Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 2 Азфыстыты 36:23
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 23 «Афтӕ зӕгъы Персы паддзах Кир+: „Зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдон уӕлӕрвты Хуыцау Йегъовӕ радта мӕнӕн+ ӕмӕ мын бахӕс кодта, цӕмӕй йын Иудӕйы зӕххыл Иерусалимы хӕдзар саразон+. Уӕдӕ, уе ’хсӕн йӕ адӕмӕй чи ис+, уыдонӕн сӕ Хуыцау Йегъовӕ семӕ уӕд+. Ӕмӕ уырдӕм ацӕуӕнт“»+.

  • Ездрӕ 1:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 1 Ацы хабар ӕрцыд, Персы паддзах Кир+ фыццаг аз куы уыд паддзах, уӕд. Йегъовӕ Йеремийы уылты цы загъта, уый цӕмӕй сӕххӕст уыдаид+, уый тыххӕй Йегъовӕ Киры сразӕнгард кодта+, ӕмӕ Кир уынаффӕ рахаста+, ныффыссын ӕй кодта+ ӕмӕ йӕ йӕ паддзахады алы ран дӕр фехъусын кодта:

  • Ездрӕ 6:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 «Паддзах Кир+ фыццаг аз куы уыд паддзах, уӕд, Хуыцауӕн Иерусалимы цы хӕдзар уыд, уый тыххӕй уынаффӕ рахаста: „Хӕдзар ногӕй саразӕнт, цӕмӕй дзы нывӕндтӕ хӕссой+. Йӕ бындур ын сфидар кӕнӕнт. Йӕ бӕрзӕнд хъуамӕ уа ӕхсай ӕлмӕрины*, йӕ уӕрх дӕр – ӕхсай ӕлмӕрины+.

  • Исай 44:28
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 28 Кирӕй+ зӕгъын: „Уый у мӕ фыййау, ӕмӕ мӕн цыдӕриддӕр фӕнды+ – иууылдӕр сӕ сӕххӕст кӕндзӕн“. Уый сӕххӕст кӕндзӕн, Иерусалимы тыххӕй кӕй загътон, уыцы ныхас дӕр: „Ногӕй арӕзт ӕрцӕудзӕн“; ӕмӕ кувӕндоны тыххӕй цы загътон, уый дӕр: „Дӕ бындур ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн“»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын