Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Паддзӕхты 9:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Ӕмӕ ацы хӕдзар фестдзӕн хӕлддзӕгты цӕнд+. Ӕмӕ-иу йӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу ӕм дисгӕнгӕ кӕсдзӕн+, ныхситт-иу кӕндзӕн ӕмӕ-иу зӕгъдзӕн: „Йегъовӕ ацы бӕстӕйӕн ӕмӕ ацы хӕдзарӕн афтӕ цӕмӕн бакодта?“+

  • 2 Азфыстыты 36:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар басыгъта+ ӕмӕ Иерусалимӕн йӕ къул ныппырх кодта+. Стӕй йын йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ се ’ппӕт дӕр ӕмӕ дзы зынаргъ дзаумайӕ цыдӕриддӕр уыди, уыдон дӕр басыгътой+, гъемӕ горӕтӕй ницыуал ныууагътой+.

  • Псалом 74:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  3 Де ’ргом аздах ӕнусон хӕлддзӕгтӕм+.

      Знаг ницыуал ныууагъта сыгъдӕг бынаты+.

  • Псалом 79:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 79 О Хуыцау, адӕмтӕ дын дӕ бынтӕм бацыдысты+,

      Дӕ рухс кувӕндонӕй дын фӕхынджылӕг кодтой+,

      Иерусалимӕй дур дурыл нал ныууагътой+.

  • Исай 64:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Нӕ рухс ӕмӕ нӕ рӕсугъд хӕдзар+, нӕ фыдӕлтӕ дӕ кӕм кадджын кодтой+, уыцы хӕдзар, арты хай баци+, зынаргъ нын цы уыд+, уыдонӕй ницыуал баззад.

  • Йереми 7:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 уый тыххӕй ӕз, мӕ номӕй чи хуыйны+ ӕмӕ уӕ зӕрдӕ кӕуыл дарут+, уыцы хӕдзарӕн ӕмӕ, сымахӕн ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы бынатӕн бакӕндзынӕн, Силомӕн куыддӕриддӕр бакодтон, афтӕ+.

  • Йеремийы хъарӕг 1:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Цыдӕриддӕр ӕм зынаргъӕй уыди, уымӕ знаг йӕ къух ӕрбайвӕзта+.

      Федта, йӕ кувӕн бынатмӕ йын ӕндӕр адӕмтӕ куыд бацыдысты+,

      Кӕд ӕмӕ сын ды загътай, цӕмӕй дӕ адӕмы ’хсӕнмӕ ма цӕуой.

  • Йеремийы хъарӕг 2:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  7 Ныууагъта йӕ нывондхӕссӕн Йегъовӕ+. Йӕ кувӕндоныл йӕ къух систа+.

      Йӕ цӕрӕн мӕсгуыты къултӕ йын радта знаджы къухмӕ+.

      Йегъовӕйы хӕдзарӕй сӕ хъӕр цӕуы, цыма дзы бӕрӕгбон ис, уыйау+.

  • Михей 3:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Гъемӕ сымах тыххӕй Сион бахуым кӕндзысты, быдыр куыд бахуым кӕнынц, афтӕ, ӕмӕ Иерусалимӕй дур дурыл нал баззайдзӕн+, Хуыцауы хӕдзар цы хохыл ис, уый та схъӕд уыдзӕн.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын