Скъолайы ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2014 азы 28 апрелӕй райдайгӕ къуырийы.
Иосифӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй Потифары усимӕ ӕнӕгъдау ми ма бакодтаид? (Райд. 39:7–12) (3 мартъи, w13 15/2 4 ф., 6 абз. [bw531 4 ф., 6 абз.]; w07 1/11 23 ф., 16 абз.).
Иосиф фӕзминаг куыд у, ӕнӕрӕстдзинад чи ӕвзары ӕмӕ фыдбылызы чи бахауы, уыдонӕн? (Райд. 41:14, 39, 40) (10 мартъи, w04 1/3 31 ф., 6 абз.; w04-U 1/6 20 ф., 4 абз.).
Египетӕгтӕ дзуттӕгтимӕ иу фынгыл бадын сӕ сӕрмӕ цӕуылнӕ хастой? (Райд. 43:32) (17 мартъи, w04 1/3 31 ф., 1 абз.).
Вениамины мыггаг куыд сӕххӕст кодта Райдианы 49:27 фыст пехуымпарад? (24 мартъи, w12 1/1 29 ф., рамкӕ [bp118 29 ф., рамкӕ]).
Рацыды 3:7–10 стихтӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтам? (31 мартъи, w03 1/7 29 ф., 22 абз.).
Йегъовӕ йӕ кадджын ном хӕссыны аккаг кӕй у, уый Моисейы бонты куыд равдыста? (Рац. 3:14, 15) (31 мартъи, w13 15/3 25, 26 фф., 5, 6 абз. [bw532 25, 26 фф., 5, 6 абз.]).
Рацыды 7:1 гӕсгӕ Моисей фараонӕн Хуыцауы бынаты куыд уыд? (7 апр., w04 1/4 29 ф., 7 абз.).
Кӕд израилӕгтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, Йегъовӕ сӕ Египетӕй куыд ссӕрибар кодта, уый, уӕддӕр цавӕр зондыл ныххӕцыдысты ӕмӕ уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Рац. 14:30, 31) (14 апр., w12 15/3 26, 27 фф., 8–10 абз. [bw520 26, 27 фф., 8–10 абз.]).
Цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм Йегъовӕйы закъӕттӕм? (Рац. 20:1–22:31) (28 апр., w04 1/4 31 ф., 8 абз.).
Куыд ӕмбарын хъӕуы, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «фыдӕлты рӕдыдтыты тыххӕй» сӕ байзӕддӕгты бафхӕры? (Рац. 20:5) (28 апр., w04 1/4 31 ф., 1 абз.).