Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2012 азы 29 октябрӕй райдайгӕ къуырийы. Къӕлӕтты ма бонӕй фӕстӕмӕ амынд ис, ӕрмӕг цы публикацийӕ ист у, уый дӕр, цӕмӕй дӕ бон уа алы къуыри дӕр Скъоламӕ дӕхи цӕттӕ кӕнын.
1. Цы ’вдисы, Йезекил цы нывондхӕссӕн федта, уый? (Йез. 43:13–20) (10 сент., w07 1/8 26 ф., 3 абз.).
2. Йезекилы цӕстылуайӕны цӕугӕдоны дӕттӕ цы ’вдисынц? (Йез. 47:1–5) (17 сент., w07 1/8 27 ф., 2 абз.).
3. Данел «йӕхицӕн фидарӕй загъта», зӕгъгӕ, цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы хорз зыдта? (Дан. 1:8) (24 сент., w07 1/9 30 ф., 7 абз.).
4. Навуходоносор фыны цы стыр бӕлас федта, уый цӕмӕ амыдта? (Дан. 4:10, 11, 20–22) (1 окт., w07 1/9 30 ф., 4 абз.).
5. Данелы 9:17–19 ныхӕстӕй куывды тыххӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (8 окт., w07 1/9 32 ф., 3, 4 абз.).
6. Бирӕтимӕ цавӕр бадзырд уыд йӕ тыхы ӕвдай авд азы фӕудмӕ кӕнӕ н. э. 36 азмӕ? (Дан. 9:27) (8 окт., w07 1/9 32 ф., 2 абз.).
7. Зӕд Данелӕн афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ «Персы паддзахады кънйаз... мӕ ныхмӕ лӕууыд», уымӕй цавӕр хатдзӕг скӕнӕн ис? (Дан. 10:13) (15 окт., bp114 8 ф., 1, 2 абз.).
8. Чи сты «зӕнджынтӕ» кӕнӕ «ӕмбаргӕтӕ» ӕмӕ цы кусдзысты? (Дан. 12:3) (15 окт., w07 1/9 32 ф., 6 абз.).
9. Осийы 4:11 гӕсгӕ фыднозт кӕнын тӕссаг цы хъуыддӕгты у, уыдонӕй иу цавӕр у? (22 окт., w10 январь-мартъи, 4, 5 фф.).
10. Осийы 6:6 цавӕр ахсджиаг хъуыддагыл ахуыр кӕнӕм? (22 окт., w07 1/10 18 ф., 8 абз.; w05 1/12 14, 15 фф., 11, 12 абз.).