Тӕрхонгӕнджыты 3:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Гофониилыл Йегъовӕйы тых*+ ӕрцыд, ӕмӕ сси Израилы тӕрхонгӕнӕг. Сирийы паддзах Хусарсафемимӕ куы схӕцыд, уӕд ын ӕй Йегъовӕ йӕ къухмӕ радта, ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз+. Тӕрхонгӕнджыты 6:34 Библи – Ног дунейы тӕлмац 34 Уӕд Гедеоныл Йегъовӕйы тых*+ ӕрцыд, ӕмӕ сыкъайӕ ныууасыд+ ӕмӕ Авиезеры+ байзӕддӕгтӕм фӕсидт, цӕмӕй йӕ фӕдыл рацӕуой. Тӕрхонгӕнджыты 11:29 Библи – Ног дунейы тӕлмац 29 Уӕд Йеффайыл Йегъовӕйы тых* ӕрцыд+, ӕмӕ Галаад ӕмӕ Манассийы зӕххытыл ахызт, стӕй Галаады+ Массифӕйыл, ӕмӕ уырдыгӕй Аммоны фырттӕм ацыд. Тӕрхонгӕнджыты 14:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Уӕд Самсоныл Йегъовӕйы тых* ӕрцыд+, ӕмӕ домбайы сӕныккау акъабӕзтӕ кодта, афтӕмӕй та йӕ къухы ӕппындӕр ницы уыди. Ӕмӕ цы бакодта, уый нӕдӕр йӕ фыдӕн загъта, нӕдӕр йӕ мадӕн. 1 Самуилы 10:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Уырдыгӕй ацыдысты къуыбырмӕ, ӕмӕ сыл фӕндагыл пехуымпартӕ фембӕлдысты. Ӕвиппайды Саулыл Хуыцауы тых ӕрцыд+, ӕмӕ уый дӕр се ’хсӕн пехуымпариуӕг кӕнын райдыдта+. 1 Самуилы 16:13 Библи – Ног дунейы тӕлмац 13 Ӕмӕ уӕд Самуил сойы+ сыкъа райста ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты раз йӕ сӕрыл сой рауагъта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Давид хайджын уыд Йегъовӕйы тыхӕй*+. Уый фӕстӕ Самуил сыстад ӕмӕ фӕстӕмӕ Рамӕмӕ+ ацыд.
10 Гофониилыл Йегъовӕйы тых*+ ӕрцыд, ӕмӕ сси Израилы тӕрхонгӕнӕг. Сирийы паддзах Хусарсафемимӕ куы схӕцыд, уӕд ын ӕй Йегъовӕ йӕ къухмӕ радта, ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз+.
34 Уӕд Гедеоныл Йегъовӕйы тых*+ ӕрцыд, ӕмӕ сыкъайӕ ныууасыд+ ӕмӕ Авиезеры+ байзӕддӕгтӕм фӕсидт, цӕмӕй йӕ фӕдыл рацӕуой.
29 Уӕд Йеффайыл Йегъовӕйы тых* ӕрцыд+, ӕмӕ Галаад ӕмӕ Манассийы зӕххытыл ахызт, стӕй Галаады+ Массифӕйыл, ӕмӕ уырдыгӕй Аммоны фырттӕм ацыд.
6 Уӕд Самсоныл Йегъовӕйы тых* ӕрцыд+, ӕмӕ домбайы сӕныккау акъабӕзтӕ кодта, афтӕмӕй та йӕ къухы ӕппындӕр ницы уыди. Ӕмӕ цы бакодта, уый нӕдӕр йӕ фыдӕн загъта, нӕдӕр йӕ мадӕн.
10 Уырдыгӕй ацыдысты къуыбырмӕ, ӕмӕ сыл фӕндагыл пехуымпартӕ фембӕлдысты. Ӕвиппайды Саулыл Хуыцауы тых ӕрцыд+, ӕмӕ уый дӕр се ’хсӕн пехуымпариуӕг кӕнын райдыдта+.
13 Ӕмӕ уӕд Самуил сойы+ сыкъа райста ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты раз йӕ сӕрыл сой рауагъта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Давид хайджын уыд Йегъовӕйы тыхӕй*+. Уый фӕстӕ Самуил сыстад ӕмӕ фӕстӕмӕ Рамӕмӕ+ ацыд.