Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕджыты скъолайы 2010 азы 27 декабрӕй райдайгӕ къуырийы. Скъолайы цӕстдарӕгг 20 минуты ныхас кӕндзӕн, 1 ноябрӕй 27 декабрмӕ Скъолайы цы хӕслӕвӕрдтӕ уыди, уыдоныл.
1. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм 1 Азфыстыты 16:34 левитты кады зарӕгӕй? (w02 01.02. 9 ф., 6, 7 фф., ирон.).
2. Давидӕн кӕд Йегъовӕйӕн кувӕндон аразыны бар лӕвӕрд не ’рцыд, уӕддӕр йӕхи цӕстуарзонӕй цӕмӕн равдыста? (w05 01.10. 11 ф., 7 абз., ирон.).
3. Паддзах Давид йӕ фырт Соломонӕн цы загъта, Хуыцаумӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дардтаид, уый фӕдыл? (1 Аз. 28:9) (w08 15.10. 7 ф., 18 абз., ирон.).
4. Згъӕрӕй конд денджыз ӕрӕвӕрынӕн бындур галты хуызӕн кӕй скодтой, уый раст цӕмӕн уыд? (2 Аз. 4:2–4) (w05 01.11. 9 ф., 3 абз.; w98 01.10. 10 ф., 17 абз., ирон.).
5. Хӕсгӕ кувӕндонӕй Соломоны кувӕндонмӕ цавӕр дзауматӕ бахастой? (2 Аз. 5:4, 5, 10) (w05 01.11. 9 ф., 5 абз., ирон.).
6. Йегъовӕ кӕй куывдтытӕ хъусы? (2 Аз. 6:19, 22, 32) (w05 01.11. 9 ф., 9 абз., ирон.).
7. 2 Азфыстыты 13:5 дзырдбаст «цӕххы бадзырд» цы нысан кӕны? (w05 01.11. 10 ф., 2 абз., ирон.).
8. 2 Азфыстыты 17:9, 10 ныхӕстӕ нӕ уацамындмӕ куыд ис ахӕссӕн? (w09 15.06. 12 ф., 7 абз., ирон.).
9. Хуыцауы адӕм абон 2 Азфыстыты 20:17 гӕсгӕ куыд архайынц? (w03 01.06. 28, 29 фф., 14–17 абз., ирон.).
10. Паддзах Ози йӕхиуыл кӕй фервӕссыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (2 Аз. 26:15–21) (w05 01.11. 16 ф., 19 абз., ирон.).