Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb15 124 ф.–127 ф., 3 абз.
  • Сӕрибарӕй хъусын кӕнынц

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сӕрибарӕй хъусын кӕнынц
  • 2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Сӕргӕндтӕ
  • Трухильойы амардтой
  • Хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуы
2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb15 124 ф.–127 ф., 3 абз.
Ныв 124 фарсыл

ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ

Сӕрибарӕй хъусын кӕнынц

Трухильойы амардтой

1960 азмӕ Трухильойы хицаудзинады ныхмӕ фылдӕр бӕстӕтӕ систы, стӕй Доминиканы Республикӕйӕн йӕхимидӕг дӕр змӕстытӕ райдыдтой. Ӕмӕ уыцы змӕстыты рӕстӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бӕрӕггӕнӕг ӕрцыд Милтон Хеншель (Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадӕй). 1961 азы январы Хеншель ацыд ӕртӕбонон конгресмӕ. Ӕргом раныхасмӕ байхъуыста 957 адӕймаджы, донаргъуыд та райста 27 адӕймаджы. Хеншель ӕфсымӕртӕн бацамыдта, хъусын кӕныны хъуыддаджы цы ис фӕхуыздӕр кӕнӕн ӕмӕ территорийы картӕ куыд ис саразӕн, уый.

Схемӕ 124 фарсыл

Энрике Глассы ӕмӕ Хулиан Лопесы снысан кодтой районон цӕстдарджытӕй. Хулиан дзуры: «Мӕ районмӕ хаудысты, бӕстӕйы скӕсӕн фарс чи уыд, уыцы дыууӕ ӕмбырды ӕмӕ, цӕгат фарс цы ӕмбырдтӕ уыд, уыдон иууылдӕр. Энрике та хъуамӕ бӕрӕг кодтаид, скӕсӕн фарс ма ноджыдӕр цы ӕмбырдтӕ уыди, уыдон, стӕй, хуссар фарс цы ӕмбырдтӕ уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр». Ацы дыууӕ ӕфсымӕры фӕрцы ӕмбырдтӕ ногӕй райдыдтой организациимӕ ӕмгуыст кӕнын ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр сӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодта.

Ныв 127 фарсыл

Сальвино ӕмӕ Хелен Феррари, Доминиканы Республикӕмӕ куы цыдысты, уӕд, 1961 аз

1961 азы Доминиканы Республикӕмӕ ӕрцыдысты, Галаады скъолайы дыккаг къласы чи ахуыр кодта, иу ахӕм бинонтӕ, Сальвино ӕмӕ Хелен Феррари. Уый размӕ та миссионертӕй лӕггад кодтой Кубӕйы, ӕмӕ фӕлтӕрд хъусынгӕнджытӕ кӕй уыдысты, уый фӕрцы Доминиканы Республикӕйы бирӕтӕн баххуыс кодтой рӕстдзинад базонынӕн. Сальвино фӕстӕдӕр лӕггад кодта Филиалы комитеты, ӕмӕ дзы фӕлӕггад кодта 1997 азмӕ, йӕ мӕлӕты онг. Хелен та 79 азы дӕргъы лӕггад кӕны ӕххӕстрӕстӕг, уыцы азтӕн сӕ фылдӕр хай лӕггад кодта миссионерӕй.

Сальвино ӕмӕ Хелен Феррари куы ’рцыдысты, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ 1961 азы 30 майы ӕхсӕвы Трухильойы ӕгъатыр хицаудзинадӕн кӕрон ӕрцыд – машинӕйыл кӕдӕмдӕр куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕй террористтӕ амардтой. Фӕлӕ уӕддӕр Трухильойы мӕлӕты фӕстӕ уавӕр нӕ фӕхуыздӕр. Уӕддӕр-иу цалдӕр азы дӕргъы адӕм дӕр ӕмӕ политиктӕ дӕр сызмӕстой.

Хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуы

Уыцы рӕстӕг бӕстӕмӕ ӕрцыд бирӕ миссионертӕ. Трухильойы мӕлӕтӕй дыууӕ боны фӕстӕ Пуэрто-Рикойӕ Доминиканы Республикӕйы филиалмӕ ӕрцыдысты Уильям Дингман (каст фӕци Галаады скъолайы фыццаг кълас) ӕмӕ йӕ бинойнаг Эстелл, стӕй ма Телмӕ Криц ӕмӕ Флосси Коронеос дӕр. Уильям радзырдта: «Ардӕм куы ’рцыдыстӕм, уӕд дзы нырма змӕстытӕ уыд ӕмӕ алы ран дӕр уыди ӕфсӕддонтӕ. Революцийӕ тӕссаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу, сӕйраг фӕндагыл чидӕриддӕр цыд, уыдоны басгӕрстой. Цалдӕр постыл нӕ баурӕдтой ӕмӕ-иу нын алы хатт дӕр нӕ чемодантӕ басгӕрстой. Цыдӕриддӕр нын дзы дзаумайӕ уыд, уыдон-иу систой, суанг гыццыл цыдӕртӕ дӕр». Ахӕм змӕст ӕмӕ тӕссаг рӕстӕджы хъусын кӕнын ӕнцон нӕ уыд.

Ныв 127 фарсыл

Телмӕ Криц ӕмӕ Эстелл ӕмӕ Уильям Дингман, Доминиканы Республикӕйы миссионертӕй зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц 67 азы

Уильям дзуры: «Трухильойы хицаудзинады рӕстӕг адӕмӕн дзырдтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, дам, коммунисттӕ сты ӕмӕ, дам, уыдонӕй фыддӕр адӕм нӕй... Фӕлӕ мах дарддӕр нӕ куыст кодтам, ӕмӕ нӕм адӕм гыццылгай ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой». Ӕфсымӕртӕ та ногӕй хъуыддагмӕ кӕй бавнӕлдтой, уый фӕрцы-иу хорз хабар ноджы фылдӕр адӕм сӕ зӕрдӕмӕ айстой. 1961 лӕггады азы кӕрон Доминиканы Республикӕйы уыди 33 сӕрмагонд пионеры.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын