-
Дыккаг закъон 8:20Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
20 Йегъовӕ уын уӕ разӕй кӕй суры ӕмӕ кӕй цӕгъды, уыцы адӕмтау фесӕфдзыстут, уымӕн ӕмӕ нӕ хъуыстат уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ+.
-
-
1 Паддзӕхты 14:15Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
15 Йегъовӕ Израилы ӕрцӕвдзӕн, ӕмӕ хъӕз доны куыд фӕдзой-дзой кӕны, уыдон дӕр афтӕ дзой-дзой кӕндзысты+. Сӕ фыдӕлтӕн сын цы хорз зӕхх радта+, уырдыгӕй сӕ бындзарӕй стондзӕн+ ӕмӕ, Стыр цӕугӕдоны*+ фалейӕ цы зӕххытӕ ис, уыцы зӕххытыл сӕ ныппырх кӕндзӕн+, сӕхицӕн цӕджындзтӕ кӕй скодтой ӕмӕ сын кӕй куывтой+ ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы кӕй ӕфхӕрдтой+, уый тыххӕй.
-
-
Нееми 9:17Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
17 Нӕ сӕ фӕндыд дӕумӕ хъусын+, ферох сӕ сты+, уыдоны тыххӕй кӕй сарӕзтай, уыцы диссӕгтӕ. Схивӕнд сты+ ӕмӕ сӕхицӕн хицау сӕвӕрдтой+, цӕмӕй фӕстӕмӕ Египетмӕ, цагъартӕ кӕм уыдысты, уырдӕм аздӕхтаиккой. Фӕлӕ ды хатыргӕнаг+, тӕригъӕдгӕнаг+ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау дӕ, ды мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕныс+, ӕгӕрон+ у де ’нувыд уарзт, ӕмӕ сӕ нӕ ныууагътай+.
-