Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 7:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Ӕмӕ Египетмӕ мӕ къух куы сисон, уӕд ӕй египетӕгтӕ базондзысты, ӕз Йегъовӕ кӕй дӕн+, ӕмӕ Израилы фыртты уырдыгӕй ракӕндзынӕн»+.

  • Рацыд 8:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Фараон ын загъта: «Райсом». Ӕмӕ йын Моисей дӕр дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ уыдзӕни, цӕмӕй йӕ базонай, нӕ Хуыцау Йегъовӕйы хуызӕн кӕй нӕй+.

  • 1 Самуилы 17:46
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 46 Абон дӕ Йегъовӕ ратдзӕн мӕ къухмӕ+, ӕмӕ дӕ ныммардзынӕн ӕмӕ дын дӕ сӕр акъуырдзынӕн. Абон ӕз филистимӕгты мӕрдтӕ ратдзынӕн уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ зӕххон сырдтӕн+, ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕм дӕр базондзысты, Израилы Хуыцау ӕцӕг Хуыцау кӕй у+.

  • 1 Паддзӕхты 20:28
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 28 Уӕд Израилы паддзахмӕ ӕрбацыд ӕцӕг Хуыцауы+ адӕймаг ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Сириӕгтӕ афтӕ кӕй загътой, Йегъовӕ хӕхты Хуыцау у, фӕлӕ быдырты Хуыцау нӕу, зӕгъгӕ, уый тыххӕй дын ацы бирӕ адӕмы дӕ къухмӕ ратдзынӕн+, ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“»+.

  • 2 Паддзӕхты 19:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Ӕмӕ дӕ ныр, о Йегъовӕ, нӕ Хуыцау+, курӕг стӕм, фервӕзын нӕ кӕн+ йӕ къухӕй, цӕмӕй зӕххыл ӕппӕт паддзахӕдтӕ дӕр зоной, ды кӕй дӕ иунӕг Хуыцау, о Йегъовӕ»+.

  • Йезекил 34:30
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 30 „Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз, Йегъовӕ, сӕ Хуыцау, семӕ кӕй дӕн+ ӕмӕ уыдон та, Израилы адӕм, мӕ адӕм кӕй сты“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын