Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb14 78–81 фф.
  • Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвиней

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвиней
  • 2014 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
2014 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb14 78–81 фф.

Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвиней

УЫЙ уыди иу-500 азы размӕ. Сьерра-Леонейы цӕугӕдон денджызимӕ кӕм баиу вӕййы, уырдӕм ӕввахс зӕххыл ӕрхауд бӕмбӕгбӕласы мыггаг ӕмӕ тау суагъта. 300 азы дӕргъы бӕлас рӕзыд, ӕмӕ ӕвдисӕн уыд, цы бирӕ ӕвирхъау хабӕрттӕ цыд, уыдонӕн. Ӕгъатыр цагъаруӕйгӕнджытӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм наутыл аластой 150 мин адӕймаджы бӕрц, цӕмӕй сӕ уым базарты ауӕй кодтаиккой – нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты.

Фритауны зындгонд Бӕмбӕгбӕлас

1792 азы 11 мартъийы, Америкӕйы цагъартӕй чи ссӕрибар, уыцы адӕмӕй сӕдӕгӕйттӕ ӕрӕмбырд сты Бӕмбӕгбӕласы бын, цӕмӕй фӕцин кодтаиккой, фӕстӕмӕ Африкӕмӕ кӕй ӕрыздӕхтысты, ууыл. Уыцы бон сӕ бӕллиц сӕххӕст ӕмӕ бындур ӕрӕвӕрдтой ног горӕтӕн, схуыдтой йӕ Фритаун. Цагъарадӕй-иу чи ссӕрибар, уыдон цыдысты уыцы горӕтмӕ, ӕмӕ дзы афтӕмӕй ӕрцард 100 африкаг адӕмыхаттӕй фылдӕр. Ног цӕрджытӕн Бӕмбӕгбӕлас сси сӕрибардзинад ӕмӕ ныфсы нысан.

100 азы бӕрц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Сьерра-Леонейы цӕрджытӕн дзурынц, кӕй сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ноджы стырдӕр сӕрибардзинад – «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм» (Ром. 8:21). Хуыцауы Паддзахад зӕхмӕ фарн куы ӕрхӕсса ӕмӕ дзы Дзӕнӕт куы сараза, уӕд адӕм ссӕрибар уыдзысты тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй (Ис. 9:6, 7; 11:6–9).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиал Сьерра-Леонейы ныр 50 азӕй фылдӕр йӕ хъус дары, Гвинейы хъусын кӕныны хъуыддаг куыд цӕуы, уымӕ дӕр. Ацы сыхаг бӕстӕйы ӕрцыд бирӕ политикон, социалон ӕмӕ экономикон ивындзинӕдтӕ. Уый фӕрцы йӕ цӕрджытӕй бирӕтӕ зӕрдиагӕй байхъусынц Библийы хорз хабармӕ.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвинейы хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ ӕмбӕлынц бирӕ цӕлхдуртыл. Зӕгъӕм, адӕмӕн тынг зын цӕрӕн у, сты фырмӕгуыр, бирӕтӕ сӕ кӕсын ӕмӕ фыссын дӕр нӕ зонынц, сӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттыл фидар хӕцынц, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ кӕрӕдзиимӕ нӕ фидауынц ӕмӕ дзы тынг арӕх ӕрцӕуы, адӕймаджы хъуын арц кӕмӕй сбады, ахӕм ӕгъатыр хъуыддӕгтӕ. Дарддӕр цы хабӕрттӕ бакӕсдзыстӕм, уыдонӕй базондзыстӕм, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ куыд ӕнӕфӕцудгӕ сты ӕмӕ сӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ куыд дарынц, уый тыххӕй. Ныфс нӕ ис, сӕ царды хабӕрттӕ уӕ зӕрдӕмӕ кӕй фӕцӕудзысты ӕмӕ тынгдӕр кӕй баууӕнддзыстут нӕ «ныфсдӕттӕг Хуыцауыл» (Ром. 15:13).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын