Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Азфыстыты 15:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Давид левитты хистӕртӕн загъта, зӕгъгӕ, уе ’фсымӕртӕн, зарӕггӕнджытӕн+, зӕгъут, цӕмӕй музыкалон инструменттимӕ+ – хъисфӕндыртимӕ+, дыууадӕстӕнон фӕндыртимӕ+ ӕмӕ ӕрхуы тӕбӕгътимӕ+ слӕууой ӕмӕ хъӕрӕй цӕгъдой, ӕмӕ цины зӕлтӕ дардмӕ хъуысой.

  • 1 Азфыстыты 16:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Уый фӕстӕ левиттӕй+ кӕйдӕрты Йегъовӕйы бадзырды чырыны раз сӕвӕрдта+, цӕмӕй адӕмӕн Израилы Хуыцау Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ сӕ зӕрдыл лӕууын кодтаиккой+, арфӕ йын кодтаиккой+ ӕмӕ йӕ кадджын кодтаиккой+.

  • 1 Азфыстыты 23:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Ӕмӕ левиттӕй ӕртын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, уыдонӕй алкӕй дӕр банымадтой+, ӕмӕ уыдысты ӕртын аст мины.

  • 1 Азфыстыты 25:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Уый фӕстӕ Давид ӕмӕ къордты+ хистӕртӕ+, дыууадӕстӕнон фӕндыртӕй+, хъисфӕндыртӕй+ ӕмӕ ӕрхуы тӕбӕгътӕй+ цӕгъдгӕйӕ пехуымпариуӕг чи кодта, уыцы Асафы, Еманы+ ӕмӕ Идифуны+ фырттӕй кӕйдӕрты рахицӕн кодтой лӕггад кӕнынӕн. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг бакодтой уыдоны бар.

  • 2 Азфыстыты 29:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Уӕдмӕ та Езеки левитты+ ӕрхуы тӕбӕгътимӕ+, хъисфӕндыртимӕ+ ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыртимӕ+ слӕууын кодта Йегъовӕйы хӕдзары раз – Давид+, стӕй Гад+, паддзахӕн цӕстылуайӕнтӕ уынӕг чи уыд, уый, ӕмӕ пехуымпар Нафан+ куыд бафӕдзӕхстой, уымӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ афтӕ бафӕдзӕхста Йегъовӕ йӕ пехуымпарты уылты+.

  • Ездрӕ 3:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Аразджытӕ Йегъовӕйы кувӕндонӕн бындур куы ӕрӕвӕрдтой+, уӕд сауджынтӕ рацыдысты сауджынты уӕлӕдарӕсы+ уадындзтимӕ+, Асафы фырттӕй+ чи уыд, уыцы левиттӕ та – ӕрхуы тӕбӕгътимӕ+, ӕмӕ слӕууыдысты, цӕмӕй Йегъовӕйы скадджын кодтаиккой, Израилы паддзах Давид куыд бафӕдзӕхста+, афтӕ.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын