сты, уымӕй. Уыдон архайынц, апостол Павел Хуыцауы фӕндӕй цы фӕдзӕхст ныффыста, уымӕ гӕсгӕ: «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут. [...] Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат» (Ром. 12:17, 18). Ӕмӕ-иу Павел йӕхӕдӕг дӕр суанг зын уавӕрты дӕр афтӕ кодта, «абырджытӕй» йын тӕссаг куы уыди, уӕд дӕр. Йӕхи бахъахъхъӕныны тыххӕй Библийы уагӕвӕрдты сӕрты никуы ахызт (2 Кор. 11:26). Уый йӕ ныфс дардта Хуыцауыл ӕмӕ йӕ зыдта, йӕ Ныхасы цы зондджын уынаффӕтӕ ис, уыдон «хӕцӕнгӕрзтӕй хуыздӕр» кӕй сты (Еккл. 9:18).
Чырыстӕттӕн цард мулк ӕмӕ ӕхцатӕй зынаргъдӕр у. Адӕймагӕн йӕ «цард, цы йӕм ис, уымӕй кӕнгӕ нӕу» (Лук. 12:15). Уӕдӕ фыдгӕнӕгмӕ хӕцӕнгарз куы уа ӕмӕ йемӕ фӕлмӕнӕй куы аныхас кӕнӕм, фӕлӕ йӕм нӕ ныхӕстӕ куы нӕ бахъарой, уӕд хъуамӕ бакӕнӕм, Йесо куыд загъта, афтӕ: «Фыдлӕгӕн йӕ ныхмӕ ма цу». Ӕмӕ дӕ уӕд, чи зоны, бахъӕуа, цыдӕриддӕр дома, уый йын раттын (Матф. 5:39, 40; Лук. 6:29)b. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хуыздӕр уыдзӕн, нӕхи тӕссаг уавӕртӕй куы хизӕм. Зӕгъӕм, нӕ мулкӕй куы не ’ппӕлӕм, уӕд фыдгӕнджыты ӕргом нӕхимӕ не здахдзыстӕм (1 Иоан. 2:16). Стӕй ма нӕ нӕ сыхӕгтӕ дӕр куы зоной, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм ӕмӕ фарнуарзаг кӕй стӕм, уӕд нӕ уый дӕр хъахъхъӕндзӕн (Ӕмб. 18:10).
Чырыстӕттӕ хъуыды кӕнынц иннӕты ӕфсармыл (Ром. 14:21). Иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куы базониккой, чырыстӕттӕй кӕмӕдӕр дамбаца кӕнӕ топп кӕй ис, цӕмӕй йӕхи иннӕ адӕмӕй хъахъхъӕна, уӕд сӕм уый тынг диссаг фӕкӕсид, суанг ма сын цӕлхдур дӕр суаид. Чи зоны нын закъонмӕ гӕсгӕ ис хӕдзары хӕцӕнгарз дарыны бар. Фӕлӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ никуы сараздзыстӕм, къуылымпыйы хос сын цы фӕуа, ахӕм цыдӕр (1 Кор. 10:32, 33; 13:4, 5).
Чырыстӕтты фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕн фӕзминаг уой (2 Кор. 4:2; 1 Пет. 5:2, 3). Чырыстон йӕхимӕ хӕцӕнгарз куы дара, цӕмӕй йӕхи фыдгӕнджытӕй бахъахъхъӕна, уӕд ын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Библимӕ гӕсгӕ уынаффӕ ратдзысты. Ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ хӕцӕнгарз уӕддӕр йӕхимӕ куы ныууадза, уӕд фӕзминагыл нымад нӕ уыдзӕн ӕмӕ йӕ бон нӕ уыдзӕн ӕмбырды цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Уый хауы, йӕ куыст хӕцӕнгарз дарын кӕмӕн домы, уыцы чырыстонмӕ дӕр. Хуыздӕр уаид, йӕхицӕн ӕндӕр куыст куы бацагуридc.
Чырыстон йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, йӕхи, йӕ бинонты ӕмӕ йӕ исбон куыд хъахъхъӕндзӕн, стӕй кӕм кусдзӕн, уый. Фӕлӕ хъуамӕ уынаффӕтӕ хӕсса Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Уыцы уагӕвӕрдтӕ сты Хуыцауы зондыл ӕмӕ уарзондзинадыл дзурӕг. Фӕлтӕрд чырыстӕттӕ сын аргъ кӕнынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кӕнынц, сӕхи иннӕ адӕмӕй бахъахъхъӕныны тыххӕй сӕхимӕ хӕцӕнгарз кӕй нӕ дардзысты. Уыдон ӕй зонынц, сӕ зӕрдӕ Хуыцауыл куы дарой ӕмӕ сӕ цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы аразой, уӕд ӕнустӕм дӕр ӕдас кӕй уыдзысты (Пс. 97:10; Ӕмб. 1:33; 2:6, 7).
Стыр бӕллӕхы рӕстӕг чырыстӕттӕ сӕ ныфс дардзысты Йегъовӕйыл ӕмӕ сӕхи бахъахъхъӕныныл нӕ архайдзысты
a Гӕнӕн ис, чырыстон йӕ хӕдзары дара, цуаны кӕимӕ фӕцӕуынц, ахӕм топп кӕнӕ ӕндӕр ахӕм хӕцӕнгарз, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕуы цуан кӕнын, цӕмӕй йӕхицӕн хӕринаг самал кӕна, кӕнӕ та йӕ хъӕуы йӕхи хъӕддаг сырдтӕй хъахъхъӕнын. Фӕлӕ цуаны куы нӕ цӕуа, уыцы рӕстӕг хъуамӕ йӕ хӕцӕнгарз ифтыгъдӕй ма уадза. Хорз ма уаид, куы йӕ райхалид ӕмӕ, дуар дӕгъӕлӕй ӕхгӕд кӕм у, ахӕм ӕдас ран ӕй куы бафснаид. Закъонмӕ гӕсгӕ хӕцӕнгарз дарын кӕм нӕ уадзынц кӕнӕ хицауад уыцы хъуыддаджы фӕдыл бӕлвырд закъӕттӕ кӕм рауагъта, уыцы рӕтты та чырыстӕтты хъӕуы закъон ӕххӕст кӕнын (Ром. 13:1).
b Сылгоймагӕн йӕ бон куыд у тыхмийӕ йӕхи бахъахъхъӕнын, уый тыххӕй бакӕсӕн ис 1993 азы 8 апрелы «Пробудитесь!»-ы, статьяйы «Как это можно предотвратить».
c Хӕцӕнгарзимӕ цӕуын кӕм хъӕуы, ахӕм куысты тыххӕй фылдӕр кӕс «Сторожевая башня»-йы, 2005 азы 1 ноябры номыры, 31 фарсыл ӕмӕ 1984 азы 1 февралы номыры, 18, 19 фӕрстыл.