Скъолайы ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2015 азы 27 апрелӕй райдайгӕ къуырийы. Къӕлӕтты ма амынд ис, фарстатӕ цы къуыриты ӕвзӕрст цӕудзысты, уый дӕр, цӕмӕй алы къуыри дӕр Скъоламӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ дӕ бон уа ӕрмӕг арфдӕр раиртасын.
Цы у ӕнувыд уарзт ӕмӕ ацы миниуӕг царды уӕлдайдӕр кӕд фӕхъӕуы равдисын? (Руф 1:16, 17) (2 мар., w12 1/7 26 ф., 6 абз. [bp124 26 ф., 6 абз.]).
Руфы «диссаджы сылгоймаг» цӕмӕн схуыдтой? (Руф 3:11) (2 мар., w12 1/10 23 ф., 2 абз. [bp127 23 ф., 2 абз.]).
Аннӕйы цӕвиттон нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕмбырдтӕ ма цух кӕнӕм? (1 Сам. 1:4–8) (9 мар., w12 15/4 31 ф., 16, 17 абз. [bw521 31 ф., 16, 17 абз.]).
Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй мах дӕр Самуилау Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм? (1 Сам. 2:26) (9 мар., w05 1/4 30 ф., 4 абз.).
«Ӕнаккаг адӕм» Саулы паддзахыл кӕй нӕ нымадтой, уый тыххӕй сӕ кӕй нӕ бафхӕрдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (1 Сам. 10:22, 27) (23 мар., w05 1/4 31 ф., 2 абз.).
Саул ахӕм рӕдыд хъуыдыйыл хӕст кӕй уыд, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хӕссын йӕ коммӕ кӕсынӕй ахсджиагдӕр у, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (1 Сам. 15:22, 23) (30 мар., w07 1/7 12 ф., 3, 4 абз.).
Йегъовӕ зӕрдӕмӕ кӕй кӕсы, уый нӕ ныфс цӕмӕн уадзы? (1 Сам. 16:7) (6 апр., w14 1/8 5 ф., 4 абз. [bp149 5 ф., 4 абз.]).
Ӕмбисӕндты 1:4 стихмӕ гӕсгӕ нын зын уавӕрты цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу, Йегъовӕйы цӕсты раст куыд у, афтӕ бакӕнӕм? (1 Сам. 21:12, 13) (13 апр., w05 1/4 32 ф., 5 абз.).
Йегъовӕ Давиды паддзахӕй кӕй равзӕрста, уымӕ Ионафан цы цӕстӕй ракаст ӕмӕ дзы мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (1 Сам. 23:17) (20 апр., w12 15/12 13 ф., 20 абз. [bw529 13 ф., 20 абз.]).
Авигейӕ хатыр ракуырдта, аххосджын нӕ уыд, афтӕмӕй. Уымӕй нын фӕзминаг куыд у? (1 Сам. 25:24) (20 апр., w02 1/11 5 ф., 1, 4 абз.).