ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ
Хъусын кӕныны бар сын радтой, фӕлӕ та сын стӕй уыцы бар нал уыд
Ӕнӕнхъӕлӕджы сын хъусын кӕныны бар радтой
Хицауады кусджытӕ Мануэль Иерресуэлойы допросы рӕстӕг амардтой
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар куы нӕ уыд, уыцы зын рӕстӕджыты Леннарт ӕмӕ Вирджини Джонсон, стӕй Рой ӕмӕ Хуанитӕ Брандт дарддӕр миссионертӕй лӕггад кодтой. Леннарт радзырдта: «Иухатт мӕнмӕ ӕмӕ Рой Брандтмӕ хицауады кусджытӕ фӕдзырдтой, цӕмӕй нӕ ӕрфарстаиккой. Уый размӕ та фӕдзырдтой ӕфсымӕр Мануэль Иерресуэломӕ». Хъыгагӕн, Мануэлы допросы рӕстӕг амардтой. Уый Хуыцауыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззад. Цымӕ Леннарт ӕмӕ Рой та цы баисты? Леннарт загъта: «Куы сӕм ӕрбацыдыстӕм, уӕд нӕ хицӕнтӕй фарстой, ӕмӕ нын, ӕвӕццӕгӕн, нӕ ныхӕстӕ фысгӕ дӕр ныккодтой. Уыцы бон хъуыддаг ууыл ахицӕн. Фӕлӕ дыууӕ мӕйы фӕстӕ газетты ныффыстой, хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн фӕстӕмӕ хъусын кӕныны бар кӕй радта».
1950 азы, нырма нын хъусын кӕныны бар куы уыд, уӕд, Доминиканы Республикӕйы уыди 261 хъусынгӕнӕджы. 1956 азы августы та нын ногӕй уыцы бар куы радтой, уӕд хорз хабар хъусын кодта 522 адӕймаджы. Ӕхсӕз азы дӕргъы не ’фсымӕрты ӕфхӕрдтой, сӕ алы къахдзӕфмӕ дӕр-иу сын сӕ хъус дардтой ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Ӕмӕ ныр сӕ бон сӕрибарӕй лӕггад кӕнын кӕй у, уый куы базыдтой, уӕд сӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд.
Хабар афтӕ цӕхгӕр куы фӕивта, уӕд Йегъовӕйы адӕм куыд бакодтой? Хъуыддагмӕ ӕвӕстиатӕй бавнӕлдтой. Агурын райдыдтой, ӕмбырдтӕ кӕм уагътаиккой, ахӕм бынӕттӕ, хъусын кӕнынӕн-иу территорийы картӕ арӕзтой ӕмӕ-иу ӕмбырды ног гӕххӕттытӕ скодтой. Кӕдӕй-уӕдӕй ӕфсымӕртӕн сӕ бон уыд литературӕ заказ кӕнын! Сӕрибарӕй хъусын кӕныны бар та сын кӕй ис, ууыл афтӕ цин кодтой, ӕмӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайын райдыдтой. Ӕмӕ ӕртӕ мӕйы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ, 1956 азы ноябры, хъусын кӕныны хъуыддаджы архайдта 612 адӕймаджы.
Сауджынтӕ фыдвӕндтӕ кӕнынц
Толеданойы къухӕвӕрд кӕуыл ис, уыцы гӕххӕтт; фыст дзы уыд, цы спълан кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ публикацитӕ бӕстӕмӕ мауал ластаиккой
Фӕлӕ католикон аргъуаны сауджынтӕ уайтагъд архайын райдыдтой, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты иннӕты цӕсты бафтыдтаиккой. Трухильо Ватиканимӕ цы бадзырд скодта, уый руаджы сауджынтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ хицауад ардыдтой, цӕмӕй сӕ кой, сӕ хъӕр дӕр мауал уыдаид. Католикон сауджын Оскар Роблес Толедано Мидхъуыддӕгты министрмӕ, Вирхилио Альварес Пиньямӕ, цы гӕххӕтт арвыста, уым фыст уыд, зӕгъгӕ, дам, мӕ фӕнды доминикайнаг цӕрджытӕн сӕ зонд райхъал кӕнын, цӕмӕй, дам, бамбарой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сектӕйӕ адӕмӕн тынг тӕссаг кӕй у, ӕмӕ, дам, мӕ уыцы хъуыддаджы де ’ххуыс хъӕуы.
Толедано бамбарын кодта, йӕ сӕйраг нысан кӕй у «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныкъкъуылымпы кӕнын, цӕмӕй адӕмы сӕ динмӕ мауал здахой». Уыцы гӕххӕтты ма фыст уыд, хорз, дам, уаид, сӕ публикацитӕ дӕр, дам, сын нӕ бӕстӕмӕ ласын куы нал уадзиккам, «уӕлдайдӕр та чиныг „Рӕстдзинад уӕ ссӕрибар кӕндзӕн“a ӕмӕ журнал „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“».
Хъусын кӕныны бар та сын нал ис
Дины разамонджытӕ ӕмӕ, хицауадӕй сӕ фарс чи уыд, уыдон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕнын райдыдтой. Зӕгъӕм, 1957 азы июны Франсиско Пратс-Рамирес, политикон къордтӕй иуы хицау, Трухильомӕ арвыста гӕххӕтт, фыст дзы уыд: «Фӕнды мӕ иу цалдӕр фембӕлды ауадзын ӕмӕ аныхас кӕнын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн цы ис бакӕнӕн, цӕмӕй адӕмы ӕвзӕр зондыл мауал аразой ӕмӕ сӕ хицауады ныхмӕ мауал кӕной».
Хицауадӕн ӕмӕ дины разамонджытӕн сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Иу чиныджы уый тыххӕй фыст уыд: «1957 азы сӕрдыгон мӕйты дӕргъы-иу Доминиканы Республикӕйы газетты фыстой, стыр хицӕуттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цы хъуыддӕгты аххосджын кодтой, уый тыххӕй, зӕгъгӕ, дам, хицауады ныхмӕ цӕуынц ӕмӕ, дам, адӕмы се ’взӕр зондыл аразынц. Иезуитаг сауджын Мариано Васкес Санс, йӕ хицау Трухильо кӕмӕн уыд, уыцы радиойы, „Ла вос Доминиканӕ“ („Доминиканӕйы хъӕлӕс“), зӕгъгӕ, куы дзырдта, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕаххосджын кодта, коммунисттӕ, дам, сты. Стӕй сӕ схуыдта „фыдгӕнджытӕ, хӕлд, хинӕйдзаг ӕмӕ мӕнгард адӕм“. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ ахӕм хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл цыдысты. Архиепископтӕ Рикардо Питтини ӕмӕ Октавио Антонио Берас сауджынтӕм писмо арвыстой, ӕмӕ сын ныффӕдзӕхстой, цӕмӕй сӕ адӕмы уыцы „мӕнг ахуырӕдтӕй“ бахъахъхъӕдтаиккой» (Trujillo—Little Caesar of the Caribbean).
Аргъуанӕн ӕмӕ хицауадӕн сӕ иумӕйаг фыдвӕндтӕ сӕ къухы бафтыдысты. Июлы Доминиканы Республикӕйы цы стыр фембӕлд уыд, уым уынаффӕ рахастой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар кӕй нал уыдзӕн. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ-иу не ’фсымӕрты фӕнадтой, пъӕлицӕйы кусджытӕ та-иу сӕ карзӕй бафхӕрдтой. Иу-150 ӕфсымӕры ахӕстоны сбадын кодтой.
a Уырыссагау хуыйны «Истина освободит вас».