Тӕрхонгӕнджыты 14:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Уӕд Самсоныл Йегъовӕйы тых* ӕрцыд+, ӕмӕ домбайы сӕныккау акъабӕзтӕ кодта, афтӕмӕй та йӕ къухы ӕппындӕр ницы уыди. Ӕмӕ цы бакодта, уый нӕдӕр йӕ фыдӕн загъта, нӕдӕр йӕ мадӕн. 1 Самуилы 11:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Саул уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ыл Хуыцауы тых*+ ӕрцыд, ӕмӕ тынг смӕсты+. 1 Самуилы 16:13 Библи – Ног дунейы тӕлмац 13 Ӕмӕ уӕд Самуил сойы+ сыкъа райста ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты раз йӕ сӕрыл сой рауагъта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Давид хайджын уыд Йегъовӕйы тыхӕй*+. Уый фӕстӕ Самуил сыстад ӕмӕ фӕстӕмӕ Рамӕмӕ+ ацыд. Захари 4:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Ӕмӕ мын уӕд загъта: «Мӕнӕ цы зӕгъы Йегъовӕ Зоровавелӕн: „Нӕдӕр ӕфсады фӕрцы+, нӕдӕр хъаруйы фӕрцы+, фӕлӕ мӕ тыхы* фӕрцы+ ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕттӕ“,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ. 2 Коринфӕгтӕм 3:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Мах афтӕ нӕ зӕгъӕм, ӕмӕ нӕхи хъаруты фӕрцы бӕззӕм уыцы хъуыддагӕн+, фӕлӕ уыцы хъуыддагӕн Хуыцауы фӕрцы бӕззӕм+.
6 Уӕд Самсоныл Йегъовӕйы тых* ӕрцыд+, ӕмӕ домбайы сӕныккау акъабӕзтӕ кодта, афтӕмӕй та йӕ къухы ӕппындӕр ницы уыди. Ӕмӕ цы бакодта, уый нӕдӕр йӕ фыдӕн загъта, нӕдӕр йӕ мадӕн.
13 Ӕмӕ уӕд Самуил сойы+ сыкъа райста ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты раз йӕ сӕрыл сой рауагъта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Давид хайджын уыд Йегъовӕйы тыхӕй*+. Уый фӕстӕ Самуил сыстад ӕмӕ фӕстӕмӕ Рамӕмӕ+ ацыд.
6 Ӕмӕ мын уӕд загъта: «Мӕнӕ цы зӕгъы Йегъовӕ Зоровавелӕн: „Нӕдӕр ӕфсады фӕрцы+, нӕдӕр хъаруйы фӕрцы+, фӕлӕ мӕ тыхы* фӕрцы+ ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕттӕ“,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.
5 Мах афтӕ нӕ зӕгъӕм, ӕмӕ нӕхи хъаруты фӕрцы бӕззӕм уыцы хъуыддагӕн+, фӕлӕ уыцы хъуыддагӕн Хуыцауы фӕрцы бӕззӕм+.