Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2011 азы 31 октябрӕй райдайгӕ къуырийы.
1. Йегъовӕ нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдоныл нӕ фидар хӕцын цӕмӕн хъӕуы? (Пс. 119:60, 61 [118:60, 61]) (w00 1.12, 24 ф., 3 абз.).
2. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Псалом 133:1–3 [132:1–3]? (w06 1.9, 16 ф., 2 абз.).
3. Йегъовӕ Давиды зӕрдӕ куыд «басгӕрста» ӕмӕ йын куыд каст йӕ «фӕндагмӕ» ӕмӕ йӕ фӕллад куыд уагъта, уымӕ? (Пс. 139:1, 3 [138:2, 3]) (w06 1.9, 16 ф., 5 абз.; w93-U 1.10, 11 ф., 6 абз.).
4. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн цавӕр зындзинӕдты баххуыс кӕны йе та сыл «схӕцы»? (Пс. 145:14) (w04 1.2, 14 ф., 11 абз.).
5. Ӕмбисӕндты 6:1–5 цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (w06 1.10, 8 ф., 8 абз.).
6. «Йӕ цӕст чи ӕрныкъулы», уый маст куыд хӕссы? (Ӕмб. 10:10) (w06 1.10, 9 ф., 6 абз.).
7. Адӕймаг зонындзинӕдтӕ куыд ӕмбӕхсы? (Ӕмб. 12:23) (w06 1.10, 9 ф., 9 абз.).
8. Зондджынты ӕвзаг зонындзинӕдтӕ куыд тауы? (Ӕмб. 15:7) (w06 1.10, 10 ф., 4 абз.).
9. Кӕй ныхмӕ фӕрӕдыдысты, уыцы ӕфсымӕр фидар горӕтӕй зындӕр басӕттӕн цӕмӕн вӕййы? (Ӕмб. 18:19) (w06 1.10, 9 ф., 11 абз.).
10. Ӕмбаргӕдзинад, йе та арфуынындзинад, бинонтӕн куыд ӕххуыс кӕны? (Ӕмб. 24:3) (w06 1.10, 17 ф., 11 абз.; be 32 ф., 1 абз.).