Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Паддзӕхты 9:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Ӕмӕ ацы хӕдзар фестдзӕн хӕлддзӕгты цӕнд+. Ӕмӕ-иу йӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу ӕм дисгӕнгӕ кӕсдзӕн+, ныхситт-иу кӕндзӕн ӕмӕ-иу зӕгъдзӕн: „Йегъовӕ ацы бӕстӕйӕн ӕмӕ ацы хӕдзарӕн афтӕ цӕмӕн бакодта?“+

  • 2 Паддзӕхты 25:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Навузардан басыгъта Йегъовӕйы хӕдзар+, паддзахы хӕдзар+ ӕмӕ, Иерусалимы цыдӕриддӕр хӕдзӕрттӕ уыд, уыдон+. Басыгъта кадджын лӕгты хӕдзӕрттӕ дӕр+.

  • 2 Азфыстыты 7:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Ӕмӕ-иу ацы хӕдзары рӕзты, хӕлддзӕгты цӕнд+ чи фестад, уый рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу ӕм дисгӕнгӕ кӕсдзӕн+ ӕмӕ-иу зӕгъдзӕн: „Йегъовӕ ацы бӕстӕйӕн ӕмӕ ацы хӕдзарӕн афтӕ цӕмӕн бакодта?“+

  • 2 Азфыстыты 36:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар басыгъта+ ӕмӕ Иерусалимӕн йӕ къул ныппырх кодта+. Стӕй йын йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ се ’ппӕт дӕр ӕмӕ дзы зынаргъ дзаумайӕ цыдӕриддӕр уыди, уыдон дӕр басыгътой+, гъемӕ горӕтӕй ницыуал ныууагътой+.

  • Псалом 74:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  8 Уыдон сӕ байзӕддӕгтимӕ сӕхинымӕр ӕмхуызонӕй загътой:

      «Ацы зӕххыл Хуыцауӕн цыдӕриддӕр ӕмбырдгӕнӕн бынӕттӕ ис, уыдон арты хай бауыдзысты»+.

  • Псалом 79:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 79 О Хуыцау, адӕмтӕ дын дӕ бынтӕм бацыдысты+,

      Дӕ рухс кувӕндонӕй дын фӕхынджылӕг кодтой+,

      Иерусалимӕй дур дурыл нал ныууагътой+.

  • Йереми 26:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 «Иухатт Иудӕйы+ паддзах Езекийы рӕстӕджы морешефаг+ Михей+ пехуымпариуӕг кодта ӕмӕ ӕппӕт Иудӕйы адӕмӕн дзырдта: „Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Сион бахуым кӕндзысты, быдыр куыд бахуым кӕнынц, афтӕ+, ӕмӕ Иерусалимӕй дур дурыл нал баззайдзӕн+, Хуыцауы хӕдзар цы хохыл ис, уый та схъӕд уыдзӕн“+.

  • Йеремийы хъарӕг 2:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  7 Ныууагъта йӕ нывондхӕссӕн Йегъовӕ+. Йӕ кувӕндоныл йӕ къух систа+.

      Йӕ цӕрӕн мӕсгуыты къултӕ йын радта знаджы къухмӕ+.

      Йегъовӕйы хӕдзарӕй сӕ хъӕр цӕуы, цыма дзы бӕрӕгбон ис, уыйау+.

  • Йезекил 24:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 „Зӕгъ Израилы адӕмӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз хынджылӕггаг скӕндзынӕн мӕ кувӕндон+, тынг хъал кӕмӕй стут+, зынаргъ уын чи у+ ӕмӕ уӕ зӕрдӕ кӕуыл риссы, уый. Уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ та, кӕм цардыстут, уым чи баззад, уыдон, хъамайӕ фӕцагъды уыдзысты+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын