Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2011 азы 29 августӕй райдайгӕ къуырийы.
1. Хуыцауы ӕнувыд уарзт «цардӕй зынаргъдӕр» куыд у? (Пс. 63:3) (w01 1.11, 11 ф., 17 абз.).
2. 70 псаломӕй Давиды тыххӕй цы ис базонӕн? (w08 15.9, 15 ф., 4 абз.).
3. Цӕмӕй нӕ фӕдзӕхсы Псалом 75:5 [74:6]? (w06 1.8, 21 ф., 3 абз.).
4. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕд фехъусы? (Пс. 79:9 [78:9]) (w06 1.8, 22 ф., 5 абз.).
5. Псалом 90:7, 8 [89:7, 8] цавӕр «сусӕг хъуыддӕгты» кой кӕны? (w01 1.12, 10, 11 фф., 14–16 абз.).
6. Псалом 92:12–15 гӕсгӕ ӕмбырды ацӕргӕ чырыстӕттыл цавӕр ахсджиаг хӕс ис? (w04 1.6, 10, 11 фф., 15–18 абз.).
7. Псалом 103:3, 11 цӕмӕ разӕнгард кӕны? (bw501, 22 ф., 8 абз.).
8. Давиды цы зӕгъын фӕндыд ацы ныхӕстӕй: «Аууон куыд аивгъуыйы, ӕз дӕр афтӕ хъуамӕ аивгъуыйон»? (Пс. 109:23 [108:23]) (w06 1.9, 13 ф., 5 абз.).
9. Псалом 110:1, 4 гӕсгӕ Йегъовӕ зӕрдӕвӕрд Байзӕддагӕй, кӕнӕ Мессийӕйӕ, куыд расомы кодта, ӕмӕ уый ӕппӕт адӕмтӕн дӕр цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн? (cl 194 ф., 13 абз.).
10. Псаломзарӕггӕнӕгыл куыд ӕндӕвта, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодта, уый йын цы хорздзинӕдтӕ хаста, ууыл кӕй хъуыды кодта, уый? (Пс. 116:12, 14) (w09 15.7, 29 ф., 4, 5 абз.).