БИОГРАФИ
Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ мӕ зӕрдыл дардтон Йегъовӕйы
1984 азы иу хур бон райсомӕй куыстмӕ фӕцӕйцыдтӕн. Уыцы рӕстӕг цардтӕн Венесуэлӕйы, горӕт Каракасы, иу хъӕздыг районы. Фӕндагыл хъуыдытӕ кодтон, ӕрӕджы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цы статья бакастӕн, ууыл. Статья уыди, нӕ сыхӕгтӕ нӕм цы цӕстӕй кӕсынц, уый тыххӕй. Мӕ алыварс цы хӕдзӕрттӕ уыд, уыдонмӕ акастӕн ӕмӕ ахъуыды кодтон: «Цымӕ мӕ сыхӕгты цӕсты ӕрмӕстдӕр ӕнтыстджын банчы кусӕг дӕн ӕви, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йӕ бинонты банчы кусгӕйӕ чи дары, ахӕм адӕймаг?» Мӕ фарстайӕн мӕхӕдӕг цы дзуапп радтон, уый мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ сфӕнд кодтон мӕ царды исты аивын.
Ӕз райгуырдтӕн 1940 азы 19 майы горӕт Амьюны (Ливаны). Цалдӕр азы фӕстӕ нӕ бинонтӕ алыгъдысты горӕт Триполимӕ. Нӕ бинонтӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд уыдысты. Мах зыдтам рӕстдзинад ӕмӕ Йегъовӕйы тынг уарзтам. Фондз сывӕллонӕй ӕз уыдтӕн ӕппӕты кӕстӕр. Уыди мын ӕртӕ хойы ӕмӕ иу ӕфсымӕр. Мӕ ныййарджытӕн сӕйраг ӕхца кусын нӕ уыд. Нӕ бинонтӕн ӕппӕты сӕйраг уыд Библи ахуыр кӕнын, ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы базыдтаиккой.
Не ’мбырды уыди цалдӕр сӕрст чырыстоны. Уыдонӕй иу уыд Мишель Абуд, уагъта-иу ӕмбырды чиныгахуыр. Мишель рӕстдзинад базыдта Нью-Йорчы, ӕмӕ Ливаны фыццаг уый райдыдта хорз хабар хъусын кӕнын. Уый уыди 1921 азы. Хъуыды ма йӕ кӕнын, Галаады скъола чи фӕци, уыцы дыууӕ ӕрыгон хойӕн куыд тынг аргъ кодта ӕмӕ сын куыд ӕххуыс кодта. Уыдон уыдысты Энн ӕмӕ Гуэн Бивер. Уыцы хотӕ систы нӕ хорз ӕмбӕлттӕ. Бирӕ азты фӕстӕ Энныл фембӕлдтӕн Америкӕйы Иугонд Штатты, ӕмӕ мын йӕ уынд тынг ӕхсызгон уыди. Уый фӕстӕ та фембӕлдтӕн Гуэныл. Гуэн смой кодта Уилфред Гучмӕ ӕмӕ лӕггад кодтой Английы, Лондоны Вефилы.
ХЪУСЫН КӔНӔМ ЛИВАНЫ
Гыццыл куы уыдтӕн, уӕд Ливаны цалдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕны йеддӕмӕ нӕ уыди. Фӕлӕ, Библийы цы фыст ис, уыдӕттӕ иннӕтӕн зынгзӕрдӕйӕ дзырдтам. Хатт-иу дины разамонджытӕ нӕ ныхмӕ тынг карзӕй рацыдысты. Цалдӕр хабары ма ныры онг дӕр хъуыды кӕнын.
Иухатт мӕ хо Санӕимӕ хъусын кодтам иу бирӕуӕладзыгон хӕдзары. Ӕмӕ, цӕрджытимӕ куыд ныхас кодтам, афтӕ нӕ разы сауджын февзӕрд. Ӕвӕццӕгӕн ӕм чидӕр фӕдзырдта. Сауджын мӕ хойӕн ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕнын райдыдта. Афтӕ тынг смӕсты, ӕмӕ ма йӕ асинтӕй дӕр атъӕпп кодта, ӕмӕ Санӕ йӕхи ныццавта. Уӕд чидӕр пъӕлицӕмӕ телефонӕй фӕдзырдта. Куы ’рбацыдысты, уӕд Санӕйы кӕйдӕр бар бакодтой, цӕмӕй йӕм фӕкастаиккой. Сауджыны та пъӕлицӕмӕ акодтой, ӕмӕ йӕм уым хӕцӕнгарз ссардтой. Пъӕлицӕйы хицау сауджынӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, сауджын дӕ ӕви фыдгӕнджыты хистӕр?»
Ноджыдӕр ма иу хабар хъуыды кӕнын. Не ’мбырд иу автобус баххуырста ӕмӕ, дард чи уыд, иу ахӕм гыццыл горӕтмӕ хъусын кӕнынмӕ ацыдыстӕм. Уым зӕрдӕрайгӕйӕ хъусын кодтам. Фӕлӕ уымы сауджын уый тыххӕй куы базыдта, уӕд адӕмы амбырд кодта, ӕмӕ нӕм ӕрбацыдысты. Уыдон ныл дуртӕ ӕхсын райдыдтой, ӕмӕ дзы иу мӕ фыды сӕрыл сӕмбӕлд. Йӕ цӕсгом тугӕй нал зынд. Уыдон мӕ мадимӕ фӕстӕмӕ автобусмӕ аздӕхтысты. Мах дӕр сӕ фӕдыл ацыдыстӕм, уымӕн ӕмӕ йын тынг фӕтарстыстӕм. Фӕлӕ мӕ мад мӕ фыды тугтӕ сӕрфгӕйӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдон мӕ никуы ферох уыдзысты: «Йегъовӕ, дӕ хорзӕхӕй, ныххатыр сын кӕн. Цы аразынц, уый сӕхӕдӕг дӕр не ’мбарынц».
Иухатт та ацыдыстӕм нӕ хиуӕтты бабӕрӕг кӕнынмӕ. Мӕ фыдыфыды хӕдзары баййӕфтам епископы. Уый зыдта, мӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты. Ӕхсӕз азы йеддӕмӕ мыл нӕ цыд, фӕлӕ мӕм ныккомкоммӕ, ды, дам, цӕуылнӕ дӕ аргъуыд. Ӕз ын загътон, нырма сывӕллон кӕй дӕн ӕмӕ, цӕмӕй аргъуыд райсон, уый тыххӕй мӕ Библийӕ фылдӕр базонын кӕй хъӕуы ӕмӕ мӕ уырнындзинад фидар кӕй хъуамӕ уа. Мӕ дзуапп йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ мӕ фыдыфыдӕн афтӕ куы бакӕнид, ацы лӕппу хистӕр, кӕстӕр нӕ зоны, зӕгъгӕ.
Фӕлӕ ахӕм хабӕрттӕ бирӕ нӕ уыдысты. Ливайнӕгтӕн сӕ фылдӕр хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уазӕгуарзон адӕм сты. Ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ бирӕтимӕ Библийыл хорз аныхас кодтам ӕмӕ Библи дзӕвгар адӕмимӕ ахуыр кодтам.
ӔНДӔР БӔСТӔМӔ АЦЫДЫСТӔМ
Скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уӕд Венесуэлӕйӕ Ливанмӕ ’рцыд иу ӕрыгон ӕфсымӕр. Уый цыди не ’мбырдтӕм ӕмӕ базонгӕ мӕ хо Вафӕимӕ. Фӕстӕдӕр сӕ цард баиу кодтой ӕмӕ Венесуэлӕмӕ ацыдысты. Вафӕ нӕ тынг мысыд, ӕмӕ-иу арӕх писмоты мӕ фыдмӕ фыста, цӕмӕй ӕнӕхъӕн бинонтӕй Венесуэлӕмӕ ралыгъдаиккам. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг, уый куыд фӕндыд, афтӕ бакодтам.
Венесуэлӕмӕ ’рцыдыстӕм 1953 азы ӕмӕ ӕрцардыстӕм горӕт Каракасы, президенты галуанмӕ хӕстӕг. Ӕз ӕрыгон уыдтӕн, ӕмӕ-иу мӕм диссаг каст, президент-иу йӕ рӕсугъд машинӕйы мӕ рӕзты куы ацыд, уӕд. Фӕлӕ мӕ ныййарджытӕн ног бӕстӕйы ӕнцон нӕ уыд. Хъуыди сӕ ног бынатыл, ног культурӕйыл ӕмӕ ног хӕринӕгтыл ахуыр кӕнын, стӕй ма сӕ хъуыди ног ӕвзаг дӕр сахуыр кӕнын. Ӕмӕ сын гыццыл куы фенцон, уӕд та ӕрцыд ӕвирхъау хабар.
Галиуырдыгӕй рахизырдӕм: мӕ фыд; мӕ мад; ӕз (нӕ бинонтӕ Венесуэлӕмӕ куы ’рцыдысты, уӕд, 1953 аз)
ӔРЦЫДИ БӔЛЛӔХ
Мӕ фыд ӕррынчын. Уый нӕм куыддӕр ӕнахуыр каст, уымӕн ӕмӕ фидар ӕмӕ ӕнӕниз адӕймаг уыд. Рынчынтӕ никуы кодта. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй йӕм рак уыд. Операци йын скодтой, фӕлӕ иу къуырийы фӕстӕ амард.
Куыд зын нын уыди, уый зӕгъӕн дӕр нӕй. Мӕныл 13 азы йеддӕмӕ нӕ цыд. Ӕнӕхъӕн дуне ныл баталынг. Нӕ фыд кӕй нал ис, уый уӕлдай зын нӕ мадӕн уыд. Фӕлӕ йӕ ’мбӕрстам, дарддӕр цӕрын кӕй хъӕуы. Ӕмӕ нын Йегъовӕ баххуыс кодта, цӕмӕй нын нӕ маст сфӕразын ӕнцондӕр уыдаид. Скъола куы фӕдӕн, уӕд мыл цыди 16 азы, ӕмӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕ бинонтӕн исты ӕххуыс уыдаин.
Мӕ хо Санӕ ӕмӕ мын мӕ сиахс Рубен тынг ӕххуыс кодтой, цӕмӕй мӕ уырнындзинад фидар кодтаид
Фӕстӕдӕр мӕ хо Санӕ смой кодта Рубен Араухомӕ. Уый размӕ уый фӕци Галаады скъола ӕмӕ фӕстӕмӕ Венесуэлӕмӕ ӕрыздӕхт. Рубен ӕмӕ Санӕ Нью-Йоркмӕ цӕрынмӕ ацыдысты. Мӕ бинонты фӕндыд, цӕмӕй университеты ахуыр кодтаин. Ӕмӕ ӕз дӕр Нью-Йоркмӕ ацыдтӕн. Уым ахуырмӕ бацыдтӕн, ӕмӕ, кӕм цардаин, уый дӕр мын уыд. Мӕ хо ӕмӕ мын мӕ сиахс тынг ӕххуыс кодтой, цӕмӕй мӕ уырнындзинад фидар кодтаид. Уымӕй уӕлдай ма не ’мбырды («Бруклин, Испайнаг») уыди бирӕ фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ, зӕгъӕм, Милтон Хеншел ӕмӕ Фредерик Френц. Уыдон лӕггад кодтой Бруклины Вефилы.
Донаргъуыд куы райстон, уӕд, 1957 аз
Фыццаг курсы кӕрон хъуыды кӕнын райдыдтон, раст уынаффӕ рахастон ӕви нӕ, ууыл. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы»-иу кастӕн статьятӕ, чырыстӕттӕ сӕ разы цавӕр нысӕнттӕ хъуамӕ ӕвӕрой, уый тыххӕй ӕмӕ-иу сыл хъуыды кодтон. Уыдтон ӕй, не ’мбырды цы пионертӕ ӕмӕ вефилӕгтӕ уыд, уыдон куыд амондджын сты. Ӕмӕ мӕн дӕр фӕндыд, цӕмӕй уыдоны хуызӕн амондджын уыдаин. Фӕлӕ уӕд нырма донаргъуыд нӕ уыдтӕн. Ӕз бамбӕрстон, мӕ цард мӕ Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын кӕй хъӕуы. Гъемӕ 1957 азы 30 мартъийы донаргъуыд райстон.
АХСДЖИАГ УЫНАФФӔТӔ
Донаргъуыды фӕстӕ райдыдтон ӕндӕр нысаныл хъуыды кӕнын. Тынг мӕ фӕндыд пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ йӕ зыдтон, ӕнцон мын кӕй нӕ уыдзӕн уыцы иу рӕстӕг ахуыр дӕр кӕнын ӕмӕ пионерӕй дӕр лӕггад кӕнын. Нӕхимӕ ныффыстон, зӕгъын мӕ фӕнды университет ныууадзын, Венесуэлӕмӕ ӕрыздӕхын ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдайын. Ахӕм уынаффӕ рахӕссын мӕ кӕй фӕндыд, уый фӕдыл афтӕ иуцасдӕр кӕрӕдзимӕ писмотӕ фӕфыстам.
1957 азы июны Каракасмӕ куы ’рыздӕхтӕн, уӕд ӕй федтон, мӕ бинонтӕ фӕкӕсынхъуаг кӕй уыдысты. Мӕнӕн фӕзынди банчы кусыны фадат. Фӕлӕ мӕ пионерӕй лӕггад кӕнын тынг фӕндыд. Нью-Йоркӕй дӕр уый тыххӕй ӕрцыдтӕн. Уӕд аскъуыддзаг кодтон, банчы дӕр кӕй кусдзынӕн ӕмӕ пионерӕй дӕр кӕй лӕггад кӕндзынӕн. Ӕмӕ цалдӕр азы дӕргъы афтӕ цардтӕн. Рӕстӕг-иу мын ӕппындӕр ницӕмӕнуал баззад, фӕлӕ тынг амондджын уыдтӕн.
Мӕ циныл ма цин бафтыд, иу дзӕбӕх хоимӕ, Сильвийӕимӕ, куы базонгӕ дӕн ӕмӕ нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд. Сильвийӕ Йегъовӕйы тынг уарзта. Уый йӕ ныййарджытимӕ Венесуэлӕмӕ Германийӕ ’рцыд. Райгуырди нын дыууӕ сывӕллоны – нӕ лӕппу Мишель (Мик) ӕмӕ нӕ чызг Самирӕ. Стӕй ма мӕ мады нӕхимӕ ракодтон цӕрынмӕ. Мӕ бон пионерӕй лӕггад кӕнын нал уыди, уымӕн ӕмӕ мӕ мӕ бинонтӕн фылдӕр рӕстӕг хъуыди хицӕн кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтон. Нӕ бон куы уыд, уӕд-иу отпусчы рӕстӕг Сильвийӕимӕ лӕггад кодтам ӕххуысгӕнӕг пионертӕй.
ӔНДӔР АХСДЖИАГ КЪАХДЗӔФ
Статьяйы райдианы цы хабары кой ракодтон, уый мыл ӕрцыд, нӕ сывӕллӕттӕ нырма скъолайы куы ахуыр кодтой, уӕд. Ӕргом куы зӕгъон, уӕд хорз цардыстӕм, стӕй мын банкты кусджытӕ дӕр тынг аргъ кодтой. Фӕлӕ мӕн фӕндыд, цӕмӕй мӕ сӕйраджыдӕр нымадтаиккой Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕгыл. Ӕмӕ мын уыцы хъуыды ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Гъемӕ Сильвийӕимӕ ’рбадтыстӕм ӕмӕ банымадтам, цардӕн нӕ цас хъӕуы, уый. Куыстӕй чи фӕцӕуы, уыдонӕн фӕстагмӕ раттынц ӕхца. Ӕмӕ ӕз дӕр куыстӕй куы ацыдаин, уӕд мӕм бирӕ ’хца ӕмбӕлд. Хӕстӕ нын нӕ уыди, ӕмӕ, нӕ цард куы фӕхуымӕтӕгдӕр кодтаиккам, уӕд нын уыцы ’хцатӕ бирӕйы фаг суыдаиккой.
Уыцы уынаффӕ рахӕссын мын ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ мын мӕ бинойнаг ӕмӕ мӕ мад тынг баххуыс кодтой. Мӕ цинӕн ма кӕрон кӕм уыд! Тагъд мӕ бӕллиц хъуамӕ сӕххӕст уыдаид ӕмӕ та пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаин. Фӕлӕ ӕнӕнхъӕлӕджы базыдтам иу хабар.
ӔНӔНХЪӔЛӔДЖЫ ЛӔВАР!
Не ’ртыккаг сывӕллон, Габриель, уыди ӕнӕнхъӕлӕджы лӕвар
Иу бон Сильвийӕ дохтыртӕм ацыд, ӕмӕ йын дохтыр загъта, йӕхи бар кӕй нӕу. Уый тынг ӕнӕнхъӕлӕджы хабар уыди, фӕлӕ иууылдӕр тынг цин кодтам. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нӕхи цӕттӕ кӕнын райдыдтам, нӕ бинонтыл ма иу адӕймаг кӕй бафтдзӕн, уымӕ. Фӕлӕ хъуыдытӕ кодтон, цымӕ ма мӕ нысан мӕ къухы бафтдзӕн, зӕгъгӕ.
Нӕ нысӕнттыл куы аныхас кодтам, уӕд аскъуыддзаг кодтам, куыд сфӕнд кодтам, афтӕ кӕй архайдзыстӕм. Нӕ лӕппу Габриель райгуырд 1985 азы апрелы. Фӕлӕ ӕз уӕддӕр мӕ куыст ныууагътон, ӕмӕ уыцы аз июны ногӕй райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕстӕдӕр мӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ райдыдтон Филиалы комитеты лӕггад кӕнын. Филиал Каракасӕй уыд 80 километры дарддӕр, ӕмӕ-иу уырдӕм цыдтӕн къуыри дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ боны.
ӔНДӔР РАНМӔ ТА АЦЫДЫСТӔМ
Филиал уыди горӕт Ла-Викторийӕйы, ӕмӕ сфӕнд кодтам уырдӕм ацӕуын, цӕмӕй филиалмӕ хӕстӕгдӕр цардаиккам. Уыцы уынаффӕ рахӕссын нын ӕнцон нӕ уыд. Мӕ бинонтӕй тынг бузныг дӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы уынаффӕйыл дыууӕ нал загътой. Мӕ хо Бахӕ загъта, нӕ мадмӕ кӕй фӕкӕсдзӕн. Микӕн бинонтӕ уыди, фӕлӕ Габриель ӕмӕ Самирӕ нырма немӕ цардысты. Ӕмӕ, Ла-Викторийӕмӕ куы ацыдаиккам, уӕд сӕ бахъуыдаид се ’мбӕлтты ныууадзын. Сильвийӕ та стыр горӕты цӕрын ахуыр уыд, ӕмӕ хъуамӕ сахуыр уыдаид гыццыл горӕтыл. Стӕй нын Ла-Викторийӕйы къаддӕр хӕдзар уыд, ӕмӕ хъуамӕ ууыл дӕр сахуыр уыдаиккам.
Уый фӕстӕ та нӕ царды ногӕй цыдӕртӕ фӕивта. Габриель бинонтӕ ’ркодта, Самирӕ та хицӕнӕй райдыдта цӕрын. Мӕн ӕмӕ Сильвийӕйы 2007 азы фӕхуыдтой Вефилмӕ, ӕмӕ абоны онг дӕр уым лӕггад кӕнӕм. Нӕ хистӕр фырт Мик у хистӕр нӕлгоймаг, ӕмӕ йӕ бинойнаг Моникӕимӕ лӕггад кӕнынц пионертӕй. Габриель дӕр у хистӕр нӕлгоймаг, ӕмӕ йӕ бинойнаг Амбрӕимӕ лӕггад кӕнынц Италийы. Самирӕ лӕггад кӕны пионерӕй ӕмӕ ма хӕдзары кусгӕйӕ Вефилӕн дӕр феххуыс кӕны.
Галиуырдыгӕй рахизырдӕм: Сильвийӕимӕ Венесуэлӕйы Вефилы; нӕ хистӕр фырт Мик ӕмӕ йӕ бинойнаг Моникӕ; нӕ чызг Самирӕ; нӕ кӕстӕр фырт Габриель ӕмӕ йӕ бинойнаг Амбрӕ.
НИЦӔУЫЛ ФӔСМОН КӔНЫН
Царды мӕ бахъуыд бирӕ уынаффӕтӕ рахӕссын ӕмӕ бирӕ цыдӕртӕ фӕивын. Фӕлӕ ницӕуыл фӕсмон кӕнын. Цард фӕстӕмӕ раздахӕн куы уаид, уӕд дӕр ногӕй ахӕм уынаффӕтӕ рахӕссин. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кодтон. Ӕмӕ мӕм ахӕм кад кӕй ӕрхауд, уымӕн тынг аргъ кӕнын. Ӕз ӕй бамбӕрстон, тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй Йегъовӕ де ’ввахс Хӕлар уа. Царды дӕ гыццыл ивындзинӕдтӕ хъӕуа скӕнын ӕви стыр,– Йегъовӕ дын ратдзӕн, «зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн» (Фил. 4:6, 7). Нӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы Вефилы лӕггад кӕнын. Ӕмӕ йӕ зонӕм, уынаффӕ-иу куы рахастам, уӕд-иу нын Йегъовӕ кӕй раарфӕ кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дардтам.