-
Левит 27:30Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
30 Зӕххыл цы зайы, уымӕй дӕсӕм хай+, хуымы тыллӕгӕй уа ӕви бӕласы дыргътӕй, у Йегъовӕйы. Уыдон сты табуйаг ӕмӕ сты Йегъовӕйы.
-
-
Нымӕцтӕ 18:21Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
21 Левийы фырттӕн сӕ лӕггады тыххӕй, ӕмбырды цатыры кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй, бынӕн дӕттын Израилы алы дӕсӕм+ хай дӕр.
-
-
Нымӕцтӕ 18:30Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
30 Зӕгъ сын: „Уыцы лӕвӕрттӕй, ӕппӕты хуыздӕр цы у+, уый мысайнагӕн куы дӕттат, уӕд дзы цы баззайа, уый та уыдзӕн сымах, левитты, найгӕнӕн мусӕй хор сымах куыд у, стӕй сӕндуцӕнӕй цы сӕн рацӕуы ӕмӕ сойлӕмарӕнӕй цы сой ракӕлы, уый куыд у сымах, афтӕ.
-