ИНДОНЕЗИ
Уыцы конгресс сӕ никуы ферох уыдзӕн
1963 азы 15–18 августы горӕт Бандунгы, сакъадах Явӕйы ныгуылӕн хайы, ацыд конгресс «Ӕнусон хорз хабар». Уый уыди фыццаг ӕхсӕнадӕмон конгресс Индонезийы. Уыди дзы цалдӕр сӕдӕ хъусынгӕнӕджы бӕстӕйы алы къуымтӕй ӕмӕ 122 конгресдзауы фӕсарӕнтӕй.
Конгресс бацӕттӕ кӕнын ӕнцон нӕ уыд. Хӕдбардзинады бӕрӕгбоны тыххӕй ӕфсымӕртӕ конгрессы бынат ӕртӕ хатты фӕивтой. Инфляцийы аххосӕй ӕргътӕ уӕлӕмӕ ссыдысты, ӕмӕ фӕндаггаг дӕр 400 проценты фӕзынаргъдӕр. Уымӕ гӕсгӕ конгресдзауты конгресмӕ асламдӕр транспортыл цӕуын бахъуыд. Сулавесийӕ ӕвдай адӕймаджы фондз боны фӕленк кодтой дзаг лодкӕтыл. Иу ӕфсымӕр та конгресмӕ фистӕгӕй фӕцыди ӕхсӕз боны.
Индонезиаг конгресдзаутӕ тынг цин кодтой, ӕндӕр бӕстӕтӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты, стӕй ма дыууӕ ӕфсымӕры Разамонӕг советӕй, Фредерик Френцы ӕмӕ Грант Сьютеры куы федтой, уӕд. Конгрессы чи уыди, уыдонӕй иу мӕнӕ цы загъта: «Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ тынг хъӕлдзӕг сты! Худынц, сӕ цӕсгӕмттӕй сӕ мидбылхудт нӕ хизы».
Конгрессы уыд 750 адӕймагӕй фылдӕр, 34 дзы донаргъуыд райстой. Роналд Джака загъта: «Библи кӕй цымыдис кодта, уыдонӕй бирӕтӕ ацы диссаджы конгрессы фӕстӕ сфӕнд кодтой рӕстдзинады фӕндагыл слӕууын. Бынӕттон ӕфсымӕртӕн та конгресс сӕ зӕрдӕты зынг ссыгъта, ӕмӕ сӕ бафӕндыд Хуыцауӕн зӕрдиагдӕрӕй лӕггад кӕнын».
Роналд Джака (рахизырдыгӕй) ӕмӕ йӕ тӕлмацгӕнӕг раныхасы рӕстӕг 1963 азы конгрессы «Ӕнусон хорз хабар»