2 Азфыстыты 36:17 Библи – Ног дунейы тӕлмац 17 Уӕд сын сӕ ныхмӕ ракодта халдейты паддзахы+, ӕмӕ сын уый се ’рыгон лӕппуты сӕ кувӕндоны+ мидӕг хъамайӕ амардта+. Ӕмӕ нӕдӕр ӕрыгон лӕппутыл бацауӕрста, нӕдӕр чызджытыл, нӕдӕр зӕрӕдтыл ӕмӕ нӕдӕр, йӕ бон кӕмӕн ницыуал уыд, ахӕм адӕмыл+. Хуыцау ын ӕппӕт дӕр йӕ къухмӕ радта. Псалом 74:7 Библи – Ног дунейы тӕлмац 7 Дӕ кувӕндон дын арты хай бакодтой+.Дӕ ном чи хӕссы, уыцы цатырӕй фӕхынджылӕг кодтой, зӕххы йӕ ныссӕстой+. Псалом 79:1 Библи – Ног дунейы тӕлмац 79 О Хуыцау, адӕмтӕ дын дӕ бынтӕм бацыдысты+,Дӕ рухс кувӕндонӕй дын фӕхынджылӕг кодтой+,Иерусалимӕй дур дурыл нал ныууагътой+. Исай 63:18 Библи – Ног дунейы тӕлмац 18 Дӕ сыгъдӕг адӕмӕн+ сӕ зӕхх сӕ къухы бирӕ нӕ фӕци. Не знӕгтӕ дын дӕ кувӕндон сӕ къӕхты бын ныссӕстой+. Исай 64:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Нӕ рухс ӕмӕ нӕ рӕсугъд хӕдзар+, нӕ фыдӕлтӕ дӕ кӕм кадджын кодтой+, уыцы хӕдзар, арты хай баци+, зынаргъ нын цы уыд+, уыдонӕй ницыуал баззад. Йереми 52:13 Библи – Ног дунейы тӕлмац 13 Ӕмӕ Навузардан басыгъта Йегъовӕйы хӕдзар+, паддзахы хӕдзар ӕмӕ, Иерусалимы цыдӕриддӕр хӕдзӕрттӕ уыд, уыдон+. Басыгъта кадджын лӕгты хӕдзӕрттӕ дӕр+. Йезекил 7:22 Библи – Ног дунейы тӕлмац 22 Ӕз сӕ мӕхи иннӕрдӕм азилдзынӕн+, ӕмӕ мын уыдон*, зынаргъ мын чи у, уыцы бынатӕй* фӕхынджылӕг кӕндзысты. Абырджытӕ йӕм бацӕудзысты ӕмӕ дзы фӕхынджылӕг кӕндзысты+.
17 Уӕд сын сӕ ныхмӕ ракодта халдейты паддзахы+, ӕмӕ сын уый се ’рыгон лӕппуты сӕ кувӕндоны+ мидӕг хъамайӕ амардта+. Ӕмӕ нӕдӕр ӕрыгон лӕппутыл бацауӕрста, нӕдӕр чызджытыл, нӕдӕр зӕрӕдтыл ӕмӕ нӕдӕр, йӕ бон кӕмӕн ницыуал уыд, ахӕм адӕмыл+. Хуыцау ын ӕппӕт дӕр йӕ къухмӕ радта.
7 Дӕ кувӕндон дын арты хай бакодтой+.Дӕ ном чи хӕссы, уыцы цатырӕй фӕхынджылӕг кодтой, зӕххы йӕ ныссӕстой+.
79 О Хуыцау, адӕмтӕ дын дӕ бынтӕм бацыдысты+,Дӕ рухс кувӕндонӕй дын фӕхынджылӕг кодтой+,Иерусалимӕй дур дурыл нал ныууагътой+.
18 Дӕ сыгъдӕг адӕмӕн+ сӕ зӕхх сӕ къухы бирӕ нӕ фӕци. Не знӕгтӕ дын дӕ кувӕндон сӕ къӕхты бын ныссӕстой+.
11 Нӕ рухс ӕмӕ нӕ рӕсугъд хӕдзар+, нӕ фыдӕлтӕ дӕ кӕм кадджын кодтой+, уыцы хӕдзар, арты хай баци+, зынаргъ нын цы уыд+, уыдонӕй ницыуал баззад.
13 Ӕмӕ Навузардан басыгъта Йегъовӕйы хӕдзар+, паддзахы хӕдзар ӕмӕ, Иерусалимы цыдӕриддӕр хӕдзӕрттӕ уыд, уыдон+. Басыгъта кадджын лӕгты хӕдзӕрттӕ дӕр+.
22 Ӕз сӕ мӕхи иннӕрдӕм азилдзынӕн+, ӕмӕ мын уыдон*, зынаргъ мын чи у, уыцы бынатӕй* фӕхынджылӕг кӕндзысты. Абырджытӕ йӕм бацӕудзысты ӕмӕ дзы фӕхынджылӕг кӕндзысты+.