Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb17 169–170 фф.
  • Курдӕгтӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ исынц

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Курдӕгтӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ исынц
  • 2017 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
2017 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb17 169–170 фф.
Хо сылгоймагимӕ курдаг ӕвзагыл Библи ахуыр кӕны

ГУЫРДЗЫСТОН

Курдӕгтӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ исынц

«ЙЕГЪОВӔМӔ куы фӕкувын, уӕд ын арӕх фӕзӕгъын бузныг, рӕстдзинад мӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕй фехъуыстон, уый тыххӕй»,– загъта Гулизар.

Гулизар аст азы уыди ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг, фӕлӕ донаргъуыд райста, йӕ мадӕлон ӕвзагыл цы ӕмбырд уыд, уырдӕм куы бацыд, уӕд. Гулизар у, Гуырдзыстоны фӕстаг азты рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ цы бирӕ курдӕгтӕ айстой, уыдонӕй иу. Фӕлӕ чи сты курдӕгтӕ?

Курдӕгтӕ ӕнусты дӕргъы цардысты Ӕввахс Скӕсӕны. Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, курдӕгтӕ сты, Библийы цы мидиӕгты кой ис, уыдоны байзӕддӕгтӕ (2 Пад. 18:11; Хъуыд. 2:9). Се ’взаг хауы ирайнаг ӕвзӕгты къордмӕ.

Абон милуангай курдӕгтӕ цӕрынц алы бӕстӕты, зӕгъӕм, Ираны, Иракы, Сирийы, Сомихы ӕмӕ Турцийы. Гуырдзыстоны цӕры 20 000 курдаджы бӕрц. Сӕ фылдӕр Хуыцауыл ӕууӕндынц ӕмӕ уарзынц Хуыцауы тыххӕй ныхас кӕнын.

Ныр Гуырдзыстоны ис 500 курдаг хъусынгӕнӕджы, ӕмӕ дзы ис ӕртӕ ӕмбырды курдаг ӕвзагыл. 2014 азы хъусынгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр тынг цин кодтой, Тбилисийы курдаг ӕвзагыл фыццаг регионалон конгресс кӕй уыд, ууыл. Уыдис дзы уазджытӕ Германийӕ, Сомихӕй, Турцийӕ ӕмӕ Украинӕйӕ.

Курдаг сывӕллӕттӕ ӕхсызгонӕй кӕсынц Алан ӕмӕ Зӕринӕйы тыххӕй мультфильммӕ
    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын