Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2011 азы 25 апрелӕй райдайгӕ къуырийы. Скъолайы цӕстдарӕг 20 минуты ныхас кӕндзӕн, 7 мартъийӕ 25 апрелмӕ Скъолайы цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, ууыл.
1. Куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, «уыцы бӕстӕйы цӕрӕг адӕмтӕй бирӕтӕ сӕхи дзуттӕгтӕ схуыдтой»? (Есф. 8:17) (w06 01.03. 11 ф., 3 абз.).
2. Сайтанӕн Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыны бар цӕмӕн уыд? (Иов 1:6; 2:1) (w06 01.04. 13 ф., 6 абз.).
3. Иовӕн йӕ ус афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, ралгъит Хуыцауы ӕмӕ амӕл? (Иов 2:9) (w06 01.04. 14 ф., 3 абз.).
4. Ацы стихтӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Иовы райгасдзинад нӕ уырныдта? (Иов 7:9, 10; 10:21) (w06 01.04. 14 ф., 11 абз.).
5. Елифаз афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, адӕймаг «фыддзинад донау... нуазы», уымӕй Хӕйрӕджы зондахаст куыд рабӕрӕг? (Иов 15:16) (w10 15.02. 20 ф., 1, 2 абз.).
6. Иовы хъуыдыйы цы уыд, куы загъта, зӕгъгӕ, «ӕз баззадтӕн, мӕ дӕндӕгты алыварс цы царм ис, уыимӕ»? (Иов 19:20) (w06 01.04. 14 ф., 13 абз.).
7. Цы ’ххуыс кодта Иовӕн, цӕмӕй ӕнаиппӕй баззадаид? (Иов 27:5) (w09 15.04. 6 ф., 17 абз.).
8. Ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн куыд хъуамӕ уӕм, уымӕй Иовы куыд фӕзмӕм? (Иов 29:12, 13) (w02 01.06. 19 ф., 19 абз.).
9. Елиуйы цӕвиттонӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц? (Иов 35:2) (w06 01.04. 16 ф., 3 абз.).
10. Йегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнын цы пайда у? (Иов 37:14) (w06 01.04. 16 ф., 4 абз.).