Скъолайы ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2013 азы 30 декабрӕй райдайгӕ къуырийы. Къӕлӕтты ма амынд ис, фарстатӕ цы къуыриты ӕвзӕрст цӕудзысты, уый дӕр, цӕмӕй алы къуыри дӕр Скъоламӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ дӕ бон уа ӕрмӕг арфдӕр раиртасын.
1. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хицауадмӕ фӕлмас зӕрдӕ дарӕм кӕнӕ сӕм фӕлмӕн уӕм? (Тит. 3:2) (4 нояб., w03 1/4 29 ф., 18, 19 абз.).
2. Павел Филимонӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Филим. 4, 5, 7) (4 нояб., w08 15/10 31 ф., 1, 2 абз.).
3. Нӕ бон куыд у Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуын? (Дзут. 4:9–11) (11 нояб., bw512 28 ф., 16, 17 абз. [w11 15/7 28 ф., 16, 17 абз.]).
4. Дзуттӕгтӕм 11 сӕры цы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой цӕуы, уыдонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (18 нояб., bw514 24 ф., 18 абз. [w11 15/9 24 ф., 18 абз.]).
5. Иаков афтӕ цӕмӕн ныффыста, зӕгъгӕ, «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй фарнуарзаг»? (Иак. 3:17) (25 нояб., bw513 30 ф., 15 абз. [w11 15/8 30 ф., 15 абз.]).
6. Хорз хабар кӕмӕн хъусын кодтой, уыцы «мӕрдтӕ» чи сты? (1 Пет. 4:6) (2 дек., w08 15/11 21 ф., 6 абз.).
7. Иоанн цавӕр фӕдзӕхст хоны «рагон» ӕмӕ «ног»? (1 Иоан. 2:7, 8) (9 дек., w08 15/12 27 ф., 6 абз.).
8. Кӕмӕ амонынц нӕмттӕ «Альфӕ ӕмӕ Омегӕ» ӕмӕ «Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг»? (16 дек., w09 15/1 30 ф., 6 абз.).
9. Авд зӕды сӕхи сӕ уадындзтӕй ныууасынмӕ кӕд ӕрцӕттӕ кодтой ӕмӕ-иу кӕд ӕмӕ куыд райхъуыст сӕ уасын? (Рарг. 8:6–12; 9:1, 13; 11:15) (23 дек., w09 15/1 32 ф., 2 абз.).
10. Раргомады 21:1–6 фыст ныхӕстӕ нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырной? (30 дек., w09 15/2 5 ф., 5 абз.).