Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 2 Паддзӕхты 14:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Израилы паддзах Иоас та Иудӕйы паддзах Амасимӕ дзуапп арвыста: «Ливаны сындзкъутӕр Ливаны кедрмӕ арвыста+, дӕ чызджы, дам, мын мӕ лӕппуйӕн ратт. Фӕлӕ Ливаны хъӕдӕй хъӕддаг сырд рацыд ӕмӕ сындзкъутӕр йӕ къӕхты бын ныссӕста+.

  • Исай 2:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Ливаны+ бӕрзонд ӕмӕ стыр кедртыл се ’ппӕтыл дӕр ӕмӕ Васаны+ пӕлӕхсар бӕлӕстӕй алкӕцыйыл дӕр,

  • Исай 37:24
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 24 Дӕ лӕггадгӕнджыты дзыхӕй Йегъовӕйӕ хынджылӕг кӕныс ӕмӕ дзурыс+:

      „Ӕз мӕ бирӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттимӕ+

      Ссӕудзынӕн бӕрзонд хӕхтӕм+,

      Бахӕццӕ уыдзынӕн Ливаны тӕккӕ дарддӕр бынӕттӕм+.

      Акалдзынӕн ын йӕ бӕрзонд кедртӕ, йӕ хуыздӕр ӕхсӕлыбӕлӕстӕ+.

      Ссӕудзынӕн йе ’ппӕты бӕрзонддӕр хохмӕ, йӕ диссаджы хъӕдмӕ+.

  • Йезекил 31:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Ды дӕ ассириаджы хуызӕн, Ливаны кедры хуызӕн+ – уымӕн уыди рӕсугъд къалиутӕ+, йӕ бирӕ къалиутӕй ӕмӕ бӕзджын сыфтӕрӕй аууон дардта, хӕрдмӕ фӕцыд+ ӕмӕ йӕ цъупп мигътыл ӕндзӕвыд+.

  • Амос 2:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 „Ӕз та уыдоны тыххӕй аморейты+, кедрбӕлӕстау бӕрзонд ӕмӕ стыр бӕлӕстау фидар адӕмы, ныццагътон+. Уӕлейӕ сыл дыргъ нӕ ныууагътон, бынӕй та – уидаг+.

  • Захари 11:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Ӕрдиаг кӕн, ӕхсӕлыбӕлас, уымӕн ӕмӕ кедрбӕлас афӕлдӕхт. Стыр бӕлӕстӕ фесӕфтысты!+ Ӕрдиаг кӕнут, Васаны пӕлӕхсар бӕлӕстӕ, уымӕн ӕмӕ тархъӕдӕй ницыуал баззад!+

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын