Скъолайы ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2014 азы 29 декабрӕй райдайгӕ къуырийы.
Адӕймаг йӕхицӕн фыдмитӕ кӕй хъуамӕ ма кӕна, уый тыххӕй Дыккаг закъоны 14:1 стихы цы фӕдзӕхст ис, уымӕ мах цы цӕстӕй кӕсӕм? (3 нояб., w04 1/10 31 ф., 10 абз.).
Израилы паддзӕхтӕ-иу сӕхицӕн Хуыцауы Закъон цӕмӕн хъуамӕ рафыстаиккой ӕмӕ-иу ӕй «сӕ царды ӕппӕт бонты дӕр» цӕмӕн хъуамӕ кастаиккой? (Дык. з. 17:18–20) (3 нояб., w02 1/7 8 ф., 4 абз.).
Дыккаг закъоны 22:8 стихы цы уагӕвӕрд ис, уымӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (10 нояб., w06 1/3 25, 26 фф., 15–17 абз.).
«Ӕрмгуырой кӕнӕ йӕ уӕллаг фыд [ома куыройы уӕллаг дур]» цъынды исын раст цӕуылнӕ уыд? (Дык. з. 24:6) (17 нояб., w04 1/10 31 ф., 3 абз.).
Израилӕгтӕ Хуыцаумӕ цы зӕрдӕйӕ хъуамӕ хъуыстаиккой ӕмӕ мах Йегъовӕйӕн цӕмӕн хъуамӕ фӕнда лӕггад кӕнын? (Дык. з. 28:47) (24 нояб., w10 15/9 8 ф., 4 абз. [bw502 8 ф., 4 абз.]).
Дыккаг закъоны 30:19, 20 стихтӕм гӕсгӕ, цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы сты ӕнӕмӕнг, цӕмӕй адӕймаг цӕра? (24 нояб., w10 15/2 28 ф., 17 абз.).
Цымӕ Йесо Навины 1:8 стихы ныхӕстӕ махӕн ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хъуамӕ Библи кӕрӕй-кӕронмӕ нӕхицӕн хъӕрӕй кӕсӕм? (Йес. Н. 1:8) (8 дек., w13 15/4 7 ф., 4 абз. [bw533 15/4 7 ф., 4 абз.]).
Чи у «Йегъовӕйы ӕфсады фӕтӕг [кӕнӕ сӕргълӕууӕг]» ӕмӕ нӕ ацы хабар ныфс куыд уадзы? (Йес. Н. 5:14, 15) (8 дек., w04 1/12 3 ф., 7 абз.).
Ахан тӕригъӕд цӕмӕн сарӕзта ӕмӕ уымӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Йес. Н. 7:20, 21) (15 дек., w10 15/4 20, 21 ф., 2, 5 абз.).
Халевы хабар нӕ абон ныфс куыд уадзы? (Йес. Н. 14:10–13) (29 дек., w04 1/12 6 ф., 4 абз.).