Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 64 статья
  • Нывтӕн хъуамӕ кувӕм?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Нывтӕн хъуамӕ кувӕм?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Иконӕтӕн ӕмӕ статуйӕтӕн кувыны тыххӕй Библийы цы фыст ис?
    Ӕндӕр темӕтӕ
  • Хуыцау нын нӕ лӕггадӕй райгонд кӕд уыдзӕн?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 64 статья

Нывтӕн хъуамӕ кувӕм?

Дзуапп Библийӕ

Хуыцау израилӕгтӕн цы закъӕттӕ радта, уый фӕдыл иу чиныджы фыст ис ахӕм ныхӕстӕ: «Библийы алыхуызон скъуыддзӕгтӕй бӕрӕг у, ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нывтӕн кувын кӕй нӕ хъӕуы» (New Catholic Encyclopedia). Ӕркӕс-ма, дӕлдӕр Библийы цы стихтӕ ис, уыдонмӕ:

  • «Ма араз дӕхицӕн, уӕлейӕ арвыл цы ис, бынӕй зӕххыл цы ис ӕмӕ зӕххӕй дӕлдӕр дӕтты цы ис, уыдонӕн сӕ гуымирытӕ ӕмӕ сӕ нывтӕ. Сӕ разы дӕ зонгуытыл ма лӕуу ӕмӕ сын ма кув, уымӕн ӕмӕ ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, домын, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр мӕныл уай иузӕрдион» (Рацыд 20:4, 5). Кӕд нӕ Хуыцау домы, цӕмӕй «ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион», уӕд йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн, нывтӕн, гуымирытӕн ӕмӕ ӕндӕр ахӕм цӕмӕндӕрты куы кувӕм, уӕд.

  • «Ӕз мӕ кад... къухӕйконд хуыцӕуттӕн нӕ ратдзынӕн» (Исай 42:8). Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нывтӕн куы кувӕм, уӕд нӕ лӕггад йӕ цӕсты ницы уыдзӕн. Иухатт израилӕгтӕй чидӕртӕ сызгъӕрин род сарӕзтой, цӕмӕй Хуыцауӕн бакуывтаиккой, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы раз стыр тӕригъӕд сарӕзтой. Библийы уый тыххӕй фыст ис, «сӕфты фӕндагыл ныллӕууыдысты», зӕгъгӕ (Рацыд 32:7–9).

  • «Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Хуыцау, сызгъӕрин, ӕвзист кӕнӕ дурӕй цы скӕнынц, адӕймаг йӕ арӕхстдзинад ӕмӕ йе ’рхъуыдыйы фӕрцы цы саразы, уый хуызӕн у» (Хъуыддӕгтӕ 17:29). Бирӕтӕ кувынц, «адӕймаг йӕ арӕхстдзинад ӕмӕ йе ’рхъуыдыйы фӕрцы кӕй саразы», ахӕм нывтӕн, ома мӕнг хуыцӕуттӕн. Уыдонӕй уӕлдай чырыстӕттӕ хъуамӕ, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй, «цы уынынц, уымӕй ма цӕрой, фӕлӕ уырнындзинадӕй» (2 Коринфӕгтӕм 5:7).

  • «Уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй» (1 Иоанны 5:21). Бирӕ динтӕ куыд амонынц, афтӕмӕй, дам, Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нывтӕн кувӕм. Фӕлӕ, Хуыцау израилӕгтӕн ӕмӕ чырыстӕттӕн цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдонӕй бӕрӕг у, уый мӕнг ныхас кӕй у.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын