Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Левит 20:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Израилы фырттӕй ӕмӕ, Израилы ӕрцӕуӕггаг чи у, уыдонӕй исчи йӕ сывӕллоны Молохӕн+ куы снывонд кӕна, уӕд уыцы адӕймаджы хъӕуы амарын. Адӕм ӕй хъуамӕ дуртӕй амарой.

  • Дыккаг закъон 18:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Уе ’хсӕн хъуамӕ ма уа ахӕм адӕймаг, йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы арты чи басыгъта*+, дӕсны чи фӕрсы+, кӕлӕнтӕ чи кӕны+, нысӕнттӕ чи халы+,

  • 2 Паддзӕхты 23:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Енномы фыртты+ дӕлвӕзы Тофет+ дӕр фӕчъизи кодта, цӕмӕй кувынӕн мауал бӕззыдаид ӕмӕ уыцы ран йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы Молохӕн+ мачиуал басыгътаид*+.

  • 2 Азфыстыты 28:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Уый Енномы фырты дӕлвӕзы+ нывӕндты фӕздӕг уагъта+ ӕмӕ йӕ фыртты арты басыгъта*+ – Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ разӕй кӕй фӕсырдта+, уыцы адӕмты ӕлгъаг митӕ бафӕзмыдта+.

  • 2 Азфыстыты 33:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Енномы фырты дӕлвӕзы+ йӕ фыртты арты басыгъта*+, кӕлӕнтӕ кодта+, дӕсны фарста+, хинтӕ кодта+, стӕй сӕвӕрдта, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, ахӕм адӕймӕгты+ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты+. Манасси Йегъовӕйы цӕсты бирӕ ӕвзӕрдзинад арӕзта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕфхӕрдта+.

  • Псалом 106:37
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 37 Сӕ фыртты+ ӕмӕ сӕ чызджыты

      Нывондӕн хастой хӕйрӕджытӕн+.

  • Исай 57:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 стыр бӕлӕсты бын+, алы пӕлӕхсар бӕласы бын+, йӕ монцтӕ кӕмӕн ссудзынц, йӕ сывӕллӕтты дӕлвӕзты, къӕдзӕхты ’хсӕн, чи мары, уыдон?+

  • Йереми 7:31
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 31 Енномы фырты дӕлвӕзы+ чи ис, уыцы Тофеты сарӕзтой кувӕн бынӕттӕ*+, цӕмӕй сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты арты сыгътаиккой+. Афтӕмӕй та сын ӕз уый никуы бафӕдзӕхстон ӕмӕ ууыл хъуыды дӕр никуы акодтон“+.

  • Йезекил 16:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 «„Ды-иу райстай дӕ фыртты ӕмӕ дӕ чызджыты, кӕй мын ныййардтай, уыдоны+, ӕмӕ сӕ уыдонӕн нывондӕн хастай+. Ау, кӕй хӕтыс, уый дын фаг нӕу?

  • Йезекил 23:37
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 37 Уыдон хӕтыдысты+ ӕмӕ сӕ къухтӕ сты тугӕйдзаг+. Уыдон хӕтыдысты сӕ фаджыс-хуыцӕуттимӕ+. Стӕй ма сын, кӕй мын ныййардтой, уыцы фыртты дӕр хӕрын кодтой, арты сӕ сыгътой+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын