Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 8:22
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 22 Уыцы бон ӕз афтӕ нӕ бакӕндзынӕн Гесемы зӕххӕн, мӕ адӕм кӕм цӕрынц, уыцы зӕххӕн – уым иу дзынга дӕр нӕ уыдзӕн+, цӕмӕй йӕ базонай, ӕз, Йегъовӕ, ацы зӕххыл кӕй дӕн+.

  • Рацыд 10:23
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 23 Адӕм кӕрӕдзи нал уыдтой, ӕмӕ сӕ ӕртӕ боны йӕ хӕдзарӕй ничи никуыдӕм ацыд. Израилы фырттӕ кӕм цардысты, уым та уыди рухс+.

  • Рацыд 11:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Израилы фырттыл та куыдз дӕр не срӕйдзӕн – нӕдӕр адӕмыл, нӕдӕр фосыл+, цӕмӕй йӕ базонат, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у Израилы фыртты египетӕгтӕй фӕхицӕн кӕнын“+.

  • Рацыд 12:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Кӕм уат, уыцы хӕдзӕрттыл та туг уыдзӕн нысанӕн. Ӕз туг фендзынӕн ӕмӕ уӕ рӕзты ацӕудзынӕн+, ӕмӕ Египет куы ’рцӕвон, уӕд уыцы бӕллӕх сымах нӕ баййафдзӕн.

  • Исай 65:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: «Мӕ лӕггадгӕнджытӕ хӕргӕ кӕндзысты+, сымах та ӕххормаг уыдзыстут+. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ дон нуаздзысты+, сымах та дойныйӕ мӕлдзыстут+. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ цин кӕндзысты+, сымахӕн та фырхудинагӕй уӕ цӕсгом судздзӕн+.

  • Малахи 3:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Ӕмӕ та уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстгӕнӕг ӕмӕ фыдгӕнӕг+, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын