-
1 Самуилы 2:28Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
28 Израилы ӕппӕт мыггӕгтӕй йӕ мӕхицӕн равзӕрстон+, цӕмӕй мын уыдаид сауджын, цӕмӕй-иу мӕ нывондхӕссӕнмӕ схызтаид+ ӕмӕ-иу судзинаг нывӕндты фӕздӕг суагътаид, ӕмӕ цӕмӕй мӕ разы ефоды цыдаид. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕз уымӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн радтон, Израилы фырттӕ артыл кӕй судзынц, уыцы кувинӕгтӕ иууылдӕр+.
-
-
2 Азфыстыты 13:11Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
11 Алы райсом дӕр ӕмӕ алы изӕр дӕр+ Йегъовӕйӕн судзинаг нывӕндтӕ ӕрхӕссынц, стӕй ссудзынц хӕрздӕф буд+. Сыгъдӕг сызгъӕринӕй конд стъолыл нывонд дзултӕ ӕрӕвӕрынц+ ӕмӕ алы изӕр дӕр+ сызгъӕрин цырагъдарӕнты+ цырӕгътӕ ссудзынц. Мах ӕххӕст кӕнӕм, нӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз ныл цы хӕстӕ ис, уыдон+, сымах та йӕ ныууагътат+.
-
-
Раргомад 8:4Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
4 Зӕды къухӕй буды фӕздӕг сыгъдӕджыты куывдтытимӕ+ ссыд Хуыцауы размӕ.
-